Туризмы райрæзты фарстатæ

0
815

Цæгат Ирыстоны туризмы къабаз райрæзын кæныны фарстатыл БИТАРТЫ Вячеслав æрныхас кодта Туризмы федералон агентады разамонæг Олег САФОНОВИМÆ. Фембæлды архайдта УФ-йы Президенты цур РЦИАланийы Æххæстбарджын минæвар — республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг ДЗАНАЙТЫ Барис.

Ныхасы рæстæг фæндон бахастæуыд, цæмæй туристон проект «Красный маршрут»-мæ бахæссой Дзæуджыхъæу дæр. Ацы проект баст у Владимир Ульянов-Ленины цард æмæ архайдимæ. Китайаг туристтæ сæ балцы рæстæг бабæрæг кæндзысты Ленины цард æмæ архайдимæ баст уæрæсейаг горæттæ, зонгæ кæндзысты нæ бæстæйы абоны культурæимæ дæр. Битарты Вячеслав куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстон æмæ Китайы Адæмон Республикæйæн рагон бастдзинæдтæ ис. Зæгъæм, китайаг бархионтæ архайдтой революцийы цауты рæстæг республикæйы, сæ номыл Дзæуджыхъæуы ис цыртдзæвæн дæр. «Красный маршрут»-ы архайæг адæмæн та республикæ цымыдисаг уыдзæн, Ленинæн йæ мæлæты фæстæ Советон Уæрæсейы фыццаг цыртдзæвæн Ирыстоны кæй сæвæрдтой, уый. Цæгат Ирыстон æмæ Китайы бастдзинæдтæ рапарахат кæныныл бæлвырд куыст цæуы. Китайы Туризмы паддзахадон управленийы специалисттæ хорзыл банымадтой «Красный маршрут»-мæ Цæгат Ирыстон бахæссыны фæндон. Фембæлды фæстæ Битарты Вячеслав куыд радзырдта, афтæмæй Туризмы федералон агентад архайдзæн, цæмæй стыр уæрæсейаг туристон компанитæ се ‘ргом республикæмæ раздахой. «Нæ сæйрагдæр нысан у туристон компаниты минæвæртты базонгæ кæнын Ирыстоны туризмы гæнæнтимæ. Ис нæм хорз фадæттæ, æмæ сæ æххæстæй спайда кæнын хъæуы», — загъта республикæйы разамонæг. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here