Дæ уды фарн нæ зæрдæты цæрдзæн

0
1144

Ирыстон. Фыдыуæзæг. Нæ ныййарæг. Дæ зæрдæ æнусты хъыгтæй бирæ зынтæ баййæфта. Фæлæ уыд, дæ зынты сахат дын ныфсæвæрæг чи басгуыхт, ахæм æхсарджын, нæртон гуырдтæ. Æмæ уыдонæй исчи цардæй куы фæхъæуы, уæд дæ зæрдæйы сæ адзал ныууадзы арф æмæ дудгæ хъæдгом. Оххай, йæ зæгъын дæр цæй зын у, стæй лæджы уырнгæ дæр нæ кæны, дæ цæрайæ чи цард, дæ хъыг йæ зæрдæйы уидæгтæм кæмæн хъардта,кæддæриддæр дын дæ хорздзинадмæ сыгъдæг удæй чи бæллыд, уыцы нæртон хъæбул, гражданин, поэт, литературæиртасæг, профессор ДЖЫККАЙТЫ Шамил æвирхъауæй нæ дзыллæйæ фæхъуыд.

Ныррызтысты нæ адæмы зæрдæтæ фыдохы уацæй. Ныддодой кодтой хæхтæ сæ маст æмæ судзаг хъарæгæй. Нал ис Иры намысджын фырт, лæгдзинады æмæ рæстдзинады пехуымпар. Адзалæй хызт ничи вæййы, фæлæ Шамилыл йæ дуне ахæм хуызы батар уыдзæн, уый æнхъæл чи уыд. Нæ уæзæг рагæй сси йæ зарæджы сæр. Фæлæ йын æй лæгхор бирæгътæ æрдæгыл æрбаскъуыдтой. Йе ‘взонджы бонты цы æмдзæвгæтæ фыста, уыдонæй сæ иуы зæгъы:
Хъæздыг дæн æз, æвидигæ— мæ бынтæ,
Сæ фарн мын радтой нартæ æмæ чынтæ.
Нæу уымæн тас зæххæнкъуыст æмæ хæстæй,
Нæу уымæн тас хæрам æмæ æлгъыстæй.
Фыдыуæзæг! Æз рантыстæн дæ зæххæй.
Мæ тырыса — дæ уарзт æмæ фыдæхæй.
Уый нæу зæххон — мæ риуы судзы артæй,
Нæй уымæн сæфт хъаймæтæй, кæнæ кардæй…
Фыдыбæстæ мын йе ‘взаджы хæзнатæ
Уæрсты боны кæстæры хайæн радта.
Йæ дзырдтæ мын — зæронд сæны быркуытæ,
Йæ зæлтæ мын — цыкурайы фæрдгуытæ.
Сæ зæлд мыдау куы фæтæдзы ныхасы,
Уæд фесты дур сыгъзæрин æмæ глази…
Ис ме ‘вæрæнты хъæзн æмæ налхъуыттæ:
Рæстдзинад æмæ а бæсты хъуыдытæ.

Ныр ма тыхсты сахат нæ адæмæн ныфсы фидар дзырд чи зæгъдзæн, мæнæ 1992 азы, хъулгъайы æрбабырсты заман, стæй Хуссар Ирыстоны тугкалæн цауты рæстæг, куыд уыд, афтæ. Беслæны 1-æм скъолайы фыдракæнды амæттæгтыл Шамил йæ зæрдæйы тæгтæй «Иры стыр хъарæг», зæгъгæ, цы уацмыс ныффыста, уым равдыста, уыцы фыдбылыз нæ дзыллæйы зæрдæ куыд скъахта, уый. Цалдæр æхсæвы хуыссæг нæ федта, уыцы сабиты, ахуыргæнджыты æмæ ныййарджыты тæригъæд цалынмæ поэтикон рæнхъыты нæ равдыста, уæдмæ. Ныр йæхæдæг хъарæггæнинаг фæци…
Шамил-иу арæх дзырдта, нæ адæмæн, зæгъы, иу фыдбылыз зонды хос никуы фæвæййы, æмæ иу бæллæх иннæйы фæдыл нæ сæр æййафы. Уый равдыста йæ радзырд «Бирæгътæ æмæ сагтæ»йы; уацтæ: » Нæ фехъуыстон мачи зæгъæд», » Нæ нысан — нæ фидæн бахъахъхъæнын», «Адæмы фарн бирæ у», «Слезы печали и радости»…
Нæ зæхх, нæ уæзæг поэт хуыдта æппæты зынаргъдæр хæзна. Йæ бахъахъхъæныныл дзырдта ныфсхастæй æмæ сæрибарæй. Ахæм ахаст нæ дарæгмæ домдта, бæрзонд бынæтты чи бадт, уыцы хицæуттæй. Аудыдта Ирыстоны дыууæ хайыл дæр. Лæггад сын кодта, йæ хъарутыл нæ ауæрдгæйæ. Фыдыуæзæгæн йæ зæрдæ æмæ зонд уыдысты гæнах æмæ уарт.
2003 азы каст фæдæн Дзæуджыхъæуы 1-æм астæуккаг скъола. Уыцы аз бацыдтæн ЦИПУ-йы ирон филологийы факультетмæ. Фæлæ Шамилимæ уымæй размæ базонгæ дæн. Цæвиттон, не скъолайы мæ ахуыры рæстæг-иу практикæйы уыдысты ирон филологийы факультеты студенттæ. Сæ цæст сæм-иу дардтой хайады ахуыргæндтæ. Фидæны ахуыргæнджыты урокты арæх уыд ирон литературæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Къадзаты Людмилæ (ныр кусы Дзæуджыхъæуы 27-æм астæуккаг скъолайы). Иуахæмы йын практиканттæй чидæр радзырдта, мæ тыхтæ литературон куысты кæй фæлварын, уый. Ууыл ахуыргæнæг тынг бацин кодта, æмæ мæ Шамилимæ базонгæ кæныны тыххæй факультетмæ акодта. Номдзыд поэт мын ме ‘мдзæвгæтæ бакаст, арфæ мын ракодта. Раст хи фыдау, узæлгæ хъæлæсы уагæй, мын дзырдта литературон-сфæлдыстадон куысты сусæгдзинæдты тыххæй. Бацамыдта мын æмдзæвгæйы бæрцбарæнтæ. Дæнцæгæн райста Александр Пушкины уацмыс «Зымæгон изæр». Уыцы рæстæг йæ цæсгомыл уыд æхсызгон мидбылхудт. Уыцы фембæлдæй фæстæмæ мæм йæ цæст дардта. Каст мæ фыст уацтæ æмæ æмдзæвгæтæ газет «Рæстдзинад»-ы. Куы мыл-иу фембæлд, уæд мын разæнгардгæнæн, ныфсæвæрæн ныхæстæ ма зæгъа, уый никуы уыд.
Ирон филологийы факультетмæ куы бацыдтæн, уæддæр мæм аудæг цæстæй каст. Университеты газет «Смена»-мæ кæнæ газет «Рæстдзинад»-мæ-иу исты æрмæг куы ныффыстон, уæд-иу æм рагацау Шамил æркаст, йæ фиппайнæгтæиу загъта æмæ-иу æй редакцимæ ахастон . Ахæм амындтытæ канд мæныл нæ, фæлæ, нæ факультеты студенттæй æмдзæвгæтæ, радзырдтæ фыссыны курдиат кæмæ уыд, уыцы фæсивæдыл дæр хорзæй зындысты. Номæй— номмæ сæ куы нымайон, уæд сты: Дойаты Луизæ, Гæгкуыты Зæлинæ, Æлборты Азæ, Джериаты Аланæ, Кочиты Томæ, Дзуццаты Зæлинæ…
Шамилы арфæйаг хъæппæрисæй литературон сфæлдыстады кафедрæ (ацы кафедрæ дæр йæ фæндæй байгом) æмæ ирон литературæйы кафедрæ уадзын райдыдтой журнал «Ныфс». Мыхуыр дзы кæнынц факультеты ахуыргæндты æмæ студентты наукон æмæ сфæлдыстадон æрмæджытæ. Уыд факультеты литературон иугонды разамонæг дæр.
Ахуыргондæн йæхи фыст уацтæ, чингуытæ куыд мидисджын, нуарджын ирон æвзагæй фыст уыдысты, афтæ йæ лекцитæ дæр — бæлвырд æмæ аив. Цы дæнцæгтæ-иу æрхаста, уыдоны фæрцы æрмæг æнцонтæй бахъуыды кодтаис. Хъыг макæмæн уæд, фæлæ уый хуызæн лектор нал уыдзæн. Куыд зондамонæг, афтæ зæрдæхæлар кæй уыд, уымæн ма иу хорз æвдисæн уый у, æмæ йæ лекцитæй алидзыны зонд нæ никуы никæмæ æрцыд. Уымæн æмæ йæ зыдтам, йæ раныхас баст уыдзæн канд предметимæ нæ, фæлæ царды ивгъуыды æмæ абоны цаутимæ. Шамилы зондамонæн ныхæстæ бирæ уыдысты. Уыдонæй мæ зæрдыл бадардтон мæнæ адон: æппæты æхсызгондæр фембæлд — фембæлд чиныгимæ; чи фæрсы, уый зоны; дæхицæй æвæрæздæр чи уа, уый макуы бафхæр — барæвдау æй… Цалынмæ нæ цæст æрттива, уæдмæ нын йæ фæдзæхстытæ фæндагамонæг уыдзысты царды. Хорз ма мæ зæрдыл лæууы, Шамилы радзырдты æмбырдгонд «Арт æмæ æртхутæг» мыхуыры куы рацыд, уæд ыл йæхæдæг, мах дæр куыд цин кодтам, уый. Дуканиты куыддæр фæзынд, афтæ йæ балхæдтам, æмæ нæ йæ алчидæр каст æхсызгонæй. Цымыдисæй ныхас кодтам радзырдты архайджытыл, сæ удыхъæды миниуджытыл. Уымæн æмæ дзы автор ирдæй æвдисы Ирыстоны цард, нæ адæмы удыхъæды хорз æмæ фыдуынд миниуджытæ. Кæрæдзийæн аргъ кæнын кæй нал зонæм, æхцайы кæрæф ныл кæй бафтыд, æдзæстуарзон кæй систæм, уый, куыд йæ иннæ уацмысты, афтæ ацы чиныджы дæр уыд йæ сагъæссаг дзуринаг. Нæ фыдæлтæй баззад æмбисонд: фендджын адæймаг хъал нæ вæййы. Ацы ныхæстæ æххæстæй хауынц Иры нæртон хъæбул Джыккайты Шамилмæ. Уый никуы бæллыд мулк æмæ бынæттæм. Йæ сæйрагдæр хъæздыгдзинад уыдысты йæ зонд æмæ йе стыр библиотекæ.
2008 азы каст фæдæн ирон филологийы факультет. Кусынмæ бацыдтæн Цæгат Ирыстоны паддзахадон радиомæ. Куыд уацхæссæг, афтæ Шамилæй цалдæр хатты райстон интервью дæр. Æмбалты Цоцкойы преми йын куы саккаг кодтой 2008 азы декабры, уæддæр мын фæци уыцы фадат. Номдзыд рухстауæг Цоцкойæн профессор стыр аргъ кæй кодта, уый зыны ацы рæнхъытæй: «Цоцко ирон адæмæн у фарны лæг. Нæ кад, нæ намыс. Мæнæн йæ преми райсын иуæй æхсызгон у, иннæмæй та бæрнон хъуыддаг у. Уымæн æмæ мах хæсджын стæм Цоцко æмæ уый хуызæн лæгты раз.Цоцко ирон фарн, йæ адæмы кад æмæ намыс бæрзонд æвæрдта, ууыл куыста.
Къоста йæ заманы æппæты тынгдæр аргъ кæмæн кодта, уыдонæй иу уыд Цоцко. Афтæмæй та уæд Цоцко уыд хæрзæрыгон адæймаг.Ахæм аргъ ын кодта Брытъиаты Елбыздыхъо дæр. Уый хуымæтæджы нæ уыдис. Миллер йæ ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуат куы арæзта, уæд агуырдта, ирон æвзаг бындурон æмæ æрдзон æгъдауыл чи зоны, ахæм лæгтæ. Æмæ уыдонæй фыццаг уыдис Цоцко.
Цоцко ирон тæлмац кæныны хъуыддагæн æрæвæрдта бындур. Уый, Ирыстоны цы хорздзинæдтæ цыдис, культурæ, аивад æмæ ахуырады, уым се ‘ппæты дæр ныууагъта рæсугъд, арф æмæ рухс фæд. Уый фыццаг хатт мæсыг схуыдта Зонды мæсыг. Уымæн æмæ ног дуг райдыдта, хæстыты заман фæцис. Цоцко афтæ хъуыды кодта. Ныр та ралæууыдис ахуырады рæстæг. Æмæ уыцы рæстæгæй мах хъуамæ пайда кæнын зонæм.
Мæнæ абон дæр нæ размæ стыр хæстæ ис. Æмæ нын Цоцко цы ныффæдзæхста, уыцы хъуыддæгтæ мах хъуамæ дарддæр хæццæ кæнæм. Æндæр хос нын нæй. Мах хъуамæ ахуыры бæрзæндтæм тырнæм хистæрæй-кæстæрæй. Мах хъуамæ Ирыстоны фарнæн кусæм. Уымæн æмæ махæн Ирыстон амондджын куы уа, уæд алы хæдзар дæр,алы бинонтæ дæр уыдзысты амондджын. Уымæн æмæ æнæ Ирыстон махæн цæрæн нæй. Цоцко йе ‘ппæт зонд снывонд кодта Ирыстонæн, ирон дзырды фарнæн, ирон аивадæн. Æмæ уыцы хъуыддæгтæ тыхджынæй-тыхджындæр куыд кæной Ирыстоны, дунейы фарн уый зæгъæд!»
Стыр ныхас макæмæ фæкæсæд, фæлæ цыма Къостайы, Цоцкойы æмæ Елбыздыхъойы бæллиццаг хъуыддæгтæ Джыккайты Шамилæй хуыздæр ничи хаста дарддæр фидæнмæ, афтæ мæм кæсы. Рухсаг у, нæ зынаргъ ахуыргæнæг…

ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here