Республикæйы Сæргълæууæджы арфæтæ, хорзæхтæ

0
799

7 мартъийы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав раарфæ кодта нæ республикæйы сылгоймæгтæн æмæ Хицауады хæдзары, йæ куысты бæрнондзинад æмæ стыр æнтыстытæ чи равдыста, уыцы сылгоймæгты схорзæхджын кодта кадджын нæмттæ æмæ Кады грамотæтæй.

— Нæ Иры сылгоймæгтæ, сымахыл æнцой кæнынц нæ царды бирæ хъуыддæгтæ, — загъта Битарты Вячеслав. — Уæхимæ райсут бæрнон хæстæ æмæ сæ кадимæ æххæст кæнут, нæ Ирыстоны рæсугъд фидæныл хъуыды кæнгæйæ. Бузныг уæ фыдæбонæн. Алчидæр уæ йæ уарзон бинонтимæ æнæниз æмæ амондджынæй цæрæд. Ныййарæджы амондæй хайджын уæд алы сылгоймаг дæр. Æнæниздзинад хъахъхъæныны къабазы стыр æнтыстытæ равдисыны тыххæй «РЦИ-Аланийы сгуыхт дохтыр»-ы ном лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы сывæллæтты хирургийы кафедрæйы доцент Лолаты Бэлæйæн. » РЦИ Аланийы Æрдзхъахъхъæнæджы сгуыхт кусæджы ном» райста Дыгуры хъæды хæдзарады эксперт Езеты Светланæ. «РЦИ-Аланийы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады сгуыхт кусæджы ном» — Дзæуджыхъæуы донуадзæнты контролер Цæллагты Людмилæ. «РЦИ-Аланийы Хъæбатыр мады ном»-æй хорзæхджынгонд æрцыд бирæсывæллонджын мад Кæркуысты Симæ. Ис ын дæс сывæллоны. «РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæджы ном» лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны педагогон институты аивадон æмæ музыкалон ахуырады кафедрæйы доцент Мамыкъаты Людмилæ æмæ Æрыдоны сывæллæтты аивадон скъолайы адæмон уадынгæрзтыл цæгъдыныл ахуыргæнæг Нартыхъты Индирæ. «РЦИ-Аланийы базарады сгуыхт кусæджы ном» лæвæрд æрцыд 22-æм скъолайы хæрæндоны сæргълæууæг Валентинæ Трохимецæн. «РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæджы ном»-æй хорзæхджынгонд æрцыдысты гом акционерон æхсæнад «Михайловск»-ы маргъы куыстгæнæг Бериты Зарæ æмæ кооператив «Горянка»-йы хъугдуцæг Къодзаты Зæлинæ. «РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргæнæджы ном»-æй хорзæхджынгонд æрцыдысты Сунжæйы райдайæн кълæсты ахуыргæнæг Хъайтыхъты Лидæ, Дзæуджыхъæуы 28-æм скъолайы райдайæн кълæсты ахуыргæнæг Аннæ Титова, ахуырады ветеран Тæбæхсæуты Кларæ æмæ Дзæуджыхъæуы 50-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы ахуыргæнæг Хæмыцаты Фузæ. Ахуырады сгуыхтдзинæдтæ равдисыны тыххæй «Ахуырады сгуыхт кусæджы ном»-æй хорзæхджынгонд æрцыдысты 28-æм скъолайы директоры хæдивæг Хъайтмæзты Эльмирæ æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты уырыссаг филологийы кафедрæйы доцент Тотиты Антонинæ. РЦИ-Аланийы Финансты министрады кусджытæй РЦИ-Аланийы Кады грамотæтæ лæвæрд æрцыдысты министры хæдивджытæ Оксанæ Карова æмæ Хуырымты Иринæйæн, хайадты сæргълæуджытæ Байаты Людмилæйæн, Гæззаты Иринæйæн, Токаты Людмилæйæн æмæ сæйраг бухгалтерийы хайады сæргълæууæджы хæдивæг Цæголты Иринæйæн. Кады грамотæтæй республикæйы Сæргълæууæг схорзæхджын кодта РЦИАланийы æвзæрстыты центрон къамисы организацион-методикон хайады разамонæг Каринэ Арзумяны, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Администрацийы æмæ республикæйы Хицауады бирæ азты хъазуатон куысты тыххæй Галустян Галинæйы, æхсæнадон организаци «РЦИ-Аланийы Сылгоймæгтæ совет»-ы уæнг Магкоты Раисæйы.

ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here