Огъуаты Алан — ЦИПУ-йы ректор

0
605

Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ректорæй равзæрстой ОГЪУАТЫ Аланы. Ректоры æвзæрстытæ цыдысты 11 апрелы ЦИПУ-йы коллективы уæнгты конференцийы. Уый тыххæй фехъусын кодта университеты пресс-службæ

Конференцийы архайæг 106 делегатæй 101 схъæлæс кодтой Огъуайы-фырты кандидатурæйыл. Ныр УФ-йы Ахуырад æмæ наукæйы министрады Огъуаты Аланимæ бафысдзысты фæллойадон бадзырд фондз азы æмгъуыдмæ.

Раздæр УФ-йы Ахуырад æмæ наукæйы министрады аттестацион къамис ректоры бынатмæ æвзæрстытæм снысан кодта дыууæ кандидатурæйы — ЦИПУ-йы ректоры хæстæ æххæстгæнæг Огъуаты Алан æмæ ЦИПУ-йы наукон фарстаты фæдыл проректор, историон наукæты доктор Туаты Бертæйы. Уыцы-иу рæстæг университеты структурон дæлхайæдты та æвзæрст æрцыдысты, ректоры кæм æвзæрстой, уыцы конференцийы делегаттæ. Æвзæрстыты бæрæггæнæнтæ куы фехъусын кодтой, уæд Огъуаты Алан се ‘ууæнчы тыххæй бузныг загъта æмбырды архайджытæн, университеты æппæт коллективæн дæр æмæ зæрдæ бавæрдта, йе ‘ппæт зонындзинæдтæ æмæ хъарутæ университет хъомысджындæр кæнынмæ кæй сараздзæн, уымæй. «Университеты райрæзты хъуыддаджы нæ размæ бирæ хæстæ ис. Ахуырад æмæ наукæйы федералон министрад æмæ республикæйы разамынды æххуысæй уыцы нысантæ къухы кæй бафтдзысты, уымæй мæ ныфс ис»,— йæ раныхасы фæбæрæг кодта Огъуайы-фырт.

Цæгат Ирыстоны разамонæджы номæй ног æвзæрст ректорæн арфæ ракодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады Администрацийы разамонæг Челæхсаты Рустем. Йæ ныхасмæ гæсгæ, Огъуаты Аланмæ ис наукон, ахуырадон æмæ административон куысты хорз фæлтæрддзинад. Уыцы æууæл ахъаз уыдзæн университеты дарддæры райрæзтæн, йæ коллективы æнтыстджындæр архайдæн. Огъуаты Алан йæ рæстæджы каст фæци ЦИПУ-йы экономикон факультет, 2002 азы бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци, 2010 азы та — докторон диссертаци. 2008 азы каст фæци УФ-йы Хицауады цур Финансон академи. 2004 азæй фæстæмæ уыд ЦИПУ-йы хистæр ахуыргæнæг, кафедрæйы доцент æмæ профессор, 2009 азæй фæстæмæ — университеты проректор. 2008 азы йæ равзæрстой РЦИ-Аланийы Парламенты депутатæй. 2011 азæй фæстæмæ — РЦИ Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр. 2015 азы октябры нысангонд æрцыд республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæгæй. 2016 азы июлæй фæстæмæ æххæст кодта ЦИПУ-йы ректоры хæстæ.

Нæ уацхæссæг

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here