Знон Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ЮНЕСКО-йы æмбырдтæгæнæн залы уыд æрыгон журналистты 2-аг республикон форум «Алания Медия-2017». Уый арæзт æрцæуы РЦИ-Аланийы Мыхуыры æмæ дзыллон бастдзинæдты комитеты, РЦИ-Аланийы Фæсивæды хъуыддæгты комитеты, РЦИ-Аланийы Журналисттты цæдисы æмæ ЦИПУ-йы журналистикæйы факультеты хъæппæрисæй. Йæ нысан у нæ республикæйы æрыгон журналистты æрбангом кæнын æмæ сын куысты иумæйаг тыгъдад саразын, кæрæдзи куысты сусæгдзинæдтимæ сæ зонгæ кæнын, æрыгон журналистты профессионалон зонындзинæдтæ фылдæр кæнын.
Форумы куысты архайдтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, ЦИПУ-йы президент, историон наукæты доктор, профессор, академик Мæхæмæтты Ахуырбег, телеканал «Уæрæсе-24»-ы амонæг, зындгонд журналист Дмитрий Щугорев, телеканал «Уæрæсе абон»-ы сæйраг редакторы уынаффæгæнæг Алексей Соломатин, Уæрæсейы Æхсæнад иртасджыты ассоциацийы разамонæг, Уæрæсейы Федерацийы Журналистты цæдисы премийы лауреат, профессор Геннадий Бордюгов, зындгонд журналист, историон наукæты кандидат Цæголты Олег. Форум байгом кæныны размæ университеты сæйраг бæстыхайы фойейы арæзт æрцыд фотокорреспондент Фæрниаты Къостайы ист къамты равдыст. Автор сæ алывæрсыгæй æвдисы республикæйы цардархайды алы къабæзты рæзт. Форумы пленарон æмбырды раныхас кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. — Арфæ кæнын форумы архайджытæн æмæ уазджытæн, —загъта Вячеслав. — Афтæ æмхъаруйæ кусдзыстæм Цæгат Кавказы регионты райрæзтыл. Ацы форум ахсджиаг у республикæйы национ телеуынынад саразыны хъуыддаджы. Дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæ хъуамæ се ‘рмæджыты дзурой царды рæстдзинадыл. Афтæ куы уа, уæд махæн дæр æнцондæр кусæн уыдзæн. Нæ республикæйы цæры бирæ адæмыхæттытæ, æмæ се ‘хсæн хæлардзинады тæгтæ хъуамæ фидардæр кæной дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджыты фæрцы дæр. Битарты Вячеслав форумы уазджытæн балæвар кодта Нарты кадджыты чингуытæ. Мæхæмæтты Ахуырбег та йæ раныхасы загъта: «Æз дæн нæ бæстæйы Журналистты цæдисы рагондæр уæнг. Сымах, æрыгон журналисттæ, стут рæстæгимæ æмдзугæнджытæ, курдиатджын фæлтæр æмæ мын уый у æхсызгон. Мæ хъæппæрисæй 25 азы размæ нæ университеты журналистикæйы факультет кæй байгом, æмæ абон йæ раздæры студенттæ канд нæ республикæйы нæ, фæлæ Уæрæсейы Федерацийы дзыллон хабархæссæг фæрæзты æнтыстджынæй кæй кусынц, уый мæ зæрдæйы гуырын кæны æхсызгон æмæ сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ. Бузныг зæгъын форум саразджытæн æмæ уазджытæн. Мæ цæст уын уарзы æнтыстытæ æмæ уæлахизтæ”. Форумы архайдтой фæсивæдон организациты минæвæрттæ канд Цæгат Ирыстонæй нæ, фæлæ ма Дагестаны, Цæцæны, Мæхъæлы республикæтæй æмæ Стъараполы крайæ. Сæрмагондæй ацы форуммæ чысыл киноныв æрыгон журналистты фыццаг форумы тыххæй бацæттæ кодтой æмæ равдыстой ПТРК «Алани»-йы æрыгон, фæлæ курдиатджын уацхæсджытæ Дзуццаты Мæдинæ æмæ Владæ Мамедова. Форумы иумæйаг æмбырды фæстæ æрыгон журналисттæн сæ дæсныйады фæлтæрддзинад æмæ журналистикæйы сфæлдыстадон куысты сусæгдзинæдтæ, нырыккон æхсæнады журналист царды рæстдзинад куыд хъуамæ æвдиса, уыцы ахсджиаг фарстатæ раргом кодтой зындгонд журналисттæ Цæголты Олег (мастер-класс «Журналистикæйы рæзт нырыккон æхсæнады уавæрты»), Алексей Соломатин (мастер-класс «Журналистикæ — терроры ныхмæ»), Геннадий Бордюгов (мастеркласс «Нырыккон информацион хæстытæ»). Фæлтæрдджын журналистты лекцитæм фæсивæд хъуыстой цымыдисæй, цы фæрстытæ сæм æвзæрд, уыдонæн та-иу райстой арф æмæ алывæрсыг дзуаппытæ. Лекциты ма ныхас цыд журналистикæйы фельетоны жанр раздахыныл, стæй фæллойгæнджыты архайд æмæ цард æппæтвæрсыгæй дзыллон хабархæссæг фæрæзты æвдисыныл.
ГАСАНТЫ Валерии