Уæвæн ис, æмæ автомобилон корпораци «КАМАЗ»-ы æххуысæй Цæгат Ирыстоны æфсæддон-промышленнон комплексы заводты иуы бындурыл фæзындзæн индустриалон парк æмæ цалцæггæнæн куыстуат. Ацы хъуыддагыл ныхас цыд нæ республикæмæ Тæтæры делегацийы балцы рæстæг.
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны кусæг балцы уыдысты Тæтæры акционерон æхсæнад «Мастер»-ы генералон директор Максим Стеблов æмæ æхсæнады директор коммерцион архайдæй Марсель Нурлыгаянов. Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ уазджытæ бабæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы куыстуæттæ «Кристалл», «ТОПАЗ-2», «Полигонты æмæ ахуырадон ифтонггæрзтæгæнæн завод-73», «Электрокомплекс», стæй «Электрон цырæгътæгæнæн завод».
Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы азы 11-12 апрелы РЦИ-Аланийы Экономикон рæзты министрады делегаци бабæрæг кодта Тæтæры горæт Набережные Челныйы æрбынæттон уæвæг егъау автомобилон корпораци КАМАЗ. Ацы хъуыддагыл ирыстойнæгтæ æмæ тæтæйрæгтæ баныхас кодтой «Сочи-2017» уæрæсейаг инвестицион форумы.














