Сертификаттæ — бирæсывæллонджын мадæлтæн

0
477

«Фыццаджыдæр уын бузныг зæгъын, нæ республикæйы цæрджыты нымæцыл афтæ ахадгæ кæй бафтыдтат, уый тыххæй. Иу сывæллон схæссын дæр зын у, уæд æртæ сабимæ зилын, рæвдауын цас тыхтæ домы?! Раст зæгъгæйæ, тынг-иу æфсæрмы кодтон, Æгъуызарты Анжелæ-иу мæм ацы сертификаты тыххæй курæг куы ‘рбацыдис, уæд. 1999 азы республикæйы закъонæй, æртæ æмæ фылдæр сывæллæттæ уыцы-иу рæстæг кæмæн райгуырдис, уыцы бинонтæн хъуамæ лæвæрд цыдаид æхцайы сертификат цæрæнуæттæ балхæнынæн. Фæлæ цæмæдæр гæсгæ, æхца радих кæныны Уагæвæрд фидаргонд не ‘рцыд æмæ закъон нæ куыста», — знон РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав æхсызгонæй сæмбæлд бирæсывæллонджын мадæлтимæ.

Республикæйы сæргълæууæг куыд бамбарын кодта, афтæмæй Хицауады размæ сæвæрдта хæс, æмæ 2016 азы апрелы уыдон сфидар кодтой компенсаци радих кæныны Уагæвæрд. Уыцы-иу рæстæг, æртæ æмæ фылдæр сывæллоны кæмæн райгуырд, уыдонæн ис социалон зæрдæдарæнтæ. Зæгъæм, цæрæнуæттæ балхæныны сертификатмæ гæсгæ алы ноггуырдмæ дæр хауы 18 квадратон метры. Уæрæсейы цæрæнуаты иу квадратон метры аргъ у 29 792 сомы. Афтæмæй сертификаты æхцайы бæрц у 1 милуан æмæ 608 мин сомы. Битарты Вячеслав загъта, абон æхсызгон хæс кæй æххæст кæны. «Ацы сертификаты фæрцы уæ бон бауыдзæн уæ хъæбулты хъомыл кæнын. Уырны мæ, иннæ ахæм фæкæсинаг бирæсывæллонджын бинонтæ дæр хъуыдыгонд цæудзысты. Ис ма æндæр зындзинæдтæ дæр, гражданты бирæ категоритæм хауынц льготæтæ, закъонтæ ист æрцыдысты, фæлæ финансон æгъдауæй фидаргонд кæй нæ разынынц, уымæ гæсгæ нæ кусынц. Фæлæ æппæт тыхтæй архайæм, цæмæй экономикон уавæр фæхъомысджындæр уа, æмæ уæд уыцы æххуысхъуаг адæммæ дæр не ‘ргом аздахдзыстæм», — зæрдæ бавæрдта республикæйы Сæргълæууæг. Уый фæстæ арфæтимæ сертификаттæ радта Æгъуызарты Анжелæйæн, Айдарты Еленæйæн, Дали Бабуцидзейæн, Тыбылты Иринæйæн æмæ Маринæ Царюкæн. Айдарты Еленæ нын куыд загъта, афтæмæй йæ уырнгæ дæр нæ кæны, ахæм диссаджы лæвар сæм æрхаудис, уый. «Стыр бузныг Битарты Вячеславæн, республикæйы Хицауадæн, ахæм ахъаззаг хъуыддаджы кæй бацыдысты, сæхимæ стыр бæрнондзинад кæй райстой, уый тыххæй», — загъта Айдарты Еленæ.

БУТАТЫ Эльзæ Къам систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here