«Ныртæккæ архайæм, цæмæй районты газеттимæ нæ æмгуыстад фæахадгæдæр уа. Æвзæрстам сын сæ материалон-техникон уавæр, куыд рабæрæг, афтæмæй у лæмæгъ. Уымæ гæсгæ Æрыдоны, Дыгуры, Рахизфарсы районты редакцитæн дæттæм ноутбуктæ, уыдоны фæрцы уацхæсджыты куыст фенцондæр уыдзæн», — знон РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады администрацийы разамонæг ЧЕЛÆХСАТЫ Рустем Хицауады æмбырды æрныхас кодта цалдæр фарстайыл.
Æмбырд амыдта Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз. Паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министры хæдивæгæй фидаргонд æрцыд Кадиты Мурат Константины фырт. Ныхас бацахста Дзæуджыхъæуы «Алайнаг гимназ» скæныны фарста. Уый тыххæй радзырдта ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг Людмилæ Башарина. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй скъола-интернат конд æрцæудзæн Дзæуджыхъæуы 1-æм скъолайы бындурыл. Йæ хъомыс кæд 500 ахуырдзауы фаг у, уæддæр дзы 150 сывæллонæй фылдæр никуы ахуыр кодта. «Цæмæдæр гæсгæ ацы скъоламæ сæ цоты ахуырмæ раттын бирæты нæ фæфæнды, мадзæлттæ дæр конд цыдис, фæлæ дзы афтæ дæр 150 сывæллонæй фылдæр никуы уыдис. Бæстыхайæн йæ иу æмбисы ахуыр кæндзысты 1-æм скъолайы сывæллæттæ, иннæ хаймæ базилдзысты, бындуронæй йæ сцалцæг кæндзысты æмæ дзы фадæттæ скæндзысты «Алайнаг гимназ»-æн, — загъта Людмилæ Башарина. Йæ хатдзæгтæм гæсгæ уал дыууæ къласы фаг сывæллæттæ райсдзысты, иннæ аз ма сыл бафтдзæн ноджыдæр дыууæ къласы. «Алайнаг гимназ»-ы æппæт уавæртæ дæр арæзт æрцæудзæн, цæмæй сывæллæттæ ирон æвзаг, национ культурæ, аивад, литературæ базоной. Ирон æвзагæй уæлдай ма ахуыр кæндзысты англисаг дæр, бирæ хъуыддæгтæ конд цæудзæн уæлæмхасæн ахуырады фæлгæты. Иумæйаг ахуырадон программæйæ иуварс нæ ахиздзысты. Æмбырды архайджыты фæндыдис базонын, сывæллæттæ цавæр ахуыргæнæн чингуыты фæрцы исдзысты зонындзинæдтæ, ныридæгæн цавæр цæттæгæнæн куыст бачындæуыд æмæ æндæр хъуыддæгтæ. Куыд райхъуыстис, афтæмæй Ирыстоны фысджытæ, æвзагзонджытæ, ахуыргæнджытæ бирæ хæттыты рæгъмæ рахастой ирон æвзаг ахуыргæнæн чингуытæ стыр аипдзинæдтимæ кæй сты, уыцы хъуыддаг. Тускъаты Таймураз бафæдзæхста министрады кусджытæн, цæмæй æппæт уыцы хъуыддæгтæ хынцгонд æрцæуой. Дарддæр æмбырдмæ рахастой республикæйы инвестицион уавæр фæхуыздæр кæнынимæ баст фарстатæ. Экономикон рæзты министры хæдивæг Цориты Алетæ куыд бамбарын кодта, афтæмæй нæ республикæ дæр архайдта федералон конкурсы, чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомадæн æххуысы паддзахадон программæтæ йæ домæнтæн дзуапп кæй лæвæрдтой, уымæ гæсгæ нын радих кодтой æдæппæтæй 217 милуан сомы. «Уыцы æхца лæвæрд æрцæудзысты нæ республикæйы Инвестицион рæзты корпорацийæн. Ныртæккæ нæ инвестицион уавæрмæ гæсгæ Уæрæсейы 85 регионы æхсæн стæм 71-æм бынаты. 2016 азы инвестицион уавæрæн нырма аргъгонд нæма æрцыд, мæнмæ гæсгæ нæм ивддзинæдтæ цæуы. Сæйрагдæр у, амалхъомады размæ цы цæлхдуртæ ис, уыдон айсын», — загъта Цориты Алетæ. Куыд радзырдта, афтæмæй ис сæрмагонд бæрæггæнæнтæ æмæ инвестор хъуыддаджы балæууыны агъоммæ æркæсы уыдонмæ. Зæгъæм, арæзтад райдайынæн разыйы дзуапп райсынмæ Ирыстоны æнхъæлмæ кæсын хъæуы 60 боны кæнæ фылдæр. Иннæ регионты уыцы æмгъуыдтæ сты хæрзцыбыр, уыдæттæ хорзæрдæм зынынц сæ хъуыддæгтыл. Æмбырды байхъуыстой промышленность æмæ транспорты министр Хайдарбек Бутовмæ. Уый æрдзырдта, бæлццæттæ ласыны хъуыддаджы рæхджы цы ивддзинæдтæ æрцæудзæн, уыдоныл. Дзæуджыхъæуы æхсæз маршрутæн конд æрцæудзæн конкурс, бæлццæттæ ласыны тыххæй лицензийы цы домæнтæ фыст ис, хъуамæ уыдонæн конкурсы архайæг æххæстæй дзуапп дæтта. Æрæфы районы финанстæ банывыл кæныны тыххæй æмбырды раныхас кодта финансты министры фыццаг хæдивæг Зæгъойты Алан. Æмбырды ма æркастысты æмæ равзæрстой æндæр ахсджиаг хъуыддæгтæ дæр. БУТАТЫ Эльзæ














