Кæд горæтаг хæдзар у, уæддæр йæ къæсæрæй куыддæр бахизай, афтæ йын банкъардзынæ йæ ирондзинад. Рауайдзæн дæм уæздан, ныллæггомау сылгоймаг, йæ разыл куатæ баст, афтæмæй. Мидбылхудгæйæ дыл, цыма дæм тынг рагæй æнхъæлмæ каст, афтæ сæмбæлдзæн. Йæ цинæн нал уыдзæн кæрон. Ницы хуызы дæ бауадздзæн дæ дзабыртæ раласын. Ирон хæдзары афтæ не ‘мбæлы, зæгъгæ. Уайтагъд дæ мидæмæ, уатмæ бахизын кæндзæн…
Уаты дуарæй бахызтæ. Галиуæрдыгæй бады асæй — ныллæг, йæ кадæй — бæрзонд, зондæй — куырыхон, урссæр лæг. Кæд йæ къæхты хъару рæстæгмæ гыццыл фæцудыдта, азтæ йыл сæ уæз æруагътой, уæддæр йæ арф зонындзинæдтæ сты йæхимæ. Уымæ гæсгæ йæ алыварс ныллæг бандæттыл — алыхуызон газеттæй ралыггонд æрмæджытæ, чингуытæ, сыгъдæг гæххæтты сыфтæ, фыссæнгæрзтæ…Дзæбæх нын у, нæхи Нафи!!! Ахæм ныхæстимæ ивгъуыд сабаты РЦИ-Аланийы Фæсивæдон парламенты сæрдар Гаглойты Азæмæт æмæ йе ‘мцег чызджытæ æмæ лæппутæ Цориты Алан, Хосроты Руслан, Плиты Сабинæ, Владлен Земляной, Тæтæраты Тамерлан бабæрæг кодтой айдагъ Уæрæсейы нæ, фæлæ фæсарæнты дæр кæй зонынц, Ирыстоны Цæгатæй Хуссармæ стыр кад кæмæн ис, æппæтæн уарзон чи у, уый — Джусойты Нафийы. Æмæ йын æхсызгон та куыд нæ уыд, уыйбæрц фæсивæд йæ уæлхъус куы алæууыдысты, уæд. Уайтагъд йæ хо Клавæмæ фæдзырдта, цæмæй сын бандæттæ æрывæра. Фæсивæд æрбадтысты сæ уарзон хистæры алфамбылай. Стыр цымыдисæй хъуыстой Нафимæ, йæ царды хабæрттæм. Уый фæстæ та сын мидбылхудгæйæ скодта гыццыл фæлварæн. Алкæмæ дæр сæ лæвæрдта фæрстытæ æмæ-иу, дзуапп раттын кæй бон нæ уыд, уымæн-иу афæдзæхста, цæмæй фылдæр фæрса, фæрсын та худинаг нæу, зæгъгæ. Ацы бон ма Нафийы бабæрæг кодтой зындгонд поэт, тæлмацгæнæг Плиты Грисы фырты чызг Светланæ æмæ йæ цардæмбал Зассеты Сослан. Светæйæн Нафи радзырдта, йæ мады йын Плитæм чындзы куыд æрхуыдтой, уый. — Æз Нафийы тыххæй хъусгæ фæкодтон тынг бирæ, Интернеты тыгъдады йын кастæн йæ публицистикон æрмæджытæ, ис мæм йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд æмæ æндæр чингуытæ. Фæлæ мæ бæллиц уыдис йемæ лæгæй-лæгмæ базонгæ уæвын. Æмæ абон — сæххæст. Чи зоны, æмæ искæмæ мæ ныхæстæ худæг фæкæсой, фæлæ æз абон Нафийы фарсмæ бадгæйæ цы æнкъарæнтæ æвзæрстон, уыдон хызтысты мæ зæрдæйы арфы. Нафиимæ иу дуджы цæрын, йæ фарсмæ лæууын, мæнæн у Хетæгкаты Къостайы фендау. Уымæн æмæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, наукæйы дæр, публицистикæйы дæр, поэзи æмæ прозæйы дæр Нафийæн цас бантыст, уыйбæрц никæмæн, — загъта Гаглойты Азæмæт. Нафимæ бацæудзыстæм, зæгъгæ, сæм развæлгъау куы бадзырдтам, уæд нын йæ хо Клавæ загъта, йе ‘нæниздзинад фæцудыдта гыццыл æмæ йæ бон бирæ бадын нæу. Фæлæ Нафийæн нæ фембæлд афтæ æхсызгон уыд, æмæ немæ æртæ сахатæй фылдæр зæрдиаг ныхас фæкодта. Нафи, нæ буц хистæр, нæ ирон интеллигенцийы фидауц, наукæ æмæ ирон литературæйы сæрхъуызой, Ирыстоны æппæт кæстæрты номæй дæ курын, айс, Хуыцауæй дын зæрдæбынæй цы арфæ æмæ фæдзæхст курæм, уыдон!
КАСАТЫ Аслæнбег














