Кальяны клубтæм цæстдард

0
749

Цæгат Ирыстоны Прокуратурæйы домæн æмæ республикæйы барадон фæткæн фадæтты арæзтады фæдыл иудадзыг архайæг координацион æмбырды суагъæмæ гæсгæ «Роспотребнадзор»-ы регионалон управленийы кусджытæ кальян дымæн кусæндæтты уавæр бæрæг кæнын райдыдтой.

«Адæмы санитарон-эпидемиологион фæрныгады тыххæй», «Фæлхасгæнджыты барты хъахъхъæнынады тыххæй», стæй «Тамакойы фæздæгæй æмæ тамако дымыны фæстиуджытæй адæмы æнæниздзинад бахъахъхъæныны тыххæй» федералон закъонты домæнтæ æххæстгонд куыд цæуынц, уый сбæлвырд кæнынæн 15 майæ фæстæмæ рабæрæг кодтой æхсæнадон хæлцы куыстуæттæ «Сакурæ» æмæ «Мясо и мятæ»-йы уавæр. Хъуыддæгтæ бæрæг кæныны куыстмæ æрбахуыдтой республикæйы Сыгъдæгдзинад æмæ эпидемиологийы центры, стæй Мидхъуыддæгты министрады экспертон-криминалистон центры специалистты. Дымынмæ кæй бацæттæ кодтой, уыцы кальянтæ раиртасгæйæ, специалисттæ дзы ссардтой стафилококктæ æмæ æндæр  знаггадхæссæг бактеритæ. Санитарон закъонæвæрынад фехалджытæй бадомдзысты административон бæрнондзинад.

Уæрæсейы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад кæй бацæттæ кодта, «2017-2022 азты тамако дымыны ныхмæ архайды паддзахадон политикæ æххæст кæныны уагæвæрд сфидар кæныны тыххæй УФ-йы Хицауады бардзырд»-ы уыцы проектыл ныхас кæнынц «Роспотребнадзор»-ы специалисттæ.

— Кальянтæ кæмæй бацæттæ кæнынц, уыцы буаргъæдтæ амонæг гæххæттытæ цалынмæ фидаргонд не ’рцæуой, уæдмæ кальяны клубтæ æмбæлы сæхгæнын, — зæгъынц санитарон дохтыртæ.

Амынд проектмæ æмбæлгæ срастгæнинæгтæ бахæсгæйæ, ведомство ацы архайдмæ барадон цæстдардыл бакусыны фæдыл фæндæттæ растыл нымайы. Уыимæ «Роспотребнадзор»-ы специалистты хъуыдымæ гæсгæ закъоны проект хъуамæ амона кальянæй пайдакæнынадимæ тамако дымынæн гæрæнтæ æвæрыны фæтк.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here