Цæрынæн нывыл уавæртæ — алкæмæндæр

0
571

Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб парти «Иугонд Уæрæсе»-йы проект «Иумæйаг бæстæ – удæнцой уавæртæ»-йы фæлгæты Дзæуджыхъæуы Инвалидты реабилитацийы центры саразта æмбырд. Ныхас дзы цыд инвалидтæн æххуысыл.

Цалдæр азы дæргъы Центримæ æмгуыст кæнгæйæ, Мæхъийы-фырт инвалидтæн æххуыс кæны. Депутаты æххуысæй балхæнын бантыст пандустæ, сæрмагонд тренажертæ, санаторитæм балцæгтæ æмæ æндæртæ.

Фембæлды архайдта Инвалидты реабилитацийы центры директор Цæллагты Жаннæ. Уый йæхæдæг коляскæйæ цæуæг инвалид уæвгæйæ, бирæ азты дæргъы тох кæны инвалид адæмы бартыл. Центры Цæллагты Жаннæ депутаттæн радзырдта, лыггæнинаг фарстаты тыххæй.

Депутатмæ бахатæг адæмы фарстаты фылдæр хай баст уыд бирæфатерон хæдзæрттæм бацæуæнты пандусты арæзтадимæ. Мæхъийы-фырт куыд загъта, афтæмæй партийы проект «Иумæйаг бæстæ – удæнцой уавæртæ»-йы фæлгæты æххæст кæндзысты бæстæйы социалон-экономикон царды инвалидты архайдæн фадæттæ фæуæрæх кæныны фæдыл куыст.

— Ацы проекты фæрцы инвалидты царды хæрзхъæддзинад фæхуыздæр уыдзæн. Инвалидтæн хъуамæ уа цардархайды гæнæнтæй пайда кæныны фадат, махмæ та арæх æххуысхъуаг адæмæн хæдзарæй рацæуыны фадат дæр нæ вæййы. Ис нæм удæнцой уавæртæ саразыны фæдыл программæтæ, — загъта депутат.

Ныхас цыд цæрæнуæтты фæдыл лыггæнинаг фарстатыл дæр. Бирæ хæдзæрттæ инвалидтæн цæрынæн нæ бæззынц. Уæлдай зындæр у уæллаг уæладзгуыты цæрæг адæмæн. Адæм уæллаг уæладзгуытæй фыццаг уæладзгуытæм фатерты раивдмæ цæттæ сты, зæгъгæ, фембæлды архайджытæ ахæм хабар фехъусын кодтой. Депутат ацы фарста алыг кæнын баххуыс кæнынæй зæрдæ бавæрдта.

— Цыфæнды æхсæнады рæзты къæпхæн аразгæ у канд экономикон бæрæггæнæнтæй нæ, фæлæ ацы æхсæнад социалон уагæй хъахъхъæнинаг адæммæ цавæр зæрдæйы уаг дары, уымæй дæр. Парти «Иугонд Уæрæсе» цыбыргонд гæнæнтимæ адæмæн удæнцой уавæрты фарстамæ æргом кæй здахы, уымæн ис стыр ахадындзинад. Бæстæйы разамынд архайы æххуысхъуаг адæмæн удæнцой уавæртæ саразыныл. Проект «Иумæйаг бæстæ – удæнцой уавæртæ»-мæ гæсгæ инвалидтæн хъуамæ уа канд инфраструктурæйы объекттæй пайда кæныны нæ, фæлæ ахуырад райсыны, кусыны æмæ спортивон ерысты архайыны фадæттæ дæр. Цыбыргонд гæнæнтимæ адæмæн социалон, медицинон æмæ реабилитацион лæггæдтæ чи кæны, уыцы кусæндæттæ æмæ амалиуæггæнджытæн æххуыс кæндзыстæм, — загъта депутат.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here