Ирон адæмы æнæрадон IX съезд

0
604

Знон Дзæуджыхъæуы Хæххон аграрон университеты Культурæйы галуаны кадджын уавæры байгом ирон адæмы æнæрадон IX съезд.

Архайынц дзы 700 делегатæй фылдæр. Уыдонимæ: Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны Хицауæдты, Парламентты разамонджытæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, дыууæ республикæйы æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы минæвæрттæ æмæ ацы организацийы районты хайæдты уæнгтæ, Уæрæсейы горæтты, хæстæг æмæ дард фæсарæйнаг бæстæты цæрæг ирон адæмы æхснæдты, цæдисты æмæ иугæндты кадджындæр уæнгтæ. Съезды райдайæны раныхас кодтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан æмæ йæ хæдивæг Æлборты Иван. Знон уал цы фарстатыл æрдзырдтой, уыдон баст уыдысты «Иры Стыр Ныхас»-ы куысты æмæ ирон адæмы иумæйаг рухс сомбоны ахсджиагдæр хъуыддæгтыл. Абон съезд йæ куыст кæндзæн дарддæр. Æмæ дзы чи архайдта, цы фæндæттæ, цы уынаффæтæ дзы хаст æрцæудзæн, уыдоны тыххæй уын хъусын кæндзыстæм газеты хæстæгдæр номырты.

ГАСАНТЫ Валери

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here