Сæ паддзах — цардбæллондзинад

0
762

Цард доны къусæй уæлдай нæу. Кæцырдæм фæкъул уыдзæн, уый ничи зоны. Афтæ адæймаджы хъысмæт дæр. Кæмæ нæ цы кæсы, уый нæ зонæм. Хуыцауы скондæй цард скъуыд бызгъуырау фесты. Чи иу æхсæвмæ амæгуыр вæййы, чи хъæздыгæй баззайы, кæйдæр та низ абырсы. Уыимæ, ахæм хъысмæт айдагъ хъæздгуытæм нæ кæсы, фæлæ хуымæтæг, æнаххос адæммæ дæр. Кæнæ та, чи зоны, йæ фыдæлты тæригъæд чи фиды, ахæмтæм. Уымæн æмæ, куыд фæзæгъынц, фыдæлты тæригъæдтæ — фæстагæттæн фиддон.

Вæййы ахæм адæм, æмæ низ гуырдзæй чи рахæссы. Уыимæ, хуымæтæг низ нæ, фæлæ сæры магъз хъуыды кæнын, кусын чи нæ уадзы, ахæм. Ома, адæймагæн йæ бон нæ вæййы йæ митæн дзуапп дæттын. Фæлæ цыфæнды куы уа, уæддæр сты адæм æмæ сæ нæй æфхæрæн. Низмæ никуыма ничи бабæллыд, хъæуы сæм æргом здахын, хъæуы сын зæххон уарзт дæттын. Ахæм адæймæгтæ, абоны царды æвзагыл дзургæйæ, хонынц инвалидтæ. Инвалидтæн ис, сæрмагондæй сæ кæм дзæбæх кæнынц, ахæм рынчындæттæ. Уыдонæй иу у Черменыхъæуы хæдзар-интернат «Милосердие». Ам цæры 250 адæймаджы бæрц. Се ‘ппæт дæр сты, кæронмæ сдзæбæх кæнæн кæмæн нæй, ахæм низтæй рынчын. Хъæуы сæм уæлдай цæстдард, æппынæдзух сæ цуры хъуамæ уа дохтыр. Раст зæгъын хъæуы, ам цы рынчынтæ ис, уыдон дохтыры æххуысхъуаг не сты, не сты хæрдхъуаг дæр. Нæ сын фаг кæны æрмæстдæр адæймаджы фæлмæн ныхас. Сæ зæрдæ агуры æппынæдзух цин кæнын æмæ худын. Ахæм фадат та Интернаты кусджытæн алкæд нæ вæййы, цæмæй сæм артистты, æндæр сфæлдыстадон архайджыты хоной. Уæлдайдæр та ныры рæстæг, стæм артист йеддæмæ, æнæ æхцайæ йæхи дæр ничи базмæлын кæндзæн. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, дундуне æнæ хицау нæу, кæд нæм æвзæртæ бирæ ис, уæддæр хæрзты нымæц фылдæр у. Уыцы хæрзты æмрæнхъ лæууынц республикон хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы бархионтæ, сæ сæргъы Хъуысаты Амырхан, афтæмæй. Адон, куыд иннæ хæттыты, афтæ та ныр дæр, нæ республикæйы Фæллой æмæ социалон рæзты министрадимæ бацæттæ кодтой зæрдылдарæн концертонирхæфсæн программæ æмæ 3 декабры — Инвалидты æппæтдунеон бон бабæрæг кодтой ацы интернаты цæрджыты. Ам цы адæмтæ ис, уыдон мах хуызæн не сты, махау сæ бон горæты уынгты уæгъдибарæй цæуын нæу, нæу сæ бон скъолайы, йе институты ахуыр кæнын дæр. Фæлæ сæ бон у, хъыгагæн, мах, йæ бæстыхайæ иуварс цæрæг адæм, аргъ кæнын кæмæн нæ зонæм, уыцы ми кæнын — зæрдæйæ цин кæнын. Цин та сын æрбахастой, цы фæсивæд сæ бабæрæг кодтой, уыдон. Тæвд басæй йæ былтæ чи нæ басудза, уый «фу» нæ кæны, уыйау, ам чи нæ уыд, уыдонæй нæ бирæтæ нæ бамбардзысты. Сæ цæстытæ сты цæссыгау сыгъдæг, фæлæ афтид, сæ зæрдæтæ — бæмбæгау фæлмæн, фæлæ мидмастæй — дур. Бамбардзысты сæ æрмæстдæр уарзæгой адæм. Ахæмтæ сты гуымсæгыл цæгъдæг Хан Демиров, зарæггæнджытæ Цæрикъаты Фатимæ, Æгъуызарты Сослан, Моститы Алан, Гергаулты Таймураз, фæсивæдон форум «Без границ»-ы архайæг Владик Ловяников, фæндырæй цæгъдæг æмæ зарæггæнæг Саламаты Эльвирæ æмæ фонды архайджытæ. Адон инвалидтæн скодтой, æцæгæйдæр сæ зæрдыл кæй дардзысты, ахæм бæрæгбон. Рынчынтæй алкæмæндæр уыд фадат сæ арæхстдзинад равдисынæн кафыны, зарыны æмæ æмдзæвгæтæ аив дзурыны хуызы. Куыд фæзæгъынц, сæ тыппыртæ суагътой. Ацы интернаты цы адæм ис, уыдонимæ хъазæн ныхас кæнгæйæ, иу афтæ загъта: «Жизнь всегда хороша, если рядом хорошие люди». Æмæ раст загъта. Сæ алыварс ис хорз адæм, кæцытимæ нæ зонынц, æрвылбон царды цы æвзæр митæ цæуы, уыдон. Ам сын ис сæхи паддзахад, сæ паддзах та у цардбæллондзинад. КАСАТЫ Аслæнбег

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here