Æрæджы дæр ма Весенняяйы уынджы ацы бынаты уыд арæзтадон объект, ныр та æртæ фондзуæладзыгон ног хæдзары æрбаиу кодта рæсугъд, хæрзаив кæрт. 276 фатеры æрцардысты ирыстойнаг бинонтæ.
Знон сæ хицæуттæн кадджын уавæры радтой сæ дæгъæлтæ. Ног æрлидзджыты циныл бацин кæнынмæ, арфæйы ныхæстæ зæгъынмæ сæм æрбацыдысты РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Икъаты Руслан, сæ хиуæттæ. Арæзтадон куыстытæ цыдысты федералон программæ «Жилье для Российской семьи»-йы фæлгæты. Программæйы домæнтæм гæсгæ республикæйы абоны онг æдæппæт арæзт æрцыд 25 мин квадратон метры цæрæнуæттæ. Ног цæрджыты ‘хсæн ис инвалидтæ, уæлдай хуыздæр уавæртæ кæй хъæуы, ахæмтæ. Коляскæйы чи бады, уый хъуамæ цардмæ рудзынгæй ма кæса, фæлæ пайда кæна алы гæнæнтæй дæр. Аразджытæ бацархайдтой æмæ сын фыццаг уæладзыджы фæуæрæх кодтой сæ бацæуæнтæ, сæ къæбицтæ, ваннæтæ. Ис дзы пандус æмæ, коляскæ хæрдмæ æнцонæй чи исы, ахæм сæрмагонд механизм. Абон ног хæдзары дæгъæлтæ райста Салæгаты Зауыр дæр. Бирæ арфæйы ныхæстæ загъта йæ фыццаг уазджытæн, Тускъаты Таймуразæн, Икъаты Русланæн, аразджытæн. — Цардмæ ног цæстæй ракастæн, ныфс мæ бауагътат æмæ уе ‘ппæтæн дæр бузныг, — зæгъы Зауыр. 50 адæймаджы бæрц ма æнхъæлмæ кæсы ахæм æххуысмæ. Сырх лент алыг кæныны размæ Хицауады Сæрдар ныфс бавæрдта, ацы хорз хъуыддаг дарддæр кæй ахæццæ кæндзысты. — Абон цас амондджын цæсгæмттæ федтам, уый æхсызгон у махæн. Уый нæ разæнгард кæны хуыздæр кусынмæ. Йæ æнæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдонмæ фылдæр цæстæнгас уыдзæн. Бюджеты æххуысæй, стæй æнæбюджетон æфтиæгты фæрцы араздзыстæм спортивон æмæ культурон объекттæ дæр, — загъта Тускъаты Таймураз. Икъаты Русланы ныхасмæ гæсгæ, республикæ йæ размæ æвæрд хæс сæххæст кодта проекты амынд æмгъуыдмæ. — Бузныг, йе ‘ххуысы хай чи бахаста ацы хорз хъуыддагмæ, уыдонæн, нæ республикæйы Хицауадæн, аразджытæн. Æнгом æмгуыстад нын уыд Æфснайæн банкимæ, адæмæн радих кодтой 160 ипотекон кредиты — 272 милуан сомы аргъ. Республикæйы бюджетæй та, субсидиты хуызы, ног цæрджытæн радих кодтой 20 милуан сомы. Амондджынæй дзы цæрæнт алы бинонтæ дæр, — загъта Икъайы-фырт. «Ирафтрансстрой» -ы арæзтадон участочы хицау Кодзырты Алан та æппæт аразджыты номæй арфæ ракодта цæрджытæн. Уый загъта: “Хуыздæр æмæ хæрзхъæддæр арæзтадон æрмæджытæй архайдтам. Алцæмæй æххæст цæрæнуæттæ, хъæуы ма дзы æрмæст хæдзары дзаума”. Хъæлдзæгдзинад, фарн æмæ амонд æрцæрæнт ацы ног кæрты!
ГУГКАТЫ Жаннæ