“Адæмы царды уавæртæ æмæ кæстæрты хъомыладмæ цы фарстатæ хауы, уыдон сты ахсджиагдæр хъуыддæгтæ”

0
554

“Адæмы царды уавæртæ æмæ кæстæрты хъомыладмæ цы фарстатæ хауы, уыдон сты ахсджиагдæр хъуыддæгтæ. Елхоты ног спортивон комплексы Олимпаг хъæзтыты уæлахиздзаутæ куыд бахъомыл уой, æмæ йæ байгомæй нæ кæстæрты æнæниздзинадæн стыр ахъаз куыд фæуа, уыцы амонд нын Хуыцау раттæд!»

Знон Кировы районы уыд стыр бæрæгбон. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав кадджын уавæры байгом кодта спортивон комплексы ногарæзт бæстыхай. Архайдтой дзы республикæйы физикон культурæ æмæ спорты министр БÆРОЙТЫ Хасан, арæзтад æмæ архитектурæйы министр ИКЪАТЫ Русланбег, Кировы районы сæргълæууæг НÆКУЫСАТЫ Барис, бынæттон цæрджытæ, Ирыстонæн æфсымæрон республикæ Кæсæг-Балхъарæй кадджын уазджытæ æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.

— Ацы афæдзы кæрон у бæркадджын æмæ хъæздыг ног арæзтадон объекттæй, — загъта Битарты Вячеслав. — Уыдон сты ногарæзт Культурæйы хæдзæрттæ, спортивон комплекстæ æмæ фæзтæ, онкологон поликлиникæ, рæвдауæндæттæ, цæрæнуæттæ сидзæр сывæллæттæ æмæ сæ цæрæн уавæртæ хуыздæрмæ раивинаг кæмæн уыдысты, уыдонæн. Нæ куыст фидæны дæр адарддæр кæндзысты ацы уагыл. Нæ размæ сæвæрдтам ног нысантæ æмæ сæ æрдæгыл нæ ныууадздзыстæм. Культурæйы хæдзæрттæ æмæ спортивон залтæ цы хъæуты нæй, уым сæ радыгай араздзыстæм, сцалцæг кæнын кæй хъæуы, уыдоны та кæндзыстæм цалцæг. Адæмы царды уавæртæ æмæ кæстæрты хъомыладмæ цы фарстатæ хауы, уыдон сты ахсджиагдæр хъуыддæгтæ. Елхоты ног спортивон комплексы Олимпаг хъæзтыты уæлахиздзаутæ куыд бахъомыл уой, æмæ йæ байгомæй нæ кæстæрты æнæниздзинадæн стыр ахъаз куыд фæуа, уыцы амонд нын Хуыцау раттæд! Спортивон комплекс у алцæмæй æххæст æмæ ифтонггонд. Ис дзы фондз спортивон залы: дзюдо, уæгъдибар хъæбысхæст, бокс, спортивон хъæзтыты универсалон зал æмæ тренажертимæ зал (уый у уæззау атлетикæйы зал дæр). Комплексы уавæртæ куыд амонынц, афтæмæй дзы уыцы иу рæстæг архайæн ис 250 адæймагæн. Æдæппæт йæ саразаныл хардзгонд æрцыд 134 милуан сомы. Арæзтадон куыстытæ баххæст кодтой Федералон программæ «Повышение устойчивости жилых домов, основных объектов и систем жизнеобеспечения в сейсмических районах Российской Федерации на 2009-2018 годы»-йы фæлгæты. Сæрды ма Елхоты байгом ног рæвдауæндон дæр. Æрæджы кæронмæ фесты Елхоты Культурæйы галуаны цалцæггæнæн куыстытæ. Алцыдæр дзы нывыл, хуыздæр уагыл. Битары-фырт бабæрæг кодта ацы бæстыхай дæр. Галуаны разамындæн куыд загъта, афтæмæй æрбахизæны къулыл сауындзын хъæуы, районы хъæуты культурæйы хæдзæртты сфæлдыстадон къордтæ ацы артдзæсты сæ концерттæ кæд дæтдзысты, уый график. Культурæйы галуаны ис ЗD форматы кинонывтæ æмæ мультипликацион нывтæм кæсынæн хъæугæ уавæртæ. Ифтонг у хъæугæ нырыккон техникæйæ. Уый фæстæ Битарты Вячеслав районы алы къабæзты хуыздæр кусджыты схорзæхджын кодта кадджын нæмттæ, Кады æмæ Арфæйы гæххæттытæй. Хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæджы номæй хорзæхджынгонд æрцыд кооператив «Нева»-йы сæргълæууæг Хъаныхъуаты Владимир. Кады гæххæттытæ райстой Змейкæйы 1-æм скъолайы историйы ахуыргæнæг Бæззаты Заремæ, районы рынчындоны тагъд æххуысы дохтыр Сокаты Фатимæ. Арфæйы гæххæттытæ райстой: Елхоты бирæпрофилон колледжы мастер Гæззаты Батрадз, кооператив «Де-Густо»-йы кусджыты бригадæйы сæрдар Дзæрæхохты Регинæ, районы фæлхасгæнæн æхсæнады специалист Хъыбызты Кларæ æмæ амалхъом Альберт Муссаев. Йæ раныхасы Нæкуысаты Барис загъта:

— Куыд бæрнон бынаты дзæвгар рæстæг кусæг, афтæ мæнæн мæ бон зæгъын у, фæстаг фондз æмæ ссæдз азæй фылдæр нæ республикæйы районтæм, хъæутæм ныры хуызæн бæстон цæстдард кæй никуы уал уыд, уый. Нæ районы цæрджытæ, куыд Ирыстоны иннæ цæрджытæ дæр афтæ, бузныг сты нæ Сæргълæууæджы аудындзинад æмæ хъæппæрисæй. Нæ район хорзæрдæм йæ хуыз ивы, рæстæгимæ къахдзæфтæ кæны, цæуы нæм ног ахсджиаг социалон объектты арæзтадон куыстытæ дæр. Фидæны сцалцæг кæндзыстæм Ставд-Дурты Культурæйы хæдзар, Змейкæйы спортивон зал, Ираны амайæм ног Культурæйы хæдзар, ранæй-рæтты ивдзыстæм донуадзæн хæтæлтæ, араздзыстæм фæндæгтæ. Уыдонимæ Ставд-Дуртæм федералон трассæйæ цы фæндаг цæуы, уый дæр æд хид. Нæкуысаты Барис арфæ ракодта районы цæрджытæн Ног азы фæдыл æмæ хуыздæр кусджыты схорзæхджын кодта Арфæйы гæххæттытæй. Знон ма Битарты Вячеслав уыд Мæздæджы районы дæр. Фыццаг бабæрæг кодта сидзæр сывæллæтты хæдзар. Сывæллæттæ йæм æнхъæлмæ кастысты тынг зæрдиагæй. Бацæттæ кодтой йе ‘рбацыдмæ концертон программæ. Битарты Вячеслав сын ракодта Ног азы арфæтæ æмæ сын балæвар кодта бæрæгбоны лæвæрттæ. Бæстыхайыл æрзилгæйæ федта, сæ уавæртæ хорз уагыл кæй сты, уый. Мæздæджы Притеречный поселокмæ донуадзæн ног хæтæлтæ кæй уадзынц, уый цæрджытæн стыр удæнцойы хъуыддаг у. Сæргълæууæг бынаты федта, куыстытæ куыд цæуынц, уый. Кæд хæтæлтæ гæххæттытæм гæсгæ æрмæст хъæумæ бауадзыныл уыдысты, уæд Сæргълæууæджы ныхас та знон уыд, цæмæй сæ алы хæдзармæ дæр фæхæццæ кæной, уымæн æмæ цæрджытæн уыцы куыстытæ сæхи хардзæй скæнын сæ къух нæ амоны. «Январы кæроны æмгъуыдмæ алы хæдзары дæр поселочы хъуамæ уа дон», — загъта Битары-фырт. Сæргълæууæг фембæлдис районы цæрджытимæ. Хуыздæр кусджытæн радта кадджын нæмттæ æмæ Арфæйы гæххæттытæ. Семæ æрныхас кодта, сæ зæрдæ цы æркæсинаг фарстатыл риссы, уыдоныл.

ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here