Кæд ма бамбардзыстæм нæхи?

0
679

2018 азы ирон адæмы раздзог, нæ зонды цырагъ, нæ удварны хæзна «Рæстдзинад» бæрæг кæндзæн йæ 95 азы. Уæдæй нырмæ йæ парахат хуымы зиууæттæй абоны зондджын, цæстуарзон кусджыты стыр къордмæ цас æмæ цас уыдис, «Рæстдзинад» йæ царды рухс кæмæн уыд, ахæм адæм!

Ныртæккæйы кусджыты ног фæлтæр кæстæрæй-хистæрмæ сæ удтæй арт цæгъдынц, Секъайы загъдау, нæ Иры хæххон æмæ быдираг хъæутыл зæрватыччытау ратæх-батæх кæнынц, иу хъуыддаг æнæ базонгæ, нæ адæмæн æнæ фехъусынгæнгæ нæ уадзынц. Æмæ ма акæсут, хорз ирон адæм, æрмæст 5 мин адæймаджы рафыстой 2017 азæн газет «Рæстдзинад». Журнал «Мах дуджы» кой нал кæнын. Ау, 5 мин адæймагмæ æрхауд ацы зæххыл ирон адæмы нымæц?! Адæймаг фырмæстæй гæппæлгай куыд нæ фæхауа! Йæ риу «нард» фынгыл бадгæйæ, чи хойы, æз ирон дæн, зæгъгæ, Коцойты Арсены загъдау, йæ гуыбын чи рауадзы, йæ астæубос чи суæгъд кæны, уыдон дæр махау сæ пенсийы капеччытæй бинонтæ хæссынц? Искæй кой ма бакæнæнт, ничи сæ домы, фæлæ сæм, сæхицæн цæмæй рафыссой газет, уый дæр нæй? 31-æм æмæ 34-æм скъолаты ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ курынц ирон адæмæй, рафыссут «Рæстдзинад», зæгъгæ. Уæд нæ республикæйы иннæ скъолаты нæй, ирон æвзаг кæм ахуыр кæнынц, ахæм адæм? Æрмæст ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ куы рафыссиккой нæ иунæг газет, уæддæр, 5 минæй цас фылдæр уаид йæ тираж, цас! Кæддæр иу къуымых æнæсæр адæймагæй сирвæзт, «ирон æвзаг Елхотæй дæлæмæ нæ хъæуы», зæгъгæ, æмæ нæ абоны скъоладзауты «зондджын» ныййарджытæн уый сæ дзыхы абады. 55 азы скъолайы базæронд дæн æмæ никуы фехъуыстон, Ирыстоны ирон æвзаг нæ ахуыр кодтой, уый. Ныртæккæ бирæ ныййарджытæ директортæм смидæг вæййынц, нæ ахуыр кодтон ирон æвзаг æмæ йæ нæ зонын, æмæ мæ сывæллоны дæр нæ хъæуы, зæгъгæ. Стыр Хуыцауæй разы, Битарыфырты руаджы «Ирон адæмы IХ съезды иронау сдзырдтой ныхасгæнджытæ. Амæй размæ та-иу бæрзонд трибунæйæ ирон æвзаджы уавæры тыххæй дæр уырыссагау дзырдтой нæ иуæй-иу ахуыргæндтæ. Ирон адæм сæ равзæрынæй абонмæ цы рæдыдтытæ фæкодтой, уыдонæн сæ сæйрагдæртæ сты нæ ирон цæсгом, нæ фарн, не ‘гъдау, не ‘фсарм сæ раздæры уагыл кæй нал сты, уый. Æппæтæй диссагдæр та уый у, æмæ не ‘взаг дзырддаг кæй сси. Зæрдæ хъуамæ куыд нæ ныккæрза, не ‘взаг фесæфдзæн, зæгъгæ, куы фæзæгъынц, уæд. Æмæ ма уæд махæй цæй адæм ис? Æвзаг куы нæ уа, уæд адæм дæр кæй нал уыдзыстæм, уый нæм нæма хъары? Нæ фæстагæттæ нын уыцы хъуыддаг кæй нæ ныббардзысты, уый дæр нæма æмбарæм? Æви æмбарынхъом дæр нал стæм. Алы бæстæты ахуыргæндтæ се ‘ргом здахынц нæ алæмæты ‘взаг базонынмæ, нæхи та хъæугæ нæ кæны. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, йæ мадæлон æвзаг чи зоны, уымæн йæ сæры магъз хуыздæр кусы. Æмæ уæд мах цæуылнæ уадзæм нæ сывæллæтты сæрты мæгъзтæ хуыздæр кусын? Раджы дæр æмæ ныр дæр, Иры ныййарджытæ, сымахæй аразгæ уыд æмæ у не ‘взаджы хъысмæт. Хæдзары, бинонты ‘хсæн куы хъуыса ирон дзырд, уæд арфдæр хъары кæстæрты зæрдæтæм. Уæдæ ма-иу мæ фыды раз ма æрбад æмæ йын абоны газеты хабæрттæ ма бакæс, хъæдæй-иу фæлладæй куы ‘рцыд, уæд. Мæ фыд хæстæй куы ссыд, уæд хъæдгæсæй кусын райдыдта, хæсты размæ та колхозы сæрдарæй куыста. Уадзгæ дæр æй нæ кодтой, ам тынгдæр хъæудзынæ, зæгъгæ, фæлæ фæсивæд — йæ цахъхъæнтæ куы аивылдысты, уæд нал ныллæууыд. Æмæ йын йæ амæлæты бонмæ йæ къам Кады фæйнæгæй нæ райстой Ирыстоны хъæды хæдзарады бæстыхайы. Æппæт хистæрты номæй ма уæ иу хатт курын, хорз адæм, рафыссут «Рæстдзинад» 2018 азæн. Уæ кæстæрты бафтаут йæ кæсыныл æмæ, йыл куы фæцахуыр уой, бахъуыды кæнут, нал уын ферох кæндзысты мыггагмæ уыцы хорздзинад. Ахæм дæнцæгтæ тынг бирæ ис… Нæ сыхæгты лæппу бинонтæ куы ‘рхаста, уæд Амырыкмæ ацыд. Уым сын дыууæ сабийы рантыст. Ныр ардæм куы ссæуынц, уæд уыцы сывæллæттæм байхъусын диссаг вæййы. Тынг сыгъдæг дзурынц иронау дæр. Мæскуыйы та ма суанг уырыссаг мадæлтæ дæр сæ цотимæ иумæ ахуыр кæнынц не ‘взаг. Уый та уын, «Елхотæй дæлæмæ цы ‘взаг нæ хъæуы», уый хабæрттæ. 34-æм микрорайоны цалынмæ Битары-фырт уыд депутат, уæдмæ нæ никуы ницы хъуаг ныууагъта, суанг «Рæстдзинад»-æй дæр. Уый фæстæ та — Байсонгъуырты Тимур. Нæ удтæ йæ фæхъхъау. Алы хъуыддаджы дæр дзы никуы ферох стæм. Раздæр диссаджы парахат аллей скæнын кодта, йæ рацæуæны — нæ фыццаг рухстауæг Æгъуызаты Иуанейы рæсугъд цыртдзæвæн. Æнафонтæм адæм сæ фæллад уым фæуадзынц. Ныр Тимур Парламенты бæрнон бынаты кусы æмæ ныл уæддæр йæ арм дары. 43-æм скъолайы бæстыхай сæрттивын кодта (йæ рауагъдон у). Ахæм зал дзы сцалцæг кæнын кодта, æмæ йæ нал базондзынæ. Стыр Театры залы хуызæн у сценæйæ æндæрæй. Ахæм лæппутæ нæм фылдæр гуырæд.

ПСХАЦЪÆТЫТАУТИАТЫ Лидæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here