Плиты Иссæйы номыл орден

0
591

Фæстаг азты демократион комулæфтимæ æхсæнады сæхиуыл схæцыдысты алыхуызон æппæрццаг æууæлтæ дæр. Регионы цæрæг адæмыхæттыты минæвæрттæй иутæ сæхи знæтæй æвдисынц сæ сыхæгтæм. Уый фæбæрæг индоевропæйаг цивилизацийы фæдонты хъæбатыр ивгъуыд сæхирдыгæй фæкæныны, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы сæ бавæрд ахадгæдæрæй равдисыны. Ирон адæммæ уæрæсейаг паддзахады раз бирæ сгуыхтдзинæдтæ ис, æппæт уыцы дæнцæгтæ рæгъмæ арæхдæр хæссын уаид раст. Георгийы Дзуары æмæ Кады орденты кавалертæ, Советон Цæдисы Хъæбатыртæ, инæ- лартæ, хæсты быдырмæ чи ацыд, фæстæмæ чи нал сыздæхт, уыдоны нымæцмæ гæсгæ ирæттæ историйы ахсынц бæрзонд æмæ кадджын бынат.
Нæ республикæйы цæрджытæй алкæмæн дæр Плиты Иссæйы ном у уарзон. Бинонты ‘хсæн, бæрæгбæтты фынгты уæлхъус, хуымæтæг цауты рæстæг æй æрымысынц уæлдай æхсызгонæй. Йæ цард цы у — уымæй Фыдыбæстæйæн удуæлдайæ лæггад кæныны ирд æвдисæн. Плийы-фырт у национ хъæбатыр, дунейы бирæ адæмыхæттытæн сæ бон ахæм гуырдæй раппæлын нæу, уымæн æмæ сæм уый æмсæр æвзыгъд лæг нæй. Нæхæдæг дæр æмæ хъуамæ нæ фæдонтæ дæр ма рох кæнæм не ‘мбæстаджы, сæрыстыр дзы уæм, уымæн æмæ æппæт дунейы дæр айхъуысын кодта ирон лæджы кой.
Уæрæсейы уæлдæр политикон æмвæзады дунеон гуманитарон æмгуыстады фарстатæм здæхт цæуы стыр æргом. Хæстон намысы горæт Дзæуджыхъæуы æххуысæй, Дзанайты Азанбеджы номыл культурæйы фонды проекттæ сæ бынат ссардтой Уæрæсейы Федерацийы æддагон-политикон архайды. Афтæмæй нын 2017 азы бантыст Советон Цæдисы Дыууæ хатты Хъæбатыр, Манголийы Адæмон Республикæйы Хъæбатыр Плиты Иссæйæн Манголийы цыртдзæвæн байгом кæнын. 2015 азы, Рауль Кастройы разыйы дзуаппæй, Ирыстоны бирæна- цион адæмы минæвæрттæ Плиты Иссæйы цыртдзæвæн баластой Гаванæмæ, Уæрæсейы Хъахъхъæны- нады министрады минæварадмæ. Фæлæ, хъыгагæн, æддагон политикон зындзинæдты аххосæй ныронг цыртдзæвæн байгом кæныны хъуыддаг къуылымпы кæны. Нæ зæрдæ дарæм, æмæ 2018 азы хъуыддаг бантысдзæн æмæ ма Китайы дæр цыртдзæвæн байгом кæндзыстæм нæ номдзыд æмбæстагæн.
Цытджын Уæлахизы бон бæрæг кæнгæйæ, Мæскуыйы, Кувæн хохы, нæ бæстæйы Намысы сæйраг залы, Мæскуы, фашисттæй хъахъхъæнджыты диорамæйы цур сæвæрдзысты Плийы-фырты бронзæйæ конд бюст. Цæмæй Уæлахизы музейы Плиты Иссæйы царды æмæ хæстон фæндæгты тыххæй экспозици конд æрцæуа, ууыл архайынц Национ музейы разамонæг Къубалты Валери æмæ Архивон службæйы хицау Тебиаты Еленæ.
Дунеон æхсæнады раз Плиты Иссæмæ цы сгуыхтдзинæдтæ ис, нæ бæстæйы Гæрзифтонг тыхты хъомысмæ цы бавæрæн бахаста, уыдæттæ æмæ, ирон адæмы хæстон ахъаззаг традицитæ нымайгæйæ, Аланийы хæстон размæцыддæр адæймæгты къордмæ сæвзæрдис хъæппæрис, цæмæй фидаргондд æрцæуа Ирыстоны паддзахадон хæстон хæрзиуæг — орден «Æфсады инæлар Плиты Иссæ». Нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславмæ арвыстой ацы орден сфидар кæныны тыххæй курдиат. Уыцы хъуыддаджы фарс рахæцыдысты республикæйы ветерантæ, æхсæнады минæвæрттæ æмæ депутаттæ.
Дунейы цæрæг адæмы историйы Плиты Иссæйы архайды ахадындзинад та бынтон рабæрæг ныр, политикон ахастдзинæдтæ куы фæкарздæр сты, уæд. 1962 азы, Карибаг къуырццдзæвæны рæстæг, не ‘мбæстагмæ, куыд Кубæйы советон æфсады къордæн командæгæнæгмæ, æрхауд ядерон хæцæнгарзæй спайда кæныны бар. Зындгонд журналист Сергей Брилев уыцы цауты тыххæй систа киноныв æмæ кæронбæттæны загъта афтæ: «Бузныг ирон лæг Плиты Иссæйæн, уый куырыхон зонд æмæ лæгдзинады фæрцы зæххы къорийы цæрджытæ хызт æрцыдысты Æртыккаг Дунеон хæстæй».
Мах уырны уый, æмæ нæ номдзыд æмбæстæгтæ цы хъæппæрис равдыстой, уыимæ сразы уыдзысты нæ республикæйы цæрджытæ дæр æмæ разамонджытæ дæр. Уый фæрцы зындгонд хæстон разамонæджы ном ноджы бæрзонддæр сисдзыстæм, йæ архайдæн стырдæр кад кæндзыстæм. Мах сидæм Ирыстоны адæммæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæм, фæсивæдмæ, цæмæй зæрдæйæ бацархайой ацы историон хъуыддагыл, равдисой сæ граждайнаг зондахаст æмæ балæууой, нæ хæстон элитæ цы хъæппæрис равдыстой, уый фарс.
Не ‘ппæтæн дæр ис замманай фадат, цæмæй фæсидæм Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны парламенттæм, цæмæй иумæйагæй сфидар кæной орден «Æфсады инæлар Плиты Иссæ». Ацы хъуыддагæн, æнæмæнг, уыдзæн ахсджиаг историон, информацион, политикон нысаниуæг, уый суыдзæн иумæйаг Аланийы фæзынды ахъаззагдæр къахдзæфтæй иу. Абон нæ республикæйы æмæ горæты разамындмæ цы зондахаст ис, национ ахсджиаг хъуыддæгтæ æрфидар кæныныл куыд архайынц, уымæ гæсгæ нæ уырны, Плийы-фырты номыл паддзахадон орден нæм кæй фæзындзæн, уый.
«…Мах, Ирыстон-Аланийы цæрджытæ цытджын хæстон разамонæг Плиты Иссæйы рухс номæй стæм сæрыстыр, уый у нæ нацийы сæрхъуызой, нæ национ хæзна…” БИТАРТЫ Вячеслав (Плиты Иссæйæн цыртдзæвæн гом кæныны тыххæй Манголийы Президентмæ фыстæгæй)

ДЗАНАЙТЫ Зауыр, Дзанайты Азанбеджы номыл культурйы фонды президент

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here