Республикæйы Сæргълæууæджы арфæтæ — Уырыссаг театры коллективæн

0
410

Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг академион театрыл сæххæст 148 азы. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы пресс-службæйы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ивгъуыд хуыцаубоны театр йæ бинойнагимæ бабæрæг кодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав æмæ сфæлдыстадон коллективы уæнгтæн арфæтæ ракодта сæ бæрæгбоны фæдыл.
— Уырыссаг театр нын ныр 148 азы нæ зæрдæтæ рухс кæны йæ аивадæй. Уымæ гæсгæ мын æхсызгон у, абон ацы бæрæгбоны архайæг кæй дæн, уый. Мах сæрбæрзонд стæм нæ республикæйы театралон историйæ — алкæцы регион уымæй нæ раппæлдзæн. Ацы театры сценæйыл чи хъазыд, уыцы стыр артистты нæмттæ зынгæ бынат бацахстой нæ культурæйы. Зæгъын ма мæ фæнды Евгений Вахтанговы тыххæй — куыд зонæм, афтæмæй уый йæ фыццаг сфæлдыстадон къахдзæфтæ акодта нæ театры сценæйыл. Уырыссаг театримæ æнгом баст сты Хетæгкаты Къоста æмæ Михаил Булгаковы нæмттæ дæр. Зæгъын ма мæ фæнды, Ирон театры истори ацы агъуысты кæй райдыдта, уый дæр. Йæ рæстæджы ам æвдыст æрцыд спектакль «Хæхты сывæллæттæ» нæ мадæлон æвзагыл. Арфæ кæнын театры коллектив æмæ йæ аивадон разамонæг Владимир Уваровæн сæ зæрдиаг архайды тыххæй. Ноджы стырдæр сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæ æфтæнт уæ къухы, — загъта республикæйы Сæргълæууæг.
Дзæуджыхъæуы Уырыссаг театр фæзынд 1871 азы, уый у Цæгат Кавказы зæронддæр драмон театр. 1912 азы театры сценæйыл фыццаг хатт æвдыст æрцыд ирон пьесæ — Хъуысаты Дмитрийы «Хæхты сывæллæттæ». Йæ 148-æм азы бæрæгбоны та æвдыст æрцыд Александр Островскийы комеди «Лес»-мæ гæсгæ æвæрд спектакль.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here