Культурӕйы къабазы райрӕзты нысантӕ

0
445

Цӕгат Ирыстоны культурӕйы къабазы кусджыты мыздыл бафтыд. Ууыл ӕмӕ ӕндӕр ахӕм фарстатыл сӕ кусӕг фембӕлды рӕстӕг ӕрныхас кодтой Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг БИТАРТЫ Вячеслав ӕмӕ республикӕйы культурӕйы министр МИЛДЗЫХТЫ Руслан.

Уый тыххӕй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службӕ.

Фембӕлды рӕстӕг сӕрмагондӕй ӕркастӕуыд хъӕуты Культурӕйы хӕдзӕрттӕ 2019 азы Культурӕйы объектты арӕзтад ӕмӕ цалцӕджы сӕрмагонд федералон программӕмӕ бахӕссыны фарстамӕ, стӕй, уыцы программӕйы уагӕвӕрдтӕ республикӕ ацы аз куыд ӕххӕст кӕны, уымӕ.

Культурӕйы министр куыд радзырдта, афтӕмӕй федералон программӕты архайды фӕрцы республикӕйы культурӕйы къабазы райрӕзтӕн федералон бюджет радих кодта 25 милуан сомы бӕрц. Цӕгат Ирыстоны театр сӕрмагонд гранты фӕрцы балхӕндзӕн декорацитӕ, стӕй бакӕндзӕн ӕндӕр куыстытӕ дӕр. Уӕлӕмхасӕн ифтонггӕрзтӕ балхӕндзысты сывӕллӕтты музыкалон скъолатӕн дӕр. Милдзыхты Руслан куыд загъта, афтӕмӕй республикӕйӕн ис парти «Иугонд Уӕрӕсе»-йы сӕрмагонд программӕ «Местный Дом культуры»-йы архайыны фадат дӕр. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй уыцы программӕйы фӕрцы цалцӕггонд цӕуынц хъӕуты ӕмӕ, 50 мин адӕймагӕй къаддӕр кӕм цӕры, уыцы горӕтты клубтӕ ӕмӕ Культурӕйы хӕдзӕрттӕ. Программӕ ӕххӕстгонд цӕудзӕн 2019 азы онг.

Цӕгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы сфӕлдыстадон коллективтӕ ныр ӕрбынӕттон сты Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы музейы, уым кӕнынц сӕ репетицитӕ дӕр. Фембӕлды рӕстӕг ӕрдзырдӕуыд уыцы коллективтӕн архайды ӕмбӕлгӕ уавӕртӕ саразыныл.

Битарты Вячеслав министры ӕргом аздӕхта ӕрыгон курдиатджын фӕсивӕдӕн ӕххуысы фарстамӕ. «Ӕрмӕст спорты нӕ, фӕлӕ наукӕ ӕмӕ культурӕйы къабазы дӕр махмӕ бирӕ курдиатджын фӕсивӕд ис. Фӕлӕ арӕх, хъыгагӕн, алы аххосӕгтӕм гӕсгӕ уыцы адӕмӕн ӕххуысгӕнӕг нӕ разыны, сӕ курдиат нӕ раргом вӕййы. Курын уӕ, цӕмӕй сӕрмагонд цӕстдард уа курдиатджын фӕсивӕд раргом ӕмӕ уыдонӕн баххуыс кӕныны фарстамӕ», — фӕнысан кодта республикӕйы разамонӕг.

Ацы азы зынгӕдӕр культурон цаутыл дзургӕйӕ, министр куыд радзырдта, афтӕмӕй Италийы уыдзысты Ирыстоны бонтӕ, Дзӕуджыхъӕу та гастролон балцимӕ бабӕрӕг кӕндзысты театр «На Малой Бронной»-ы артисттӕ. Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг академион театры артисттӕ сӕ аивадимӕ базонгӕ кӕндзысты Мӕскуыйы цӕрджыты. Азы кӕрон та сӕрмагонд сфӕлдыстадон проект сӕххӕст кӕндзысты Мӕскуыйы Сывӕллӕтты музыкалон театр ӕмӕ театр «Саби».

 

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here