Архайдта адæмы хорзæхæн

0
369

Хæрзаив — йæ бакаст, уæздан — йе сныхас, рæсугъд — йæ рацыд. Иуныхасæй, йæ аууонæй дæр æфсæрмы чи кодта, æнæрхъуыдыйæ, мыййаг мæ къæхты бын мæлдзыг куы ацъист кæнон, зæгъгæ, уымæй тæрсгæйæ, ацы зæххыл æдзух хъавгæйæ чи цыд, ахæм уæздан, хæдæфсарм æмæ æгъдауджын лæгæй зыдтой адæм Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг æмæ активон æхсæнадон кусæг Дзаццеты Ибрагимы.
Уымæн ивгъуыд аз йæ райгуырдыл сæххæст 100 азы. Райгуырд Дыгуры районы Хъарман-Сындзыхъæуы. Скъолайы фæстæ дарддæр ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон техникуммæ. Каст æй фæцис æнтыстджынæй æмæ йæ райгуырæн хъæуы скъолайы райдыдта ахуыргæнæгæй кусын.
1939 азы йæм фæсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм, æмæ æрыгон лæппу æнæзивæгæй ацыд йæ граждайнаг хæс æххæст кæнынмæ. Ибрагим чысылæй фæстæмæ бирæ уарзта бæхыл бадын. Ууыл та йæ сахуыр кодта йæ хæрæфырт Валодя, кæцы уыцы рæстæг уыд, Тугъанты Михал цирчы разамынд цы хъуыстгонд бæхылбадджыты къордæн лæвæрдта, уыцы зындгонд артисттæй иу.
Æмæ Ибрагим тынг цин кодта, службæ кæнгæйæ, кавалерион æфсадмæ кæй бахауд, ууыл. Арæх архайдта, бæхылбадджытæн-иу цы ерыстæ арæзт æрцыд, уым, æмæ-иу бацахста раззаг бынæттæ.
Иухатт дæр та Ибрагим сæ æфсæддон хайы кад хъахъхъæдта бæхты дугъты стыр ерысты. Фæлæ йæ бæхыл куыддæр сбадт, афтæ сын сæ командир фехъусын кодта æвирхъау хабар: «Райдыдта хæст!» Æмæ Ибрагим дæр йæ хæстон æмбæлттимæ æвæстиатæй карз тохы бацыд æрбалæбурæг гитлеронты ныхмæ.
Алчидæр æй зоны, Сталинграды цы тугкалæн тох цыд, уыцы хæстон хабæрттæ. Уыцы карз хæсты знæгты ныхмæ хъæбатырæй хæцыд Дзаццеты Ибрагим дæр. Йæ хæстон хъæбатырдзинады тыххæй Дзаццейы-фырт хорзæхджын æрцыд И.В. Сталины Арфæйы фыстæгæй.
Сталинграды фæстæ та Ибрагим архайдта Курскы тугкалæн хæсты æмæ уым дæр йæхи равдыста хъæбатырæй. Фæстæдæр та йæ хæстон æмбæлттимæ знæгтæй уæгъд кодта Прагæ. Ибрагим йæхæдæг куыд дзырдта, уымæ гæсгæ иуахæмы знæгтæ арт бандзæрстой иу хæдзарыл. Уырдыгæй хъуыст дыууæ æвзонг сабийы цъæхахст. Тас сын уыд басудзынæй. Уыцы æвирхъау ныв фенгæйæ, Ибрагим æмæ йемæ цалдæр хæстон æмбалы, афтæмæй, арты ‘взæгтæй нæ тæрсгæйæ, фервæзын кодтой уыцы сабиты мæлæтæй.
Йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй Дзаццеты Ибрагим хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы, Фыдыбæстæйы хæсты дыккаг къæпхæны ордентæй æмæ бирæ майдантæй.
Хæсты фæстæ Ибрагим кусын райдыдта нæ республикæйы Социалон æххуысады министрады къабазы. Куыд активон æхсæнадон архайæг æмæ дæсны разамонæджы курдиатæй хайджын, уымæ гæсгæ 1947 азы нысангонд æрцыд Инвалидты республикон хæдзары директорæй. Сахъат адæймагимæ та æнцон кусæн нæу. Уый йæ зæрдыл даргæйæ, инвалидтæй алкæмæ дæр Ибрагим дзырдта фæлмæн æмæ рæвдаугæ хъæлæсы уагæй. Йæ зæрдæйы цæхæр сын лæвæрдта æнæвгъауæй. Уымæ гæсгæ йын инвалидтæ кодтой уæлдай стырдæр аргъ.
Дзаццейы-фырт йæхи арæхстджын разамонæгæй равдыста, Черменыхъæуы протезтæ аразыны куыстуаты æмæ Сывæллæтты хæдзары директорæй куы куыста, уæд дæр. Йæ хорз куысты тыххæй йын саккаг кодтой Фæллойадон Сырх Тырысайы орден æмæ май- дан «За трудовую доблесть», стæй ма райста бирæ Кады грамотæтæ æмæ зынаргъ зæрдылдарæн лæвæрттæ дæр.
Ибрагимы бинойнаг Надеждæ Константины чызг дæр бирæ азты кад æмæ радимæ фæкуыста Сывæллæтты хæдзар «Ласка»-йы хъомылгæнæгæй, сæ чызг Светланæ та — ортопедион куыстуаты дохтырæй.
Дзаццеты Ибрагим кæд абон не ‘хсæн нал ис, уæддæр уый цы бирæ фарны хъуыддæгтæ сарæзта адæмы хорзæхæн, уыцы арфæйаг лæггæдтæ рох не сты дзыллæтæй, æмæ йын йæ рухс ном алкæддæр æрымысынц стыр æхсызгонæй. Адæймаг та фæцæры уæдмæ, цалынмæ йын адæм фæмысынц йæ ном.

БАЙЦАТЫ Петя, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æмæ фæллойы ветеран

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here