Æркастыты ахсджиаг фарстатæм

0
421

«Цæмæй нæ бæстæйы Президенты «Уæрæсейы Федерацийы субъектты æххæстгæнæг хицауадзинады архайды ахадындзинадæн аргъ кæныны тыххæй» Указ царды сырæза, уый тыххæй хъуамæ мах дæр бацæттæ кæнæм бæлвырд мадзæлттæ. Экономикон рæзты министрад хъуамæ нымад æрцæуа бæрноныл республикæйы Сæргълæууæджы доклад бацæттæ кæныны. Уырдæм хъуамæ хаст æрцæуой Цæгат Ирыстон-Аланийы æххæстгæнæг хицаудзинады оргæнты архайды бæрæггæнæнтæ. Хъуамæ æппæт æххæстгæнæг хицаудзинады оргæнтæ бацæттæ кæной æппæт фадæттæ, бæрæггæнæнтæ афойнадыл бадæттой Экономикон рæзты министрадмæ», — знон нæ республикæйы Хицауады æмбырды раныхас кодта экономикон ведомствойы разамонæг ТОМАЙТЫ Хъазыбег. Æмбырд амыдта Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Сидзæр æмæ æнæ ныййарджыты æвджид баззайæг сывæллæттæн социалон æгъдауæй баххуысы уæлæмхасæн зæрдæдарæнты тыххæй раныхас кодта ахуырад æмæ наукæйы министр Иринæ Азимова. Уыцы сывæллæттæ цалынмæ уæлдæр æмæ астæуккаг сæрмагонд ахуыргæнæндæтты ахуыр кæнынц, уæдмæ сæ хъуамæ паддзахад дара. Министр цы бæрæггæнæнтæ æрхаста, уыдонмæ гæсгæ боны дæргъы сывæллоны хæринагæн дихгонд цæуы 295 сомы. Бæрæггæннæтæ конд æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады фæрцы. Сидзæр сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгтæн хойраджы нормæтæ хъуамæ нымад цæуой нæхи регионы æргътæм гæсгæ. Мах регионы уый у 193 сомы.

Министр ма æрхаста сидзæр сывæллæттæн æмæ æнæ ныййарджыты æвджид баззайæг сывæллæттæн уæлæдарæсы, къахыдарæсы æмæ æндæр хъæугæ дзаумайы нормæты бæрæггæнæнтæ. Иринæ Азимова æмбырды архайджыты базонгæ кодта 2018 азы «Сæрак пурти»-йы кæронбæттæн турнир скæныны тыххæй уагæвæрдимæ. Бæрнон ыл уыдзысты ахуырады æмæ спорты ведомствотæ. Цæмæй турнир хуызæнæн æмвæзады ацæуа, уый тыххæй 2018 азы бюджеты бавæрдтой 300 мин сомы. Ныхасгæнæг куыд бацамыдта, афтæмæй ацы ерыстæ стыр ахъаз фæуыдзысты сывæллæтты æнæниздзинад фæхъæддыхдæр кæнынæн, футболмæ уарзондзинад æмæ тырнындзинад фæпарахатдæр кæнынæн.

Æмбырды куыд райхъуысти, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министры бардзырдмæ гæсгæ 2018 азы, майы æмæ июны, скъолаты хистæркъалсонтæн, профессионалотехникон училищеты æртыккæгæм курсы ахуырдзаутæн скæндзысты хæстон ахуыртæ. Уыдоны фæрцы зынгæ фæфылдæр уыдзысты сæ зонындзинæдтæ бæстæхъахъхъæнынады, уæдæ хæстон службæйы бындуртимæ дæр хæстæгдæр базонгæ уыдзысты. Цæмæй хæстон ахуыртæ дзæбæх ацæуой, уый тыххæй хъуамæ фарстамæ се ‘ргом раздахой бынæттон хиуынаффæйады администрацитæ, ахуыргæнæндæтты разамонджытæ, Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад, Фæсивæды хъуыддæгты тыххæй комитет æмæ Республикæйы æфсæддон комиссарад.

Адæмæн куыст дæттыны комитеты сæрдары хæдивæг Дзгойты Иринæ куыд бамбарын кодта, афтæмæй 2014-2020 азты республикæйы цæрджытæн куысты бынæттæ ссарынæн ахъазгæнæг паддзахадон программæйы фæлгæты профессионалон-техникон училищеты рауагъдонты æрвитынц стажировкæмæ нæхи республикæйы æмæ Уæрæсейы æндæр регионтæм дæр. Уый охыл районты æмæ Дзæуджыхъæуы бюджеттæн лæвæрд цæуынц бюджетты ‘хсæн трансферттæ. Æдæппæт сты 1 595 993 сомы. Афтæмæй, Дзæуджыхъæуæн дихгонд цæуы 325 390 сомы, Æрыдоны районæн — 195 180 сомы, Дыгуры районæн — 314 444 сомы, Æрæфы районæн — 83 857 сомы, Рахизфарсы районæн — 250 012 сомы, Горæтгæрон районæн — 427 110 сомы.

Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Сохъуырты Альберт æрныхас кодта 2019-2030 азты нæ республикæйы электрон фæрæзты рæзты программæ сфидар кæныныл. Куыд бамбарын кодта афтæмæй конд у æртæ хайæ; фыццагдæр хъуамæ æвзæрст æрцæуа электрон фæрæзты раздæры уавæр, ныртæккæ цас æххæст æмæ хъомысджын сты, уый æмæ йæ дарддæры рæзты нысантæ. Министр куыд бамбарын кодта, афтæмæй хъæугæ объекттæ арæзт цæудзысты федералон бюджет æмæ хæдзариуæггæнæг организациты фæрцы.

Æмбырды ма равзæрстой æмæ æркастысты æндæр фарстатæм дæр.

 

БУТАТЫ Эльзæ

Къамтæ систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here