Алыхуызон социалон хызӕгты адӕймаг цӕуыл нӕ бакӕсдзӕн ӕмӕ дзы быцӕу ныхас цы нӕ фарста нӕ расайдзӕн, ахӕм нӕй. Зӕгъӕм, а фӕстаг рӕстӕг паддзахадон бюджетон куыстуат Санатори “Осетия» (“Ирыстон”)-ы алыварс цӕуы бирӕ алыхуызон ныхӕстӕ.
Интернеты цыдӕриддӕр фыст цӕуы, алы ныхасӕн дӕр дзуапп дӕттын, чи зоны, ӕмӕ республикон газетӕн сӕрмӕхӕссинаг хъуыддаг нӕу. Фӕлӕ нӕм редакцимӕ хъуыддаджы фӕдыл райдыдтой дзурын газеткӕсджытӕ, тыхстӕй нӕ фарстой, агуырдтой дзуапп, куырдтой, цӕмӕй сын исты бӕлвырд хабар фехъусын кӕнӕм. Уымӕ гӕсгӕ ацы фарстайӕн йӕ рӕзты рацӕуын растыл нӕ банымадтам.
Рынчынтӕн, республикӕйы цӕрджытӕй се ‘ппӕтӕн дӕр санатори ссис уарзон бынат, йӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ, йӕ фӕллад уадзынмӕ ардӕм чи тырны, ахӕм рӕттӕй иу. Ӕмӕ йын адӕм йӕ хъысмӕтыл тыхсынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ цъиувӕдис барӕй чи сисы. Фӕлӕ — цӕмӕн? Цавӕр вӕййы сӕ ны- сан уыдонӕн? Чи зӕгъы, санатори паддзахады исбонӕй исынц ӕмӕ йӕ хицӕн адӕймӕгтӕ кӕнынц приватизаци, чи зӕгъы, нырмӕ кӕй бӕрны уыд, уыцы министрадӕй (ома, Фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министрадӕй) йӕ исынц ӕмӕ йӕ дӕттынц ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадмӕ (уӕд цӕмӕн?). Ӕмӕ фарстӕн дзуапп раттыны хуызы цъиувӕдисгӕнджытӕ кӕнынц алыхуызон ӕфсӕнттӕ — иу иннӕмӕй ӕнӕсӕрфатдӕр. Кӕд, мыййаг, алыхуызон ныхӕстӕ баст сты, санаторийӕн йӕ разамынд кӕй аивта, уыимӕ? Цыбыр дзырдӕй, ныхӕстӕ, бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ, дамдумтӕ — бирӕ. Уыдонӕн кӕрон скӕнын, ныхӕстӕй раст ӕмӕ зылын чи у, уый базонын «Рӕстдзинад» банымадта йӕ хӕсыл, ӕмӕ уый фӕдыл, фыццаджыдӕр, ныхас кодтам нӕ республикӕйы фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министры хӕдивӕг Маматы Анжелӕимӕ.
Уый куыд загъта, афтӕмӕй, фынддӕс азы размӕ куыд уыд, афтӕ абон дӕр санатори «Осетия» («Ирыстон») ис Фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министрады бӕрны. Уый у паддзахадон бюджетон куыстуат. Йӕ куыст аккагӕй ӕххӕст кӕнынӕн цы хӕрдзтӕ хъӕуы — коммуналон хӕдзарады, транспорты, бастдзинады хæрдзтӕ — се ‘ппӕтӕн дӕр санатори фиды йӕхӕдӕг. Ӕрмӕст йӕ кусджытӕн мызд бафидынӕн ӕхца лӕвӕрд цӕуы республикон бюджетӕй. Санаторийы разамынд кӕй аивта, уый тыххӕй министры хӕдивӕг бамбарын кодта афтӕ: «Бирӕ азты дӕргъы санаторийӕн разамынд лӕвӕрдта фӕлтӕрдджын адӕймаг — сӕйраг дохтыр Цӕллагты Людмилӕ. Ныр, йӕ куысты тыххӕй йын цы контракт уыд, уый кӕронмӕ ӕрхӕццӕ. Министрад расидт конкурс ацы бынатмӕ. Конкурсы чи архайдта, уыцы адӕймӕгтӕн алывӕрсыгӕй аргъ кодта сӕрмагонд экспертон къамис, ӕмӕ архайджытӕй хуыздӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ равдисӕг ссис санаторийы ног сӕйраг дохтыр. Уый разынд дӕсны разамонӕг, бӕрзонддӕр къӕпхӕны дохтыр, невролог Зӕнджиаты Елизаветӕ.
Уавӕр ӕххӕстӕй бӕлвырд кӕны, нӕ республикӕйы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Фадзайты ӕхсарбег ацы фарстайы фӕдыл цы комментари радта, уый. Бӕрнон адӕймаг куыд зӕгъы, афтӕмӕй санатори кӕмӕндӕр ауӕй кӕныны тыххӕй ныхӕстӕ сты ӕнӕбындур дам-думтӕ.
— Санатори «Осетия» («Ирыстон») у паддзахадон бюджетон кусӕндон. Хицауады хӕс та у ӕппӕт паддзахадон кусӕндӕтты уавӕрмӕ, стӕй сӕ лӕггӕдты хӕрзхъӕддзинады фарстатӕм цӕст дарын. Ӕмӕ уыцы хӕс ӕххӕст кӕнӕм. Санатори «Осетия» («Ирыстон») у, ӕппӕт Цӕгат Кавказы цы нырыккондӕр курорттӕ ӕмӕ санаторитӕ ис, уыдонӕй иу, уымӕ гӕсгӕ социалон ӕгъдауӕй у ахсджиаг куыстуат. Йӕ лӕггӕдтӕ ӕхсызгонӕй хъӕуынц канд республикӕйы цӕрджыты нӕ, фӕлӕ, баулӕфынмӕ ӕмӕ йе ‘нӕниздзинад фӕфидар кӕнынмӕ нӕм ӕндӕр регионтӕй чи ӕрбацӕуы, уыцы адӕмы дӕр. Уый у тынг ахсджиаг хъуыддаг, уымӕ гӕсгӕ нӕ размӕ ӕрцыд хӕс ӕвӕрд — санаторийы гӕнӕнтӕй ноджы хуыздӕр пайдагонд цӕмӕй цӕуа ӕмӕ йӕ лӕггӕдтӕ хӕрзхъӕддӕр цӕмӕй кӕной, ахӕм пъланыл бакусын. Уыцы нысанимӕ ныртӕккӕ ӕвзӕрст цӕуы санатори ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадмӕ адӕттыны фарста, ӕмӕ уымӕн ис бындур, уымӕн ӕмӕ санатори кӕны рынчынты реабилитацигӕнӕн куыст, ис ӕм медицинон лӕггӕдтӕ кӕнынӕн бардӕттӕг лицензи дӕр. Ис ахӕм экспертон хъуыды, ӕмӕ, санаторийӕн йӕ куыстӕй уыдзӕн ноджы фылдӕр пайда, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн лӕвӕрд куы ӕрцӕуа, уӕд. Экспертты ныхасмӕ гӕсгӕ, дӕсны медицинон ӕххуыс кӕныны гӕнӕнтӕ санаторийӕн уӕд ноджы фӕуӕрӕхдӕр уыдзысты. Цыбыр дзырдӕй, ныртӕккӕ ныхас цӕуы ацы паддзахадон кусӕндоны медицинон гӕнӕнтӕй ноджы хуыздӕр пайда кӕныныл. Ӕмӕ уый у раст, — зӕгъы Фадзайты ӕхсарбег. Хицауады Сӕрдары хӕдивӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ, фарстамӕ каст цӕуы дыууӕ ‘рдыгӕй: профессионалон цӕстӕнгасӕй, ома, медицинон лӕггӕдты хӕрзхъӕддзинад ноджы фӕхуыздӕр кӕнын, ӕмӕ, финанстӕ ӕмӕ экономикон цӕстӕнгасӕй.
— Цавӕрфӕнды куыстуат йӕ бюджетимӕ, йӕ кусджытӕ ӕмӕ йӕ хӕрдзтимӕ иу ведомствойӕ иннӕмӕ адӕттын домы, йӕ финансон уавӕр лӕмбынӕг ӕвзӕрст цӕмӕй ӕрцӕуа, уый. ӕмӕ уыцы хъуыддаг равзардзыстӕм, ӕркӕсдзыстӕм, санаторийы бюджет фӕфылдӕр кӕнынӕн гӕнӕнтӕ ис ӕви нӕ, уымӕ дӕр. Ома, ныхас цӕуы ӕрмӕстдӕр иунӕг хъуыддагыл: санатори иу ведомствойӕ иннӕмӕ куы адӕттӕм, уӕд уый йӕ куыстыл куыд фӕзындзӕн, кусджытӕ ӕмӕ пациенттӕ уымӕй цы рамбулдзысты. Ӕппӕт ацы фӕрстытӕн дзуапп ратдзӕн экспертты иумӕйаг уынаффӕ. ӕмӕ уӕд уыцы уынаффӕйы бындурыл хъуыддаг ӕрцӕудзӕн лыггонд, ома, санатори «Осетия» («Ирыстон») ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадмӕ адӕттын ӕмбӕлы ӕви нӕ, уыцы фарстӕн ратдзыстӕм дзуапп. Уый уыдзӕн бӕрӕг ацы азы кӕронмӕ. Фӕлӕ цыфӕнды ивддзинӕдтӕ куы ӕрцӕуа, уӕддӕр санаторийы кусджыты уавӕрыл, стӕй пациентты уавӕрыл дӕр уыдон фӕзындзысты ӕрмӕстдӕр хуыздӕрӕрдӕм. Уӕдӕ фӕллойы ветерантӕн, льготӕтӕй пайдагӕнджытӕн ныридӕгӕн цы паддзахадон ӕххуыс уыд, уый сын уыдзӕн дарддӕр дӕр. Ныхас цӕуы ӕрмӕстдӕр медицинон лӕггӕдты хӕрзхъӕддзинадыл ӕмӕ сӕ гуырахст фӕфылдӕр кӕныныл, — зӕгъы Фадзайты ӕхсарбег.
Йӕхи цы санаторийы дзӕбӕх кӕны ӕмӕ йӕ фӕллад кӕм уадзы, уый цавӕр министрады бӕрны ис, рынчын адӕймагӕн уый уӕлдай нӕу. Уымӕн сӕйраг у йе ‘нӕниздзинад фӕфидар кӕнын, баулӕфын ӕмӕ, уыцы хъуыддӕгтӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕппӕт уавӕртӕ дӕр арӕзт кӕй сты, уый йӕ алыварс уынын ӕмӕ сӕ ӕнкъарын. Уый у йӕ сӕйраг нысан алы санатори ӕмӕ алы дзӕбӕхгӕнӕндонӕн. Ӕмӕ уыцы нысанӕн санатори «Осетия» («Ирыстон») дзуапп кӕй дӕтдзӕн ӕмӕ йӕ гӕнӕнтӕ ӕмӕ авналӕнтӕ ноджы хуыздӕр кӕй кӕндзысты, ууыл дызӕрдыг кӕнынӕн бындур нӕй.
ДЕДЕГКАТЫ Зӕлинӕ