Медиафорум. Фыссӕнгарзӕй — Интернетмӕ

0
1003

Уацхӕссӕджы куыст ӕнцон никуы уыд, уый алчидӕр зоны. Уыимӕ уацхӕссӕг фылдӕр хатт нӕ фӕзоны, цы бон, цы сахат ӕй кӕдӕм арвитдзысты ӕрмӕг скӕныны фӕдыл, уый. Ӕрмӕг скӕнынӕн иуварсӕй кӕсгӕйӕ бирӕ нӕ хъӕуы — дӕ алфамбылай афӕлгӕс ӕмӕ фысгӕ кӕн. Фӕлӕ уый бынтон афтӕ нӕу. Уацхӕссӕг цӕмӕй хъӕугӕ, газеткӕсӕджы зӕрдӕмӕ чи фӕцӕуа, ахӕм ӕрмӕг скӕна, уый тыххӕй йӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бахъӕуы рахид кӕнын.

Уӕлдай зындӕр архайӕн вӕййы национ хъуыддӕгтимӕ, адӕмыхӕттыты ӕмахастытимӕ баст фарстатыл. Хъуамӕ ӕрмӕг йӕ фӕстӕ ма расайа зӕрдӕагайӕн, ӕппӕрццӕг фӕстиуджытӕ. Уӕлдайдӕр та абоны царды фӕлгӕты. Уый та комкоммӕ аразгӕ у уацхӕссӕгӕй. О, фӕлӕ уацхӕсджытӕ дӕр алыхуызон вӕййынц. Иутӕ дзы сӕхи хонынц уацхӕсджытӕ, фӕлӕ сын се ‘рмӕджытӕ куы бакӕсай, уӕд та сты хуымӕтӕджы ныхас хӕсджытӕ. Уый хыгъд сын сӕ арвистон кӕсынц, сӕхи хуызӕн, журналистикӕ цы у, уый чи нӕ зоны, ахӕм адӕмтӕ. Иннӕтӕ та сты уӕззау зондыл хӕст, арфхъуыдыджын, адӕм кӕй ӕрмӕджытӕм фенхъӕлмӕ кӕсынц, ахӕм журналисттӕ. Фӕлӕ уыдо- ны ӕрмӕджытӕн сӕ кӕсӕг фыццӕгты бӕрц нӕу. Нӕу уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ сӕ нӕ зонынц, фӕлӕ уый тыххӕй, ӕмӕ дуг аивта. Хъыгагӕн, абон ӕппӕт дунейы, уыимӕ, Уӕрӕсейы дӕр мыхуыргонд ӕрмӕджытӕ кӕсӕг бирӕ нал ис. Адӕм фылдӕр баст сты Интернеты тыгъдадимӕ. Уым та хъӕугӕ ӕрмӕджытӕ стӕм сты.

Интернеты тыгъдады кӕцыфӕнды сайтмӕ дӕр куы бацӕуай, уӕд, ӕнӕмӕнг, сӕмбӕлдзынӕ нациты ӕхсӕн, уӕлдайдӕр та Кавказы цӕрӕг адӕмыхӕттытимӕ баст ӕнӕразыдзинӕдтимӕ. Ам фӕсивӕд афтӕ ӕнцон сайӕн систы ӕмӕ сын исчи «стӕг куы баппары», уӕд ыл сӕхи ӕххормаг куыйты цавд ныккӕнынц. Афтӕмӕй иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ рауад хъаугъатӕ ӕрыгӕтты ӕхсӕн. Цӕмӕй ахӕм цаутӕн абоны царды бынат ма уа, уый тыххӕй хъуамӕ активонӕй архайой абоны журналистты ног фӕлтӕр. Фӕлӕ уыдонимӕ дӕр хъӕуы кусын. Уыцы куыст Цӕгат Кавказы фӕлгӕты йӕхимӕ райста культурӕ ӕмӕ ахуырад райрӕзын кӕнын ӕмӕ бахъахъхъӕныны Автономон ӕнӕкоммерцион Организаци «Арфа». Ацы организаци къорд азы размӕ архайдта Уӕрӕсейы Президенты фондӕй ӕхцайы фӕрӕзтӕ рамбулыны конкурсы. Уым сӕм, организацийы разамонӕг ӕмӕ медиафорум «СМИ — платформа мира и согласия»-йы саразӕг, ЦИПУ-йы журналистикӕйы факультеты декан Хӕбӕлаты Фатимӕ куыд зӕгъы, афтӕмӕй сӕ хъус ӕрдардтой, сӕ хъуыдытӕ сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты ӕмӕ сын радтой Президенты грант.

Гранты ӕхцайы фӕрӕзтӕй фонды уӕнгтӕ ӕрвылаз скӕнынц, рӕзгӕ фӕсивӕды хъомыладӕн ахъаз чи у, ахӕм форумтӕ. Ӕмӕ та ацы аз дӕр ӕртӕ боны дӕргъы ЦИПУ-йы бындурыл цыд Цӕгат Кавказы фӕсивӕдон медиафорум «СМИ — платформа мира и согласия». Форумы сӕйраг архайджытӕ уыдысты Цӕгат Кавказы федералон зылды регионты ӕрыгон журналисттӕ ӕмӕ студенттӕ — фидӕны журналисттӕ. Фыццаг хатт дзы архайдтой Республикӕ Хуссар Ирыстоны — Паддзахад Аланийы минӕвӕрттӕ.

Ӕрыгон журналисттӕн лекцитӕ кастысты мӕскуыйаг уазджытӕ — адӕмты ‘хсӕн архайӕг Журналистикӕйы Гильдийы сӕргълӕууӕг Маргаритӕ Лянге, Мӕскуыйы паддзахадон университеты периодикон мыхуыры кафедрӕйы хистӕр ахуыргӕнӕг, филологон наукӕты кандидат Надеждӕ Ажгихина, Национ ахуырадон каналы Генералон директор Владимир Косечук, проект «Хӕлардзинады мӕсгуытӕ»-йы разамонӕг, журналист Руслан Гусаров ӕмӕ нӕхи республикӕйы минӕвар, газет «Северная Осетия»-йы сӕйраг редактор, историон наукӕты кандидат Касаты Алан. Радзырдтой сын, цавӕр хъуамӕ уа, национ хъуыддӕгты тыххӕй цы журналист фӕфыссы, уый, цавӕр фӕрӕзтӕй хъуамӕ пайда кӕна, йе ‘рмӕг Интернеты тыгъдады ӕнӕ редакторы ӕркастӕй куы ӕвӕра, уӕд. Журналистикӕйы ацы ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр лыстӕг хабӕрттӕм цымыдисӕй хъуыстой ног фӕлтӕры журналисттӕ.

— Ацы форум саразынвӕнд куы скодтам, уӕд нӕ размӕ сӕвӕрдтам сӕйраг хӕс — нӕ сыхаг регионты ӕрыгон журналисттӕ кӕрӕдзи базоной. Уымӕн ӕмӕ абон нӕ алыварс бирӕтӕ кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй кӕсынц. Уыцы ӕвзӕр миниуӕг йӕ бон фесафын у ӕрмӕстдӕр журналистӕн, хорз журналистӕн. Уымӕн ӕмӕ уый хъуыддаджы тыххӕй рӕстдзинад куы ныффысса, ӕцӕгдзинады уӕвӕг факттӕ куы ӕрхӕсса, афтӕмӕй ӕрмӕг адӕммӕ куы адӕтта, уӕд уый бакӕсыны фӕстӕ адӕмы кӕцыдӕр ӕмбисы зондахаст аив- дзӕн. Дыккаджы та нӕ фӕнды, цӕмӕй кавказаг журналисттӕ айдагъ сӕхи тыххӕй ма фыссой, фӕлӕ сӕ кӕрӕдзи тыххӕй дӕр. Цы ма ис уымӕй хуыздӕр, ӕмӕ иу регионы журналист иннӕ регионы хорз хабӕртты тыххӕй куы фысса. Мӕнмӕ гӕсгӕ, абон ӕрмӕстдӕр ахӕм сындӕг къахдзӕфтӕ кӕнгӕйӕ, ис байтауӕн фидӕны стыр хӕлардзинады талаты мыггӕгтӕ, — загъта Хӕбӕлаты Фатимӕ. 

 

КАСАТЫ Аслӕнбег

Къамтӕ систа КЪӔБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here