Майрӕмбоны Хуссайраг ӕфсӕддон зылды 58-ӕм ӕфсады дӕлхайӕдты уыд «Гом дуӕртты бон». Бӕрӕгбон баст у Цӕгат Кавказы Хуссайраг ӕфсӕддон зылды сарӕзты 100 азы юбилей- имӕ. Цы бирӕ адӕм ӕрбацыдис, уыдон ӕвдисӕн уыдысты Уӕрӕсейы Гӕрзифтонг тыхты абоны цӕттӕдзинадӕн. ӕмӕ та райхъуыст гӕрӕхтӕ, скалдис топпыхосы фӕздӕг, фӕлӕ уыдон сабырдзинады фидар бындур, стӕй Уӕлахизы Боны кадӕн арӕзт бӕрӕгбоны ӕвдисӕнтӕ уыдысты.
Абоны ӕфсӕддонтӕ цъӕх фӕзыл сӕ хъару ӕвдыстой алы хуызты, уы- мӕй ныфс ӕвӕрдтой, ӕфсадмӕ домбай фӕсивӕд кӕй ацӕудзӕн. Хистӕрты цӕсгӕмттыл мидбылхудт хъазыд, ӕмӕ уый уыд сӕрыстырдзинады бӕрӕггӕнӕн.
— Контрактон службӕмӕ бацӕуыны фӕнд нӕ республикӕйы цӕрджытӕй кӕмӕ ис, 18 азӕй 40 азмӕ кӕуыл цӕуы, уыдонӕн бадзырд бафыссыны фадат ис ӕфсӕддон командӕкӕнынадимӕ, — зӕгъы майор Виктор Деревянков.
Рӕнхъон Сергей Куренной Стъараполы крайӕ у. Йӕ ӕфсӕддон службӕйы ӕмгъуыд кӕронмӕ ӕрхӕццӕ. Уазджытӕн кас сфыцыны бар ын радтой, ӕмӕ хорз сарӕхстис. — Ирыстон мӕ мысинӕгты баззайдзӕнис, рӕсугъд сахар у Дзӕуджыхъӕу, адӕм дзы хӕларӕй цӕрынц, ӕфсӕддон лӕгӕн дзы кад кӕнын зонынц — зӕгъы Сергей. Уыцы рӕстӕг бӕрӕгбон йӕ тӕмӕны бацыд. Ӕфсӕддон оркестры зӕлтӕ ӕмбӕлдысты зӕрдӕйыл. Се ‘ппӕтӕн дӕр фадат уыдис ӕфсӕддон техникӕимӕ хӕстӕгдӕр базонгӕ уӕвынӕн. Скъоладзаутӕ, суворовонтӕ, ӕрбацӕуӕг адӕм уыцы гӕнӕнтӕй ӕхсызгонӕй спайда кодтой.
Ӕмткӕй райсгӕйӕ, бӕрӕгбон рауад цымыдисаг.
ГУГКАТЫ Жаннæ






















