Хуссайраг ӕфсӕддон зылды 100 азы юбилей

0
692

 

Знон горӕт Ростовы цыдысты Хуссайраг ӕфсӕддон зылды сарӕзты 100 азы юбилейы фӕдыл кадджын мадзӕлттӕ. Бӕрӕгбоны архайдта Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг БИТАРТЫ Вячеслав дӕр. Уый тыххӕй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Кадджын ӕмбырды размӕ та Битарты Вячеслав дидинджытӕ сӕвӕрдта, нӕ зындгонд ӕмзӕххон, Советон Цӕдисы дыууӕ хатты Хъӕбатыр, Манголы Адӕмон Республикӕйы Хъӕбатыр, 1958- 1968 азты Цӕгат Кавказы ӕфсӕддон зылды командӕгӕнӕг Плиты Иссӕ кӕм цард, уыцы хӕдзары къулы цур.

Хуссайраг ӕфсӕддон зылды командӕгӕнынад ӕмӕ службӕгӕнджытӕн арфӕ кӕнгӕйӕ, Битарты Вячеслав йӕ раныхасы фӕбӕрӕг кодта:

— Сӕдӕ азы бӕрц салдӕттӕ ӕмӕ афицертӕ кад ӕмӕ намысимӕ ӕххӕст кӕнынц сӕ размӕвӕрд хӕстӕ, ӕфсӕддон зылды дӕлхайӕдтӕ хъахъхъӕнынц Хуссар Уӕрӕсейы сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад.

Хуссайраг ӕфсӕддон зылды азфысты историйы бирӕ ирд цаутӕ ис — Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг хъӕбатыр архайд, алы адӕмты ‘хсӕн быцӕутӕ бауромыны, Цӕцӕн ӕмӕ Дагестаны ӕнӕзакъон гӕрзифтонг къордтӕн ныхкъуырд раттын, Гуырдзыстоны ӕрбалӕбурдӕй Хуссар Ирыстоны цӕрджыты бахъахъхъӕнын ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Æмӕ ӕфсӕддон дӕлхайӕдты службӕгӕнджытӕ алкӕддӕр ӕвдыстой бӕрзонд цӕттӕдзинад ӕмӕ адӕймаджы удыхъӕды хуыздӕр миниуджытӕ.

Кадджын ӕмбырды фӕстӕ Хуссайраг ӕфсӕддон зылды дӕлхайӕдтӕ архайдтой бӕрӕгбоны парады дӕр.

Цӕгат Кавказы ӕфсӕддон зылд арӕзт ӕрцыд 1918 азы 4 майы Адӕмон комиссарты советы уынаффӕйӕ. 2010 азы Цӕгат Кавказы ӕфсӕддон зылды бындурыл арӕзт ӕрцыд Хуссайраг ӕфсӕддон зылд (йе сконды сты Сау денджызы флот, Хъаспы денджызы флотили, Хуссар Ирыстоны, Абхаз ӕмӕ Сомихы республикӕты Уӕрӕсейӕн цы ӕфсӕддон базӕтӕ ис, уыдон).

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here