Президенты инаугураци. Владимир ПУТИН: «Æппæт хъарутæй дæр кусдзынæн Уæрæсейы сабыр æмæ фæрныгдæр фидæныл»

0
427

Знон Мæскуыйы уыд Уæрæсейы Президентæй ног æмгъуыдмæ æвзæрст Владимир ПУТИНЫ инаугураци. Владимир Путин Президенты æххæстбарты бацыд ныр цыппæрæм хатт, бæстæйæн разамынд дæтдзæн хæстæгдæр æхсæз азы. Президент ард бахордта УФ-йы Конституцийыл, стæй раныхас кодта Уæрæсейы цæрджытæм ныстуанимæ.

Владимир Путин йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй бæлвырд æнкъары, Уæрæсейы адæмы раз йæхимæ цы стыр бæрнондзинад райста, уый. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, йæхицæн сæйрагдæр хæсыл нымайы æппæт хъарутæй Уæрæсейы сабыр æмæ фæрныгдæр фидæныл кусын. Президент йæ царды ахсджиаг нысаныл нымайы Фыдыбæстæ æмæ адæмæн удуæлдай лæггад кæ- нын, йæ ныхасмæ гæсгæ, «Уæрæсе уыдзæн хъомысджындæр, йæ адæм та цæрдзысты хуыздæр». Владимир Путин куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй паддзахады сæйрагдæр хæсты ‘хсæн сты ахуырад, æнæниздзинад хъахъхъæнынад, мадæлтæ æмæ сывæллæттыл аудын.

Ныртæккæйы рæстæгæн аргъ кæнгæйæ, Президент куыд загъта, афтæмæй цæрæм ахсджиаг æмæ зынгæ ивддзинæдты дуджы, Уæрæсейы дарддæры хъысмæтыл чи фæзына, уыцы уынаффæтæ рахæссыны рæстæг ралæууыд. «Разæй нæм æнхъæлмæ кæсы ноджы бæрнондæр куыст. Æмæ цæмæй уыцы архайд æнтыстджындæр уа, уый сæраппонд æрбангом кæнын хъæуы æппæт уæрæсейаг æхсæнады хъарутæ, æппæт политикон æмæ граждайнаг тыхтæ», — фæбæрæг кодта Владимир Путин.

Президенты ныхасмæ гæсгæ, Уæрæсе хъуамæ йæхæдæг бæлвырд кæна йæ фидæн: «Мах сахуыр стæм нæ бартæ æмæ нæ интерестæ хъахъхъæнын, ногæй сæрбæрзонд стæм нæ Фыдыбæстæйæ, ногæй не ‘ргом аздæхтам фыдæлтыккон удварны хæзнатæм. Æппæт уыдæттыл æнцой кæнгæйæ, хъæуы размæ цæуын».

Владимир Путины ныхасмæ гæсгæ, иудадзыгдæр зæрдыл дарын хъæуы, хицаудзинад адæмы раз бæрнон кæй у, уый. «Адæмы фæнды, цæмæй се ‘рвылбоны царды фарстатæ афойнадыл лыггонд цæуой, цæмæй сæ фæндæттæ æмæ домæнтæм лæмбынæг цæстдард уа, цæмæй хицаудзинады æппæт къабæзты архайд дæр уа æргом», — загъта Президент.

 

БИТАРТЫ Вячеслав: “Дарддæры размæцыды нысантæ бæлвырд сты”

«Бæстæйы Президент Владимир Путин йæ инаугурацийы рæстæг раныхасы ногæй фæбæлвырд кодта, федералон министрадтæ æмæ ведомствотæ регионалон хицаудзинады æххæстгæнæг оргæнтимæ иумæ цы ахсджиаг фарстатыл кусдзысты, уыдон», — æмбырды фæстæ загъта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг. Битары-фырты хъуыдымæ гæсгæ, фæстаг дыууæ азы дæргъы бæлвырд мадзæлттæ арæзт цæуы экономикæйы нывылдзинадæн. Уыцы æууæлтæ фидар бындур æвæрынц дарддæры размæцыдæн. «Арæзт æрцыдысты Цæгат Ирыстоны дарддæры социалон-экономикон райрæзты программæтæ, цардарæзты æппæт къабæзтæм дæр уыдзæн æххæстгæнæг хицаудзинад æмæ бынæттон хиуынаф- фæйады оргæнты лæмбынæг цæстдард. Кæй зæгъын æй хъæуы, хицаудзинады оргæнты архайдæй комкоммæ арæзгæ у регионы райрæзт. Республикæйы экономикæйы, цардарæзты иннæ къабæзты цы тыхстаг фарстатæ ис, уыдон зонæм æмæ сыл кусæм. Уыимæ, ныртæккæ нæ сæйрагдæр нысан у рæстæджы домæнтæн аккаг дзуапп дæттын æмæ нæ республикæйы адæмы царды уавæртæ хуыздæр кæнынæн фадæттæ аразын», — бафиппайдта Битарты Вячеслав.

Æрмæджытæ бацæттæ кодта СЛАНТЫ Аслан

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here