Ивгъуыд сабаты Дзæуджыхъæуы 28-æм астæуккаг скъолайы кæрты цы кадджын æмбырд сарæзтой, уый рæстæг байгом кодтой Советон Цæдисы Хъæбатыр ГАДЖИТЫ Алыксандры мемориалон фæйнæг.
Уыцы цауы фæдыл æмбырдмæ æрбацыдысты республикæйы Хицауад æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы бæрнон кусджытæ, Ветеранты советы уæнгтæ, Гаджиты мыггаг æмæ горæты æхсæнады минæвæрттæ.
Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Хъулаты Уырызмæг йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æфсæддон тæхæг, Советон Цæдисы Хъæбатыр Гаджиты Алыксандры цард ныры æмæ фидæны фæлтæртæн уыдзæн дæнцæгон, уый хæстон сгуыхтдзинæдтæ æнустæм баззайдзысты адæмы зæрдæты. «Ирон адæм алкæддæр сæрбæрзонд уыдзæн Гаджиты Алыксандры хуызæн хъæбатыртæй», — загъта Хъулаты Уырызмæг.
Хъæбатыр хæстоны сгуыхтдзинæдтæ æмæ цардвæндаджы тыххæй радзырдтой фембæлды иннæ архайджытæ дæр.
Мемориалон фæйнæг байгом кæныны кадджын бар радтой 28-æм скъолайы ахуырдзаутæ æмæ мыггаджы минæвар Гаджиты Алыксандрæн.
Зындгонд куыд у, афтæмæй Дзæуджыхъæуы 28- æм скъолайæн æрæджы лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыр Гаджиты Алыксандры ном. Гаджийы-фырт райгуырд 1922 азы 16 июны. Йæ хæстон фæндаг райдыдта 1944 азы 3 майы — уæд не ‘мзæххоны хæдтæхæджы экипаж знаджы ныхмæ тох кæнын райдыдта Балтиаг флоты 51-æм авиацион полчъы сконды. Уæлахизы боны онг Гаджийы-фырты экипаж знаджы дæрæн кæнынмæ ратахт 106 хатты. Уыцы хæстон ратахтыты рæстæг фæдæлдон кодта знаджы 6 транспортон науы, стæй 1 доныбынты цæуæг нау. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ Гаджиты Алыксандр йæ æфсæддон службæ адарддæр кодта. Фæстæдæр цард æмæ куыста Мæскуыйы — уыд хъахъхъæнынадон комплексы наукон-иртасæн институттæй иуы хистæр инженер. Цардæй ахицæн 1981 азы, баныгæдтой йæ Мæскуыйы.