ЦИПУ-йы ахуыргæндты советы æмбырдтæгæнæн залы уыд журналистикæйы кафедрæйы сæргълæууæг ТЕДТОЙТЫ Зинаидæйы арæзт дунеон литературæйæ тæлмацгонд уацмысты æмбырдгонд «Цæры æмæ цæрдзæн сæ намыс» æмæ номдзыд ахуыргæндтæ æмæ ирон литературæйы зиууæттæ Джусойты Нафийы æмæ Джыккайты Шамилы тыххæй фыст литературон-критикон уацты æмбырдгонд «Хур у мæлæтæй тыхджындæр» æмæ ирон æвзагмæ номдзыд уырыссаг поэт Николай Некрасовы «Равзаргæ уацмысты» тæлмацгонд æмбырдгонды презентаци. Архайдтой дзы ЦИПУ-йы æмæ Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты зонадон кусджытæ æмæ ЦИПУ-йы ирон филологийы æмæ журналистикæйы, фæсарæйнаг æвзæгты факультетты ахуыргæндтæ æмæ литературæиртасджытæ.
Цардæн йæ фидыц сты хистæртæ. Уыдоны рухс зонды фарнæй цæрæццаг сты кæстæртæ. Уыцы арфæйаг хистæртæй иу у ЦИПУ-йы профес- сор, РЦИ-Аланийы ахуырады сгуыхт кусæг, УФ-йы Журналистты цæдисы уæнг Тедтойты Зинаидæ. Уый цыппор азæй фылдæр ЦИПУ-йы кæны ахуырадон, зонадон æмæ хъомыладон куыст. Йæ зæрдæйы уаз рухсæй, йæ зондæй кæй фæхайджын кодта, уыцы фæсивæдæй дæр Зинаидæйау рауад Ирыстонæн удуæлдай лæггадгæнджытæ. Абон уыдонæй бирæтæ кусынц нæ бæстæйы ахуырадон, рухсадон, зонадон артдзæстыты, дзыллон хабархæссæг фæрæзты.
Тедтойты Зинаидæ ирон аивады æмæ культурæйы зындгонд архайджыты, стæй нæ рухстауджыты тыххæй цы чингуытæ ныффыста, уыдон аккаг бынат æрцахстой нæ дзырдаивады хæзнадоны. Йæ арæзт методикон æрмæджытæ æмæ дзырдуæттæ стыр ахъаз сты ахуыргæнджытæн æмæ скъоладзаутæн, æхсызгонæй сæ пайда кæнынц сæ куысты. Йæ зонадон чингуытæ хаст æрцыдысты АИШ-ы конгрессы библиотекæмæ. Куыд адæймаг æмæ ахуыргæнæг, афтæ Зинаидæ у цæстуарзон, æппынæдзухдæр кæстæртыл баузæлын чи зоны, ахæм хистæр. Абон Тедтойты Зинаидæйæн у йæ райгуырæн бон æмæ йын зæрдиаг арфæтæ кæнæм. Нæ цæст ын уарзы фидар æнæниздзинад, сфæлдыстадон, зонадон æмæ рухстауæн куысты æнтыстдзинæдтæ æмæ уæлахизтæ!
Газет «Рæстдзинад»-ы редакции
Амæй размæ ма профессор Тедтойты Зинаидæ зæрдиагæй бацархайдта номдзыд уырыссаг фысджытæ Лев Толстойы, Антон Чеховы, Михаил Лермонтовы, Николай Гоголы уацмысты æмбырдгæндтыл. Уыдоны тыххæй презентацийы раныхас кодта филологон наукæты доктор, профессор Гуæцæлты Ларисæ. Уый загъта, профессор Тедтойты Зинаидæ уырыссаг литературæйы классикты уацмыстæ ирон æвзагмæ тæлмацтæй хицæн чингуытæй кæй уадзы, уымæн кæй ис стыр наукон, литературæзонæн æмæ русхтауæн ахадындзинад. Уый загъта, Зинаидæйы удвæллойæн стыр кад æмæ аргъ кæй кæнынц, номдзыд уырыссаг фысджыты номыл цы литературон музейтæ ис, уыдонкусджытæ, йæ номыл ЦИПУ-йы разамындмæ кæй æрбарвитынц арфæйы фыстæджытæ.
Зинаидæйы арæзт чингуытæ æмæ дзырдуæттæ хаст сты АИШ-ты конгрессы библиотекæйы фондтæм. Æрæджы чи рацыд, уыцы чингуытæ «Цæры æмæ æнусты цæрдзæн сæ намыс» æмæ «Хур у мæлæтæй тыхджындæр»-ы тыххæй сæ хъуыдытæ загътой журналистикæйы факультеты кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Къомайты Риммæ (уый бахаста фæндон, цæмæй ног чиныг «Цæры æмæ æнусты цæрдзæн сæ намыс» æвдыст æрцæуа Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премимæ), филологон наукæты доктор Бекъойты Валодя, журналистикæйы факультеты декан Хæбæлаты Фатимæ, РЦИ-Аланийы нациты хъуыддæгты фæдыл министр Цуциты Аслан, Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты фольклор æмæ литературæйы хайады сæргълæууæг, филологон наукæты кандидат Тахъазты Фидар, ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты декан, УФ-йы культурæйы сгуыхт кусæг Хозиты Барис, зындгонд поэт, тæлмацгæнæг Кокайты Тотрадз, газет «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд уацхæссæг Касаты Аслæнбег.
Профессор Тедтойты Зинаидæ зæрдиаг арфæ ракодта ЦИПУ-йы президент Мæхæмæтты Ахуырбегæн æмæ ректор Огъуаты Аланæн, йæ арфæйаг куысты йын зæрдиаг æххуыс кæй кæнынц, уый тыххæй.
Презентаци амонæг, РЦИ-Аланийы адæмон артист Æлбегаты Алан æмбырды бакаст, ЦИПУ-йы ректоратмæ, профессор Тедтойты Зинаидæйы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим æмæ проректор Тедеты Зæлинæ цы арфæйы фыстæг сæрвыстой, уый: «Зынаргъ Зинаидæ Хасаны чызг, дæ арæзт чингуытæй ды стыр æвæрæн хæссыс Ирыстоны тæлмац иртасыны арфæйаг хъуыддагмæ, æмæ дын дæ фыдæбоны тыххæй зæгъæм стыр бузныг. Ды Ирыстоны ахуырады айгæрстай ног, хæдхуыз æмæ рæсугъд фæндаг. Нæ цæст дын уарзы, цæмæй йыл цæуай дарддæр ног уæлахизтæ æмæ æнтыстытæм!»
ГАСАНТЫ Валерии














