Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславæн кусæг фембæлд уыд УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы уæнг Фадзайты Арсенимæ. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы пресс-службæ.
Фембæлды архайджытæ бæстон æрдзырдтой республикæйы социалон-экономикон райрæзтыл, стæй æндæр ахсджиаг фарстатыл.
Битарты Вячеслав куыд фехъусын кодта, афтæмæй хæстæгдæр рæстæг республикæйы Хицауад кæронмæ ахæццæ кæндзæн сæрмагонд федералон программæты архайыны фæдыл æмбæлгæ документаци цæттæ кæныны куыст. Республикæйы разамонæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй йæ зæрдæ дары, федералон закъонæвæрæг оргæны парламентон сахаты фæлгæты республикæ цы проекттæ равдиса, уыдонæн депутаттæ хорз аргъ кæй скæндзысты, ууыл. Хæстæгдæр рæстæг Паддзахадон Думæ æмæ Федерацийы Советы уæнгтæ æркæсдзысты «Этилы спъирты рауагъд æмæ зилдухы хъуыддаджы паддзахадон фæтк сфидар кæныны тыххæй» федералон закъоны проектмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фарстамæ. Битарты Вячеслав Федерацийы Советы уæнгмæ бахатыд, цæмæй уыцы закъоны проектмæ бахæссинаг ивддзинæдты фарс рахæца.
Фадзайты Арсен зæрдæ бавæрдта, ацы æмæ иннæ æппæт фарстатæм лæмбынæг кæй æркæсдзæн, уымæй.
Зындгонд куыд у, афтæмæй биоэтанолы рауагъдæн закъонæвæрынадон бындур сфидар кæныны тыххæй Цæгат Ирыстны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав дзырдта æрæджы йæ æрвылазон Доклад-ныстуаны дæр. Битары-фырты хъуыдымæ гæсгæ, республикæйы цы 17 спъиртуадзæн куыстуаты ис, уыдоны хъомысæй пайдагонд нæ цæуы. Уыимæ та, уыцы куыстуæттæ альтернативон экологон артаг уадзын куы райдайой, уæд уыцы æууæл фадат ратдзæн ног кусæн бынæттæ байгом кæнынæн, республикæйы бюджетмæ фылдæр хъалонтæ æрвитынæн.
Нæ уацхæссæг














