Дыууæ сæрæнгуырды

0
593

Уæд ма хæрзæрыгон уыдис Советты бæстæ. Уæд ма хæрзæрыгон уыдис Къорнаты Къостан. Ахуыргæнæг та къласмæ æрбацыд. Урочы æрмæг куыстгонд фæцис. Дзæнгæрæгмæ ма баззад цалдæр минуты. Æмæ-иу арæх куыд уыдис, афтæ йæ бафæндыд скъоладзаутимæ зæрдæйæ- зæрдæмæ аныхас кæнын. Сæ иуы дæр фестын кæны, иннæйы дæр. Йæ фарст — уыцы иухуызон:

— Дæ фидæны нысан? Рад Къостанмæ куы ‘рхæццæ, уæд фидарæй дзуапп радта:

— Æз уыдзынæн сырх командир!.. Æмæ йæ бæллиц сæххæст. 1929 азы Къорнаты Къостан æнтыстджынæй каст фæцис бæхджын æфсады скъола. Арвыстой йæ бæхджын æфсады 28-æм дивизимæ взводы командирæй. Зæрдæргъæвд, æвзыгъд æмæ арæхстджын командир цыбыр рæстæгмæ ссис бæхджын æфсады 91-æм полчъы командир. Ам сæ хъысмæт сбаста Зæронд Бæтæхъойыхъæуккаг Ходы Хадзымуссæимæ, уый та ацы полкъмæ экскадр ны командирæй æрбарвыстой.

Хъæубæстæ ма ныр дæр арæх æрымысынц Хадзымуссæйы. Йе ‘мгæртты ‘хсæн уæлдай бæрæг дардта йе ‘гъдау æмæ æфсармæй. Æвзыгъд æмæ коммæгæс. Чи-иу нæ бахæлæг кодтаид уый бæхыл хъазтмæ!.. Кæс, æмæ та-иу цæргæсау фæцæйтахт, йæ худ-иу уæлбæхæй хæрдмæ фехста æмæ- иу æй тæхгæ-тæхын ацахста. Бæхы хъуырыл-иу æртыхстис æмæ та-иу цæсты фæныкъуылдмæ саргъыл абадти…

Ахæмæй йæ зыдтой æфсæддон хайы дæр. Канд йæхæдæг нæ, фæлæ йæ бæрны цы æфсæддонтæ уыдис, уыдон дæр уыдысты æппæтæн фæзминаг.

1941 азы фашистон æрдонгтæ нæ Райгуырæн бæстæйы сæйраг горæт Мæскуымæ куы бырстой, уæд 17-æм бæхджын дивизи уыдис зындгонд хæстон размонæг К.Рокоссовскийы æфсады. Æфсæнвæндагыл ардæм æрбаппæрстой бæхджын æфсады 91-æм полкъ дæр.

Нæ фистæг æфсады хæйттæ бацахстой ног хæцæнтæ. Знаг хъавыдис уыдон танктæй ныцъцъист кæнынмæ. Нæ батальонтæй иу æрхъулайы бахаудис. Сæйраг тыхтæ та хъæдмæ сæ ных сарæзтой.

Дивизийы командир инæлар В.Гайдуков фæсидтис майор Къорнаты Къостанмæ æмæ йын радта, æрхъулайы чи бахауд, уыцы батальон фервæзын кæныны бардзырд. Тæссаг уыдис немыцаг танкты æнæнхъæлæджы фæзындæй. Æмæ Къорнайы-фырт уæлвонг бынаты сæвæрдта цæстдарджытæ. Чысыл фæстæдæр уыдон фехъусын кодтой, зæгъгæ, знаг æхсы аргъуанæй æмæ, йæ алыварс цы хъæд ис, уырдыгæй. Къорнайы-фырт бардзырд радта размæ ныббырсыны тыххæй. Фашисттæм ма сæ æдæппæт хъуыдис 150-200 метры, афтæ сыл хæцæнгæрзты алы хуызтæй ныккалдтой. Знаджы сармадзантæ ныхъхъус сты. Гитлеронтæ мах бæхджынты куы ауыдтой, уæд лидзæг фесты. Уавæр фендæрхуызон. Махонты сæрты æнæрынцойæ тахтысты советон уæззау сармадзанты нæмгуытæ æмæ удаист кодтой немыцæгты, æрхъулайы цы батальон бахаудис, ууыл нал уыдысты.

Мах бæхджынтæ бахызтысты нарæг цæугæдоны сæрты. Тох цыдис дарддæр. Дæрæнгонд æрцыд фистæг æфсæддонты дыууæ ротæйы бæрц. Уыдонæн феххуыс кæнынмæ иуафон фæзындысты немыцаг танктæ. Дыууæйæн дзы сæ пиллон куы скалдис, уæд иннæтæ хъæды ‘рдæм сæхи байстой. Иуцасдæры фæстæ фæзындысты знаджы хæдтæхджытæ. Уыдон куыддæр адде сты, афтæ Къорнайы-фырт фæдзырдта экскадроны командир Ходы Хадзымуссæмæ:

— Хаджи! Уæртæ уыцы дыууæ обауыл æрцаразут пулеметтæ æмæ фашистты сæ сæр схъил кæнын мауал уадзут.

Фæлæ «схъил» кодтой сæ сæртæ гитлеронтæ. Цалдæр хатты афæлвæрдтой æрбабырсыныл, фæлæ та-иу сын æгæр зынаргъ сыстади…

Уыцы хæстыты стыр хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй экскадроны командир Ходы Бабойы-фырт Хадзымуссæйæн лæвæрд æрцыдис Сырх Тырысайы орден.

Фашисттæ, хæстмæ ног æмæ ног тыхтæ æппаргæйæ, сæ быцъынæг скъуыдтой Мæскуымæ æрбаирвæзыныл. Иуахæмы нæ дивизийы алыварс тыхсын байдыдтой — æртыхсыны фæнд ыл кодтой. Знаджы тыхты иу ран басæттыны хæс æвæрд æрцыдис Къорнайы-фырты полчъы размæ. Къостан кадимæ сæххæст кодта уыцы уæззау хæс. Уыцы хæсты уæлдай стырдæр хъæбатырдзинад равдыста экскадроны командир Ходы Хадзымуссæ. Æрмæстдæр ма фараст адæймаджы баззадис йæ экскадроны. Гитлеронтæ хъавыдысты уацары сæ райсынмæ. Æртыхстис сыл æнæхъæн ротæ. Фæлæ нæ хъæбатыр цæргæстæй йæхи удæгасæй раттыныл ничи сразы, тугуарæн хæст бацайдагъ фæстаг нæмыджы онг. Хадзымуссæйæн йæ галиу цонг фæцæф. Йæ гилдзытæ фесты. Уæд фæцъортт ласта йе ‘хсаргард æмæ фыдызнæгтыл йæхи бауагъта. Фæлæ уый уыдис йæ фæстаг абырст… Уыцы хæсты стыр хъæбатырдзинад равдисгæйæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ цард радта полчъы командир майор Къорнаты Къостан дæр. Уымæн 1941 азы декабры йе стыр хъæбатырдзинады тыххæй лæвæрд æрцыд нæ паддзахады стырдæр хæрзиуæг — Ленины орден.

Нæ фæцардысты Уæлахизы бонмæ йе ‘мзæххон дыууæ хæххон цæргæсы — Къостан æмæ Хадзымуссæ. Фæлæ лæгдзинадæн рохгæнæн нæй, хъæбатыр хæстонты рухс нæмттæ баззайдзысты мыггагмæ.

 

ЛАЗАРТЫ Хæсанæ, УСФСР-йы æмæ Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here