Республикæйы æххæстгæнæг хицаудзинады, бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ æмæ Æнæнхъæлæджы цауты министрады дæлхайæдтæ архайынц, Рахизфарсы районы Цæлычыхъæуы цæрджытæ тыхджын къæвдаты рæстæг цы зындзинæдтæ бавзæрстой, уыдон аиуварс кæныныл. Къæвдайы рæстæг дон ахъардта 39 хæдзармæ (цæрынц сæ 112 адæймаджы), æрхаста сын стыр зиантæ. Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы бардзырд æххæстгæнгæйæ Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта хъæу, федта хæдзæрттæ, адæмы уавæр.
«Районы разамынд уайтагъд мадзæлттæ аразын райдыдтой, хъæумæ æрцыдысты Æнæхъæлæджы уавæрты ведомствойы кусджытæ, сæ разамонæг Александр Хоружиимæ. Бынаты æрныхас кодтой, адæмæн цавæр мадзæлттæй баххуысгæнæн ис, уыдæттыл. Фыццагдæр æрзылдыстæм хæдзæрттыл, федтам уавæртæ. Ныридæгæн уал авд машинæйы пъадвалтæй дон цъирынц. Хæдзæртты ис электрон тых, газ», — загъта Тускъайы-фырт.
Уыцы куыстытæ конд куы æрцæуой, уæд та æппæт бæрнон стурктурæтимæ уыдзæн сæрмагонд æмбырд, уым фæбæрæг кæндзысты, ахæм уавæрты цавæр мадзæлттæй пайда кæнын хъæуы, сæйрагдæр та адæмы æдасдзинад куыд æххæст кæнын хъæуы, ууыл. Æнæнхъæлæджы цауты министрады сæйраг управленийы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй æрдзон фыдбылызы рæстæг адæмæй хъыгдард ничи баййæфта. Кæд æмæ сын Беслæны скодтой рæстæгмæ цæрыны бынат, уæддæр цæлыккæгтæй никæй бафæндыд йæ хæдзар ныууадзын.
Нæ уацхæссæг














