Абон РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд парти «Родина»-йы разамонæг Алексей Журавлевимæ. Алексей Журавлев æмæ сæрмагонд делегацийы уæнгтæ абон райсомæй ccыдысты Ирыстонмæ. Архайдтой Мамиаты Оледжы æвæрæн боны мадзæлтты.
Битарты Вячеслав Алексей Журавлевæн бузныджы ныхас загъта, нæ адæмы иумæйаг хъыджы бон нæ фарсмæ кæй æрбалæууыд, уый тыххæй.
«Мах Ирыстонмæ кæсæм айдагъ куыд Уæрæсейы Федерацийы субъектмæ нæ. Ам цæуынц, æппæт Уæрæсейæн дæр ахсджиаг чи сты, ахæм цаутæ. Абон Уæрæсейы арæнтæ, Уæрæсейы сабырдзинад чи хъахъхъæны, йæ цард адæмы сæрвæлтау чи ратты, уыдоны ис схонæн æцæг хъæбатыртæ. Уæрæсейы ахæм хъæбатыртæй иу уыд æмæ баззайдзæн Мамиаты Олег. Æз мæхæдæг федтон, Ирыстоны адæм æм цы цæстæй кастысты, уый. Йæ мæлæт у æцæг адæмон хъыг. Олег цы фæндаг равзæрста, уый æнцон нæ уыд, фæлæ уыд æцæг лæджы фæндаг. Фæндыд æй æрхæссын ахæм пайда æмæ, чи зоны, æндæр искæй бон цы нæ бауыдаид. Абон хъыг кæнæм æппæт ирон адæмимæ дæр. Бауырнæд уæ, уе ‘мзæххон, уе ‘фсымæры амæлæт дзæгъæлы кæй нæ уыд. Оледжы хуызæттæ, æмæ сæ хъæбатырдзинады цаутæ адæмы цард кæнынц хуыздæр, рæсугъддæр», — загъта фембæлды рæстæг Алексей Журавлев.














