Горæтгæрон районы уыд Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы уæнгты фембæлд бынæттон цæрджытимæ. Архайдтой дзы районы сæргълæууæг ГАГЛОЙТЫ Алан, хъæуты сæргълæуджытæ, Ныхасы районы хайæдты уæнгтæ, ахуыргæнджытæ, ахуырады управленийы, фæсивæд æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.
Культурæйы галуаны кадджын уазджытыл районы разамынд æмæ хистæртæ сæмбæлдысты æртæ уæливыхы æмæ бæгæныйы къусимæ. Скуывтой Хуыцаумæ æмæ йыл бафæдзæхстой Ирыстоны кæстæрты æмæ сæ дарддæры иумæйаг хъуыддæгтæ.
Дарддæр бæстон æрныхас кодтой районы уавæрыл, цæрджытæ æмбырды архайджыты размæ цы æркæсинаг фарстатæ рахастой, уыдоныл.
Горæтгæрон районы «Иры Стыр Ныхас»-ы хайады сæргълæууæг Ходы Æхсар арфæ ракодта æмбырды архайджытæн æмæ радзырдта районы Ныхасы уæнгты куысты тыххæй æмæ, дарддæр дæр сæ размæ ахсджиагдæр фарстатæ хынцыны хæс кæй æвæрынц, уый тыххæй. Йæ ныхас ын адарддæр кодта «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан:
— Не ‘рбацыдæн йæ бындур у, нæ зæрдæтæ нын цы фарстатæ агайынц, уыдонæн æргом ныхасы иумæ дзуаппытæ ссарын, нæ бæрæгбæттæ, не ‘гъдæуттæ абон цы уавæры сты, уыдоныл æрдзурын. Цы хъуыдытæ уæм ис? Цæуыл тыхсут? Куыд бахъахъхъæнæм нæ кæстæртæн нæ фыдæлты æгъдæуттæ?
Æрдзуринæгтæ — бирæ. Ирон æгъдау уæрæх æмæ мидисджын у. Æгъдаухæссæг, фыццаджыдæр, хъуамæ уа хæдзары хистæр, уымæн æмæ кæстæртæ уымæ кæсынц. Куыд дарæм нæхи? Цардмæ цы цæстæй кæсæм? Цы зондахаст нæм ис? Нæ алыварс цæрджытæм цы цæстæй кæсæм? Уый у сæйрагдæр. Рæстæг аивта æмæ бирæтæ мулчы цæстæй цæмæдæрты акастысты, раст барæнтæй нал барæм, адæймаджы кадджын чи кæны, уыцы миниуджытæ. Кæстæртæ мæм къордгай цæуынц æмæ азым хæссынц кæцыдæр хистæртæм, æгъдаухæссæг нал сты, зæгъгæ. Уыдонæн раст фæндаг ма бацамонын, фыдæлты фарнæй сæ ма фæхайджын кæнын махæн раст нæ уыдзæн. Фидæны нын æй нæ кæстæртæ нæ ныббардзысты. Нæ фыдæлты æгъдæуттæ æмæ зондахастмæ цас хæстæгдæр уæм, уыйбæрц адæмы ‘хсæн ахастдзинæдтæ æмæ кæрæдзиæмбарынад дæр хуыздæр уыдзæн.
Зæрдæхсайгæ у ирон æвзаджы уавæр. Йæхи чи нæ уарзы, уый никæй уарзы, загътой-иу нæ фыдæлтæ. Мах дæр уал фыццаг нæхи национ хæзнатæ, не ‘взаг, не ‘гъдæуттæ бауарзын хъæуы. Уыцы бæрнондзинад хъуамæ алчидæр æмбара æмæ йæ бон цас у, уыйбæрц архайа. Афтæ чи зæгъа, уыцы фарстатæ мæнмæ нæ хауынц, зæгъгæ, уый тынг рæдийы. Алы рæвдауæндоны дæр хъуамæ уа ирон къорд æмæ кæй фæнды, цæмæй йæ сывæллæттæ иронау дзурой, уымæн сæ уырдæм раттынæн фадат уа. Ууыл ныхас кодтам нæ республикæйы Сæргълæууæгимæ дæр. Хъуамæ æргом дзурæм уыцы хъуыддæгтыл.
Тынг бирæ фарстатæ аразгæ сты сылгоймагæй. Æвзаг дæр дзæгъæлы мадæлон нæ хонынц. Сылгоймæгты комитеты уæнгтæм мæ бон фау æрхæссын нæу, фæлæ уыцы куыст хъуамæ кæна алы сылгоймаг дæр, йæ алыварс цы кæстæртæ ис, уыдонимæ.
Æмбырд адарддæр фарст-дзуаппы хуызы.
Раныхас дзы кодтой Годызты Афай, Сунжæйы “Ныхас”-ы сæрдар Засеты Иван, Октябрыхъæуы “Ныхас”-ы æгъдæутты комитеты сæргълæууæг Цыбырты Михал, Æрхонкæйæ — Икъаты Руслан, Камбилеевкæйы “Ныхас”-ы сæрдары хæдивæг Мæргъиты Никъала, Терчыфалейы районы “Ныхас”-ы сæрдар Туаты Руслан.
Октябрыхъæуы сæргълæууæг Уалыты Руслан сагъæс кодта районы фидæныл. Фæсивæдæн фаг уавæртæ кæй нæй, зæххытæ райсынæн — цæлхдуртæ, коммуналон лæггæдтæ афтæ бæрзонд схызтысты, æмæ сæ адæм нæ фидынц, уымæн æмæ сыл не ‘хæссынц, сæ бон нæу æмæ тыхсынц уыцы уавæрæй.
Ногиры скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Бететы Евгенияйы сагъæс та уыд, раздæрау фарæстæм æмæ иуæндæсæм кълæсты ирон æвзаг æмæ литературæйæ æнæмæнг цы фæлварæнтæ лæвæрдтой, уыдон ныр бархийæ кæй систы.
Черменыхъæуы 2-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дзантиаты Розæ загъта:
— Алцыдæр нæхицæй аразгæ у. Æз урокмæ куы фæцæуын, уæд мæхинымæр мæхи бафæрсын, мæ фыды зæрдæмæ фæцæудзысты, абон цы дзурон уыдон, æви нæ. Мæ фыд уыд хуымæтæг зæхкусæг адæймаг, фæлæ мæнæн абон дæр у цырагъдар. Нæ ирон нæлгоймæгтæ, уæ ныхас хъуамæ фидар уа, уæ уынаффæтæ хъуамæ цардхъом уой. Цы рæсугъд кæстæртæ нæм ис, уыдонæн арæх рæсугъд дæнцæг нæ вæййы. Нæ размæ хъуамæ сæвæрæм хæс, кæм уæм, уым хъуамæ дзурæм æрмæст ирон æвзагыл, фæлæ уыцы-иу рæстæг хъуамæ иттæг хорз арæхсæм æппæтуæрæсеон æвзагыл дзурынмæ, фæсарæйнаг æвзæгтæм, фæлæ дзы нæхи мадæлон æвзагзонынæн æмбал ма уа. Сывæллон, йæ артдзæст, йæ мыггаг æвдисгæйæ, скъоламæ куы æрбацæуы æмæ йын урочы тексты дзырдтæн се ‘рдæг амонын куы фæхъæуы, уæд урокæн йæ апп фесæфы, нæ йæ вæййы хъомылады рæсугъд фæндагыл ахоныны фадат.
Стæй ма иу фиппаинаг. Ирон адæмæй фылдæр зианмæ ничи цæуы, нæ буц хистæртæ зианы рæсугъд куы дзуриккой, уæд сылгоймæгты дзолгъомолгъо нал цæуид. Цæмæй, абон сылгоймагæн цы не ‘мбæлы, уыдон ма кæна, уый тыххæй нæлгоймаг хъуамæ фидар уа.
— Бузныг, “Стыр Ныхас”-ы уæнгтæн абоны фембæлды тыххæй. Ацы ныхæстæ куы нæ кæнæм, уæд кæрæдзи нæ бамбардзыстæм. Нæ мæ рох кæнынц Уататы Зелимы ныхæстæ: нæлгоймаг хæдзарæй куы рацæуы, уæд хæдзары фарн хæссы, сыхбæстæй куы рацæуы, уæд — сыхбæсты фарн фæхæссы, хъæубæстæй куы рацæуы, уæд та хъæубæсты фарн фæхæссы. Уый алкæмæн дæр у хъуыдыйаг, — дзырдта Михайловскы Ныхасы сæргълæууæг Дзуццаты Валери. — Нæ фæсивæдæн сæ фадыварц сзыгъуыммæ. Нæ лæппутæ боцъотæ рауагътой, æмæ сыл адæймаг сдызæрдыг вæййы, фыдгæнæг кæд у, зæгъгæ. Нæ национ телеуынынад амонджыты уæлæдарæсы нæй национ нысаниуæг. Ирон нæмттæ нæ сæрмæ нал хæссæм! Фæлæ нæм ис, нæ сæр бæрзæндты кæмæй хæссæм, ахæм дæнцæгтæ дæр. Æрбацыдысты мæм дæс лæппуйы æмæ сæ фæнды не ‘гъдæуттæ хуыздæр базонын æмæ сæ царды æххæст кæнын. Дарддæр семæ кусдзынæн æмæ мын уый у тынг æхсызгон. Æгайтдæрма сæ уидæгтæм сæхи ивазынц».
Сунжæйы скъолайы ахуыргæнинаг Джиоты Мурат йæ хъуыдытæ загъта поэт Хуыбиаты Зауыры æмдзæвгæ «Ирæттæ стæм, мах равзæрста нæ дуг» аив бакæсгæйæ.
Æнæрдзургæ нæ фесты зианы æгъдæуттыл дæр. Абон царды чи цы бынат ахсы, йæ размæ цы домæнтæ ис, уыдон æххæст кæнын æй арæхдæр кæй ферох вæййы, ууыл.
«Иры Стыр Ныхас»-ы Сылгоймæгты комитеты сæрдар Махъоты Иринæ йæ раныхас фæцис ахæм ныхæстæй:
— Нæ уынгты æнаивкондæй цы иуæй-иу фæсивæд рацæуынц, уыдон, нæ Иры нæлгоймæгтæ, уæ хæдзæрттæй рацæуынц, æмæ уæ курын, бауайдзæф сын кæнут. Фидардæр ут! Алцыдæр нæлгоймагæй аразгæ у.
Районы сæргълæууæг Гаглойты Алан арфæ ракодта Кучиты Русланæн, районы фарстатæм йæ хъус кæй дары æмæ сыл кæй ахады, уый тыххæй. «Фæнды мæ, цæмæй арæхдæр æмбæлæм, иумæ кусæм, дзурæм нæ кæрæдзийæн нæ хъуыдытæ, нæ фиппаинæгтæ æмæ уæм кæрæдзийæн ныфс», — загъта Алан.
ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ