Зæххытæй пайда кæнын хъæуы сæ нысанмæ гæсгæ

0
588

 

Республикæйы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг СÆБÆТХЪУАТЫ Хъазыбег знон цы прессконференци сарæзта, уырдæм æрбахуыдта, фосдарынады куыст чи кæны æмæ уыцы куыст рапарахат кæнынæн зæххы хæйттæ лæвæрд кæмæн æрцыд, хъæууонхæдзарадон продукци уадзæг уыцы амалхъомты.

 

Куыдзонæм, афтæмæй хъæууонхæдзарадон нысаниуæджы зæххытæй пайда кæныны уавæр республикæйы банывыл кæныны фарстамæ цæуы стыр æргом здæхт. Республикæйы Сæргълæууæджы цур арæзт æрцыд зæххытæй сæ комкоммæ нысанмæ пайда кæныны фæдыл сæрмагонд къамис. Уыцы къамис æмбæлгæ министрадтимæ иумæ цы инвентаризаци сарæзта æмæ араздзæн дарддæр дæр ма, уый фæрцы суæгъд чысыл хъуагæй 4 мин гектары зæххытæ. Ныхас цæуы, йæ зæххытæй дæсгай азтæ сæ нысанмæ гæсгæ чи нæ пайда кодта кæнæ та сын сæ пайда йæхи дзыппы чи æвæрдта, ахæм «амалхъомтыл». Тæрхондæтты уынаффæты бындурыл уыдонæй зæххытæ ис æрцыдысты æмæ сæ ныр радтой, хъæууон хæдзарады къабазы кусын кæй фæнды, сæ хæдзарæдтæ ноджы тынгдæр рапарахат кæнын кæй фæнды æмæ фидæнмæ хорз нысантæ кæмæ ис, стыр æмæ чысыл амалхъомады уыцы архайджытæн. Чи суæгъд, уыцы зæххытæн сæ тæккæ фылдæр лæвæрд æрцыд Æрыдоны районы фермертæн. Уыцы амалхъомтæм — æдæппæт сты 10 адæймаджы — республикæйы Хицауад равдыста стыр æууæнк æмæ сæ æрбамбырд кæнгæйæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæн семæ сарæзта прессконференци, цæмæй уыдоны фæрцы республикæйы цæрджытæ уыной æмæ æмбарой, зæххытæ дæттыны æмæ сæ пайда кæныны фарстамæ республикæйы разамынды ‘рдыгæй карз мадзæлттæ арæзт кæй цæуы, уый.

Сæбæтхъуаты Хъазыбег йæ разныхасы куыд загъта, афтæмæй, суæгъдгонд зæххытæ лæвæрд æрцыдысты, хуыздæр æмæ ахсджиагдæр инвестицион проект чи бацæттæ кодта, стыр æмæ чысыл амалхъомады уыцы архайджытæн. Инвестицион проект саразынмæ уыд æртæ сæйрагдæр домæны: фыццаг — цы зæххы хæйттæ лæвæрд цæуы, уыдон пайдахæссæг куыд суой, дыккаг — сæ куыстуæтты фæрцы адæмæн ног куысты бынæттæ куыд фæзына (алы хæдзарады дæр æппынкъаддæр 20 бынаты) æмæ æртыккаг — се ‘фтиæгтæй æрвылазон хъалонтæ районы æмæ республикон бюджетмæ куыд хæссой.

Зæххытæ байуарыны тыххæй арæзт æрцыд тендер. Йæ архайджытæ уыдысты бирæ, алы иу зæххы хайыл дæр дзырдтой 3-4 адæймаджы, фæлæ æппынфæстаг конкурс рамбулæг систы хуыздæр инвестицион проект бавдисæг ацы 10 амалхъомгæнæг куыстуаты æмæ хæдзарады. Уыдон хъæууонхæдзарадон къабазы рагæй æмæ æнтыстджынæй архайынц, фæлæ сæ фермерон хæдзарæдтæ ноджы рапарахатдæр кæныны тыххæй сын зæххытæ нæ фаг кодта. Ныр, алчидæр сæ цы инвестицион проект бацæттæ кодта, уый куы æххæст кæна, уæд йæ куыстæй аккаг бавæрæн хæсдзæн районы, стæй республикон бюджетмæ. Уый фæрцы та, районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Тотраты Владиславы ныхасмæ гæгсæ, район, æппынфæстаг та республикæ кæндзæн хъомысджындæр. Сæ инвестицион проекттæ куыд æххæст кæндзысты, уымæ уыдзæн биноныг цæстдард. Йæ хæстæ чи нæ æххæст кæна, бадзырды уагæвæрдтæ чи хала, уыдонæй зæххытæ ист цæудзысты æмæ сæ дæтдзысты, тендеры чи архайдта, иннæ ахæм амалхъомтæн. Ныхас цы 10 амалхъомгæнæг куыстуатыл цæуы, уыдонæн уал зæххытæ радтой 3 азы æмгъуыдмæ (закъонмæ гæсгæ, уымæй къаддæр æмгъуыдмæ зæххы хайæн дæттæн нæй), фæлæ, Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг куыд бафиппайдта, афтæмæй иу афæдзы фæстæ, ома, иннæ ацафон та сæ æрбамбырд кæндзысты, æмæ хъуамæ дзуапп раттой, сæ къухы цы бафтыд саразын, уый фæдыл. Цæстдарды мадзæлттæ кæд карз сты, уæддæр, уыцы-иу рæстæг, æнтыстджын куыст чи кæна, уыдонæн республикæйы ‘рдыгæй грантты хуызы, æндæр хуызы дæр уыдзæн алывæрсыг æххуыс.

Зæххы хæйттæ райсыны фæдыл тендер рамбулæг 10 амалхъомгæнæг куыстæттæй иу у акционерон хæдзарад «Мастер- Прайм. Березка». Йæ генералон директоры фыццаг хæдивæг Адырхаты Светланæ куыд радзырдта, афтæмæй, сæ инвестицион проекты куыд бавдыстой, афтæмæй аразын райдайдзысты, 3 мин дуцгæ хъуджы кæм дардзысты, ахæм фермæ. Уый уыдзæн егъау агропромышленнон комплекс. Куысты бынæттæ дзы уыдзæн 215, кусджыты рæстæмбис мызд та — 23 мин сомы. Нырыккон инновацион технологитæй пайда кæнгæйæ, уадзын райдайдзысты, фæсарæйнаг продукттæ чи баивдзæн, ахæмтæ, се ‘хсæн — раздæр нæм чи нæма уыд, цыхтыты ахæм хуызтæ, дзидзайы продукттæ æмæ сæлдæг. Зæхкусæг-фермерон хæдзарад «Славик» «Мастер-Прайм. Березка»- йы хуызæн егъау куыстуат нæу. Фæлæ йæ разамонæг Джыккайты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй, йын цы 160 гектары радтой, уыцы зæххытыл байтаудзæн мæнæу, нартхор, фидæны та иннæ хъæууонхæдзарадон культуртæ дæр, уый фæрцы йын уыдзæн стурвос фылдæр дарыны гæнæн. Уыдзæн æм адæмæн 20 куысты бынаты дæр. Сæхи ныридæгæн хорзæй равдыстой, зæххы хæйттæ рамбулæг хъæууонхæдзарадон куыстадон хæдзарæдтæ «Зерно» æмæ «Викентий» дæр. Сæ разамонджытæ Джыккайты Валери æмæ Тедеты Викенти сты дæсны фосдарджытæ. Хæдзарад «СОА-Фиш» (йæ разамонæг Адалят Исмаилов) та кæндзæн кæсагдарыны куыст.

Æппæт амалхъомтæ дæр дзуапп радтой пресс-конференцийы архайæг журналистты фæрстытæн. Сæбæтхъуаты Хъазыбег та куыд бафиппайдта, афтæмæй Æрыдон районы разамынд зæххытæй пайда кæныны хъуыддагмæ афтæ биноныгæй кæй кæсы, уый у уæлдай раппæлинаг. Уыцы хуызы куыст арæзт цæудзæн дарддæр иннæ районты дæр.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here