Футбол. Уӕрӕсейы чемпионат. Дыккаг къорд

0
456

 

Хуыцаубоны, 27 майы Уӕрӕсейы Хуссар зонӕйы командӕтӕ акодтой ацы азы чемпионаты фӕстаг хъӕзтытӕ.

Дзӕуджыхъӕуы «Спартак» уыцы бон хъазыд йӕхи фӕзыл. Йӕ ныхмӕлӕууӕг уыди Ростовы облӕсты командӕ «Чайка». Ацы фембӕлды размӕ «Спартак» нӕ зонӕйы командӕты чемпионаты ахста 13-ӕм бынат, «Чайкӕ та уыди ӕртыккӕгӕм бынаты. Ростоваг футболисттӕн ацы аз сӕ нысан уыди ӕртыккаг бынат бацахсын ӕмӕ уый цӕмӕй сӕ къухы бафта, уый тыххӕй сӕ хъуыди фӕуӕлахиз уӕвын. Зӕгъӕм, «Чайка» Дзӕуджыхъӕуы куы фӕхӕрд уыдаид, кӕнӕ та хӕрӕгсаст куы скодтаид, уӕд гӕнӕн уыд, ӕмӕ сӕ фӕстӕ цыппӕрӕм бынаты цӕуӕг «Краснодар-2» сӕ разӕй фӕуыдаид. Уый тыххӕй та краснодайрӕгты хъуыди «Армавир»-ы рамбулын.

Фӕуӕлахиз уӕвын къаддӕр нӕ фӕндыд дзӕуджыхъӕуыггаг футболистты дӕр. Куыд нӕ фӕндыдаид нӕ лӕппуты чемпионаты фӕстаг бон сӕ иузӕрдион фарсхӕцджыты зӕрдӕтӕ барухс кӕнын?!

Ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр, нӕ командӕ хъазт райдыдта цырд ныббырстытӕй. Уазджытӕн «Спартачы» иварон фӕзмӕ хӕстӕг баирвӕзын бантыст ӕрмӕстдӕр 12-ӕм минутыл, фӕлӕ та сӕ уый фӕстӕ ногӕй хъуыды кӕнын бахъуыд сӕ кулдуармӕ бацӕуӕнтӕ бахъахъхъӕныныл. Нӕ футболисттӕ цалдӕр хатты цырд ныббырстытӕ бӕргӕ сарӕзтой, фӕлӕ сын уазджыты зын уавӕры баппарын не ‘нтыст.

15-ӕм минутыл тынг цырд ӕмӕ ӕрхъуыдыджын хъазт акодта Суанты Руслан, фӕлӕ йын йӕ пуртийы ӕрбалӕвӕрдмӕ йе ‘мбӕлттӕ нӕ фӕцарӕхстысты. Уымӕй минуты фӕстӕ хорз ахъазыд ӕлборты Алан, фӕлӕ та уымӕн дӕр йӕ тыхджын цӕф уазджыты дуаргӕсыл ауад. Уымӕй ӕртӕ минуты фӕстӕ 18-20 метры дӕрддзӕфӕй уазджыты дуаргӕсы асайынмӕ хъавыд Бӕззаты Тамерлан, фӕлӕ пурти кулдуарӕй чысыл бӕрзонддӕр атахт.

42-ӕм минутыл иу 25 метры дӕрддзӕфӕй пурти дӕсны лӕвӕрд ӕрбакодта Хъамболты Зауырбег ӕмӕ та ам дӕр йе ‘мбӕлттӕй ничи фӕцарӕхст пурти уазджыты кулдуармӕ фӕцаразын. Хъазты фыццаг ӕмбис ахицӕн 0:0 хыгъдӕй.

Дыккаг ӕмбисы райдайӕны дӕр та фысымтӕ атындзыдтой размӕ. Хъамболты Зауырбег, Суанты Руслан, ӕлборты Алан, Цӕраты Алан, Хуыгаты Вадим бӕргӕ тырныдтой уазджыты фидӕрттӕ басӕттынмӕ, фӕлӕ сӕ фӕндтӕ кӕронмӕ сӕ къухы нӕ бафтыдысты. Хъазты цыд ӕвиппайды уазджыты пайдайӕн фӕзылд. 68-ӕм минутыл уазджытӕ «Спартачы» иварон фӕзмӕ куы баирвӕзтысты, уӕд ӕнӕнхъӕлӕджы Хуыгаты Алан уазджыты размӕбырсӕджы уромгӕйӕ хъазты фӕтк фехӕлдта ӕмӕ тӕрхонгӕнӕг Юнус Кошко фысымты фӕивар кодта 11-метрон цӕфӕй. Уазджыты размӕбырсӕг Андрей Михеев йӕ уавӕрӕй иттӕг хорз спайда кодта, ӕмӕ хыгъд ссис 0:1 — «Чайка»-йы пайдайӕн.

Дзӕуджыхъӕуккӕгтӕ хъазты цыд сӕхи пайдайӕн раздахыны фӕндӕй бӕргӕ атындзыдтой уазджыты иварон фӕзмӕ, фӕлӕ та 74-ӕм минутыл уыдон спайда кодтой нӕ хъахъхъӕнджыты рӕдыдӕй ӕмӕ Андрей Михеев дыккаг хатт пурти бакъуырдта Хайманты Аланы кулдуары.

Кӕд нӕ командӕ фӕхӕрд, уӕддӕр стадионы цы футболуарзджытӕ уыд, уыдон нӕ футболисттӕн ныфсдӕттӕг ӕмдзӕгъд сарӕзтой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, 13-ӕм бынат мах аккаг бынат бӕргӕ нӕу, фӕлӕ рохгӕнӕн нӕй уый, ӕмӕ Гӕззаты Юри ацы командӕ ногӕй аразын кӕй райдыдта. Уӕдӕ йӕ уавӕртӕ дӕр иууыл хорз кӕм уыдысты. Кӕд командӕ бӕрзонд бынат нӕ бацахста, уӕддӕр ӕнӕ бафиппайгӕ нӕй, нӕ ӕрыгон футболисттӕ уыцы рӕстӕг зынгӕ кӕй сырӕзтысты. ӕнӕмӕнг, мидисджындӕр фӕци нӕ лӕппуты командон архайд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нырма бирӕ цӕуылдӕрты хъӕуы кусын. Зӕгъӕм, цы ныббырстытӕ саразы нӕ командӕ, уыдонӕн хъӕуы пайдайаг кӕронбӕттӕн кӕнын ӕмӕ ацы хъуыддаджы, Гӕззаты Юри куыд зӕгъы, афтӕмӕй нӕ абоны хъазджытӕн арӕхстдзинад нӕ фаг кӕны. Ууыл та кусын хъӕуы дысфӕлдӕхтӕй. Куыд рауайдзӕн нӕ командӕйы хъысмӕт дарддӕр, уый аразгӕ уыдзӕн, куыд хъазджытӕн сӕхицӕй, афтӕ сӕ тренертӕй ӕмӕ, уыдонӕн ӕмбӕлгӕ уавӕртӕ кӕмӕй аразгӕ у, уыдонӕй.

БАСКАТЫ Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here