Цыбыр хъуыдытӕ

0
725

— Ӕнӕфенддзинад — зӕрдӕ мӕгуыргӕнӕг. 

— Хуыцауӕй лӕвӕрд хӕстӕ адӕмӕн ӕмхуызон сты, фӕлӕ сӕ иутӕ нӕ раиртасынц.      

— Цӕст ӕрмӕстдӕр зӕххӕй ӕфсӕды. 

— Адӕймаджы ӕвзӕрдзинӕдтӕн сӕ тӕккӕ хъомылдӕр — зыдыка уӕвын.

—  Тыгъд быдыры бӕлас дӕр сидзӕрты мыггагӕй у. 

— Уалдзӕг нӕ бахъарм кӕны ӕмӕ нӕ бавзары.

—  Зӕрдӕ ӕнӕхъинц уӕрдон у, фӕлӕ йын уӕддӕр йӕ сӕмӕн айсӕрдын фӕхъӕуы. 

— Адӕймагӕн йӕ азтӕ йӕ цӕсгомыл зынынц. 

— Стыр кӕсӕнӕй цы фенай, гыццыл кӕсӕнӕй дӕр, уый. 

— Куыдз дыл куы рӕйа, уӕд ӕм мӕсты ма кӕн. Уый йӕ хъуыддаг кӕны, ды та дӕхи хъахъхъӕн. 

— Цард у змӕлд, фӕндаг — архайд, хъуыддаг — куыст. 

— Хорз кӕстӕры фидӕн ӕнтыстджын у. 

— Кау — йӕ михтӕй фидар, адӕймаг — йӕ зондӕй. 

— Иу лӕгӕн фырнозтӕй йӕ игӕр базгъӕлӕнтӕ ӕмӕ йын ӕй баивтой. Гъе ныр ма арахъхъ дӕ дзыхмӕ схӕсдзынӕ, зӕгъгӕ, йӕ бафарстой. «Мӕхи игӕрӕн нӕ тӕригъӕд кодтон, фӕлӕ ай та хъуамӕ мӕ уӕлныхты дарон».

—   Царды чи рамбулдзӕн, уый рагацау — зын зӕгъӕн. 

— Ӕнӕниздзинадӕн лӕггад кӕнын стыр хъуыддаг у. 

-Зӕронд адӕймаг хӕдзарӕн йӕ гуыдыр у. 

— Дугӕн йӕ хурӕй дӕр бафсӕст, йӕ зыгъуыммӕ хуыз дӕр ын федта.

—  Ӕрыгон бинонты фӕндтӕм дзых дарын не ‘мбӕлы.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here