Дунеон авто-мото балц «Уӕлахизӕн арӕнтӕ нӕй»-йы архайынц нӕ раздӕры бӕстӕ Советон Цӕдисы республикӕтӕ: Таджикистан, Узбекистан, Казахстан, Хъыргъызстан, Азербайджан, Гуырдзыстон, Сомих ӕмӕ Уӕрӕсейы цӕрджытӕ.
Балц 7 майы райдыдта Душанбейы. Уырдыгӕй бӕлцӕттӕ ацыдысты Казахстайнаг горӕт Чимкентмӕ. Ам семӕ рабалц кодтой Казахстаны бархионтӕ ӕмӕ сӕ фӕндаг ракодтой Уӕрӕсемӕ. Бӕлцӕтты фӕндаг цӕуы Волгоград, Самарӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы иннӕ зындгонд горӕттыл Мӕскуыйы онг. Уым Волоколамскы Казахстаны минӕвӕрттӕ сӕ ном ссардзысты, Мӕскуы хъахъхъӕнгӕйӕ Волоколамскы бынмӕ хъӕбатырӕй цы 28 панфиловоны фӕмард, уыдоны рухс нӕмттӕ. Дарддӕр бӕлцӕттӕн сӕ фӕндаг уыдзӕн белорусаг хъӕбатыр горӕт Брестмӕ. Уырдӕм «Уӕлахизӕн арӕнтӕ нӕй»-йы архайджытӕ бацӕудзысты 22 июны.
Майрӕмбоны, 25 майы авто-мото бӕлццӕттӕ сӕ фӕндаг ракодтой Хӕстон намысы горӕт Дзӕуджыхъӕуыл. Ам нӕ уазджытӕн «ӕгасцуай» загътой РЦИ-Аланийы Фӕсивӕды хъуыддӕгты комитеты кусджытӕ, сӕ сӕргъы Джусойты Руслан, афтӕмӕй.
Уазджытӕ базонгӕ сты, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Ирыстоны цӕрджытӕ цасӕй ӕмӕ куыд архайдтой, цал хӕстоны нал сыздӕхт йӕ райгуырӕн зӕхмӕ. Уазджытӕ цымыдисӕй хъуыстой, Ирыстоны зӕххыл немыцаг фашисттӕн Сырх ӕфсад цы тых- джын цӕфтӕ ныккодта ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы бынӕй лидзӕг куыд фесты, уыцы хабӕрттӕм. Уазджыты зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, Ирыстоны хӕсты хъӕбатырты ӕмӕ архайджыты нӕмттыл цы зӕрдылдарӕн бынӕттӕ ис уыдон куыд рӕсугъдӕй дарынц, уый.
«Барбашовы фӕз»-ы уӕвгӕйӕ, уазджытӕ базонгӕ сты Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты зындгонд архайӕг Гулуты Хизир ӕмӕ нӕ республикӕйы Ветеранты советы Сӕрдары хӕдивӕг, Афганистаны хӕсты архайӕг Леонид Зиньковимӕ. Уыдон уазджытӕн бӕлвырд дзуаппытӕ радтой сӕ фӕрстытӕн.
Уазджыты хистӕр Еленӕ Прокудина тынг разыйӕ баззади фысымты цӕстӕнгасӕй: «Мах ам нӕхи цӕстӕй федтам, нӕ раздӕры бӕстӕйы адӕмтӕ Уӕлахизы сӕраппонд цы нывӕндтӕ ӕрхастой, уыдонӕн абон дӕр Ирыстоны цы стыр аргъ кӕнынц, уый. Махӕн нӕ иумӕйаг хӕс у, уыцы рӕстӕджы хорзӕй цы уыд, нӕ Советон Цӕдисы алы адӕмты ‘хсӕн цы хӕлардзинад уыд, уый нӕ кӕстӕртӕм дарддӕр хӕццӕ кӕнын. Уый мах хъуамӕ хӕзнайау хъахъхъӕнӕм. Тынг разыйӕ цӕуӕм Ирыстонӕй ӕмӕ нӕ уырны, иннӕ аз дӕр та — ногӕй кӕй фембӕлдзыстӕм, уый».
Нӕ уазджытӕ Ирыстонӕй сӕ фӕндаг акодтой Налцыкмӕ, уырдыгӕй та Новороссийскмӕ.
БАСКАТЫ Уырызмӕг