Цӕгат Ирыстоны зарӕггӕнджыты паддзахадон къорд «Алани»- йыл 35 азы кӕй сӕххӕст, уый кадӕн 29 майы амынд къорд Тӕбӕхсӕуты Балойы номыл паддзахадон академион театры равдисдзӕн юбилейон концерт.
Канд Ирыстоны нӕ, фӕлӕ ӕппӕт Уӕрӕсейы культурон хӕзнайыл банымайӕн кӕй ис, уыцы ӕвӕджиауы сфӕлдыстадон коллектив фӕуӕлахиз къорд дунеон конкурсты, стӕй йӕ схорзӕхджын кодтой Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийӕ ӕмӕ преми «100 грантов Президента России»-йӕ.
Коллектив профессионалон зарды рӕзтӕн ахъаз кӕны. Зарӕггӕнджыты къордӕн йӕ сӕвзӕрдӕй фӕстӕмӕ разамынд дӕтты Уӕрӕсейы Паддзахадон премийы лауреат, Уӕрӕсейы аивӕдты сгуыхт архайӕг ӕмӕ сгуыхт артисткӕ Кокойты Агуындӕ. Коллективы репертуары чи ис, фыдыбӕстон ӕмӕ фӕсарӕйнаг композиторты уыцы удварнон ӕмӕ адӕмон зарджытӕй бирӕтӕ азӕлыдысты юбилейон концерты заман.