Битарты Вячеслав æмæ Виталий Мутко равзæрстой ахсджиаг фарстатæ

0
422

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав, Мæскуыйы кусæг балцы уæвгæйæ, фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Виталий МУТКОИМÆ.

Фембæлды рæстæг æркастысты æмæ равзæрстой Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзты цалдæр фарстайы. Ныхас цыди Уæрæсейы Хицауады фæстауæрцы фондæй нæ республикæйæн 1 миллиард сомы радих кæныныл, цæмæй уыдоны фæрцы ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, культурæйы, спорты æмæ цæрæн- уæтты-коммуналон хæдзарады инфраструктурæ фæхуыздæр уа. «Ацы ахъаззаг материалон æххуысы фæрцы ахсджиагдæр фарстатæ баххæст кæндзыстæм. Зæгъæм, Æрыдоны районы центрон рынчындонмæ базилын, нырыккон ифтонггæрзтæй йæ баххæст кæныны фæрцы рынчынты æндæр клини- кæтæм цæуын нал хъæудзæн. Сунжæ æмæ Тарскæйы хъæуты фæнд кæнæм ног амбулаторитæ саразын, Мæздæджы тынг æнхъæлмæ кæсынц ног рæвдауæндонмæ. Афтæ æндæр ахсджиаг нысантæ дæр», — загъта республикæйы Сæргълæууæг. Фембæлды рæстæг Виталий Мутко зæрдæ бавæрдта, раздæр хаст уынаффæтæ æнæмæнг æххæстгонд кæй цæудзысты, йæхæдæг дæр цæттæ у уыцы нысангонд хъуыддæгтæ сæххæст кæнынæн баххуысмæ.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here