Æнæбюджетон фæрæзты хардзæй

0
426

Цалдæр азы Дзæуджыхъæуы цæрæг адæмæн æмæ горæты уазджытæн зындзинæдтæ чи æвзарын кодта, Плийы-фырты уынджы уыцы хай æртæ къуырийæ къаддæр рæстæгмæ цалцæггонд фæци.

2011 азы æндæр горæтæй æрбацæуæг фæндагаразджытæ аиппытимæ кæй баххæст кодтой, уыцы цалцæггæнæн куыстыты аххосæй хæдтулгæскъæрджытæ æмæ бæлццæттæ зындзинæдтæ æвзæрстой. Æндæр горæтæй æрба- цæуæг фæндагаразджытæ кæмæй спайда кодтой, уы- цы писи тад, æмæ транспорт фæндагыл цыд зынтæй.

4 майы Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис радта цыбыр æмгъуыдмæ аипп аиуварс кæныны тыххæй бардзырд. Уайтагъд райдайæг цалцæггæнæн куыстытæ алы бон дæр цыдысты.

Плийы-фырты уынджы асфальт куыд æвæрынц, Æлбеджы-фырт уымæ комкоммæ уагæй йæ цæст дардта, æмæ афтæмæй æртæ къуыримæ æнæбюджетон фæрæзты хардзæй фæндаг бындуронæй сцалцæг кодтой.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here