Æмгуыстад æмæ æмархайды тыххæй — бадзырд

0
398

 

2018 азы 14 майы Мæскуыйы æмгуыстад æмæ æмархайды тыххæй бадзырд бафыстой Иумæйагуæрæсеон æхсæнадон организаци «Уæрæсейы афицертæ» æмæ æхсæнадон организаци «Мæскуыйаг Суворовонтæ». Бадзырды нысан у «2016 — 2020 азты Уæрæсейы Федерацийы граждæнты патриотон хъомылад»-ы паддзахадон программæйы тыххæй» УФ-йы Хицауады 2015 азы 30 декабры 1493-æм уынаффæмæ гæсгæ фæсивæды æфсæддон-патриотон хъомылады фарстаты иумæйаг мадзæлттæ аразын, æмархайд æмæ æмгуыст кæнын.

Æхсæнадон организациты иумæйаг проекттæй ахсджиагдæр у æфсæддон ахуырады фарстайы фæдыл Совет саразын. Советы куысты архайджытæ сæхимæ райсдзысты фæсивæды æфсæддон ахуырады фарстатæ, Уæрæсейы кадетон ахуырады концепцийыл бакусыны хæс.

Абон кадетон ахуырады организацитæ ис Уæрæсейы 200-йы бæрц. Кадетон æмæ хъазахъхъаг кадетон ахуырадон организацитæ сты алыхуызон федералон министрадты, ведомствоты, Уæрæсейы Федерацийы субъектты (Хъахъхъæнынады министрады, Росгвардийы, Мидхъуыддæгты министрады, Æдасдзинады федералон службæйы, Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады, Слестгæнæн комитеты, Культурæйы министрады, стæй Уæрæсейы Ахуырад æмæ наукæйы министрады æмæ УФ-йы субъектты ахуырадон оргæнты) бæрны. Уыдоны ахуыр кæны 45000 адæймагæй фылдæр, æмæ алы аз дæр рауадзынц 8000 суворовон, нахимовон æмæ кадетоны.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here