«Байхъусут ирон аргъаумæ!»

0
605

 

Сабидуг æнæферохгæнгæ у, æмæ цæмæй сывæллæттæ хъæлдзæгæй, æнæнизæй рæзой, ууыл кусынц республикæйы рæвдауæндæтты кусджытæ. Цæмæй фидæны фæлтæртæ фыццаг къахдзæфтимæ, фыццаг ныхæстимæ æгъдау, æфсарм, Райгуырæн бæстæ æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад банкъарой, ууыл у хъомылгæнджыты куыст.

Арæх фехъусæн вæййы хъомылгæнджытæй, кæй нæ фаг кæны сывæллæттæн ирон æвзагыл фыст программæтæ, æндæр æрмæджытæ. Уымæ гæсгæ æхсызгонæй сæмбæлдысты «Ирон чиныг», кæнæ «Аудиобалц аргъæутты бæстæмæ», зæгъгæ, проекты рауагъдыл. XXI æнусы цæргæйæ, уый рæстæджы домæн у. Ацы программæ æнцонæй бахæссæн ис телефонмæ æмæ дзы пайда кæнæн.

Аргъæуттæ, æмдзæвгæтæ, алол-лайы зарджытæ хъуысынц нæ уарзон ирон актерты хъæлæстæй — Цырыхаты Розæ, Бытъæты Роберт, Къуымæллæггаты Владимир, Пагæты Фатимæ, Сечъынаты Илитæ æмæ иннæтæ.

Проекты автор, æрыгон æмæ курдиатджын лæппу Гæбæраты Æхсары фарсмæ ацы хъуыддаджы æрбалæууыдысты РЦИ-Аланийы ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн институты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы коллектив, сæ сæргъы Майрæмыхъуаты Фатимæ, афтæмæй.

Знон институты æмбырдтæгæнæн залмæ æрбацыдысты, фондз мæйы йæ куысты ацы проектæй чи пайда кодта, уыцы 14 рæвдауæндоны хъомылгæнджытæ, цæмæй сæ архайдæй хатдзæгтæ скæной, сæ фиппаинæгтæ, сæ хъуыдытæ зæгъой. Æмбырд амыдта Майрæмыхъуаты Фатимæ.

— Нæ фаг кæны ирон æрмæджытæ, æмæ, хал халæн æххуыс куыд у, афтæ «Ирон чиныг» электронон хуызы уæлæмхасæн куыстæн пайда у, æнæмæнг. Бузныг Гæбæраты Æхсарæн, ахæм æцæг ирон гуырдтæ нæм фылдæр куыд уа, уый мæ зæрдæ зæгъы. Сусæггаг нæу, нæ дзурынц мадæлтæ сæ хъæбултæм ирон æвзагыл, ничиуал зары «Алол- лай», ацы ног хъуыдыйы та хъомыладон ахадындзинад ис, — загъта æмбырдамонæг. Проекты автор та бузныг загъта се ‘мгуыстады тыххæй институты кусджытæн, рæвдауæндæтты хъомылгæнджытæн, театры актертæн. — Æрмæст иумæйаг хъарутæй бафтыд нæ къухы ацы хъуыддаг царды рауадзын. Уадз æмæ æрыгæттæ аргъ кæной се ‘взагæн, — загъта Æхсар.

Сæ хъуыдытæ, сæ фиппаинæгтæ загътой Дзæуджыхъæуы 87-æм рæвдауæндоны хъомылгæнæг Кцойты Зæлинæ, 49-æм рæвдауæндоны хъомылгæнæг Дзылыхты Дианæ, Дигорайы 1-æм рæвдауæндоны кусæг Бибайты Ларисæ, Дзæуджыхъæуы 61- æм рæвдауæндоны хъомылгæнæг Хæбæлаты Алетæ, Беслæны 10-æм рæвдауæндоны хъомылгæнæг Бозырты Иринæ æмæ иннæтæ.

Раджы заманты дадатæ æмæ нанатæ сывæллæттæн аргъæуттæ æмæ таурæгътæ кæсгæ нæ, фæлæ дзургæ кодтой. Ныхасы рæзтыл куыстæн йæ бындур рæвдауæндоны ис. Ног проект «Ирон чиныг» йæ бынат ссардзæн методикон æвæрæнты хæзнадоны.

ГУГКАТЫ Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here