«Æнæнхъæлæджы уавæртæм хъуамæ уæм цæттæ»

0
551

 

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй знон уыд донивылдтыты ныхмæ архайæг къамисы радон æмбырд.

Йæ разныхасы Тускъаты Таймураз загъта, фæстаг дыууæ — æртæ азы уавæр куыд равдисы, афтæмæй дæттæ раивылыны фарста ахсджиаг у республикæйы æппæт районты дæр. Æнæнхъæлæджы æрцæуæг æрдзон бæллæхы фæстиуджытæ аиуварс кæныны хъæугæ мадзæлттæ арæзт кæд æрцæуынц — хидтæ æрцæуынц ногæй арæзт, цæугæдæтты былгæрæттæ фæфидар кæнынц, донвæдтæ та сыгъдæггонд æрцæуынц федералон æмæ республикон программæты æххуысæй — уæддæр æнæлыггонд фарстатæ нырма ис. Ууыл дзурæг у, хæрзæрæджы Рахизфарсы район дыууæ хатты цы донивылдтытæ бавзæрста, уый дæр. Хъыгдард баййæфтой Цæлыччы дæсгай бинонтæ. «Уæд æппæт службæтæ дæр — районы бынæттон хиуынаффæйад, Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад, Экономикон рæзты министрад, Фæндæгты арæзтады комитет, коммуналон хæдзарады куыстуæттæ — æмхуызонæй æрдзон фыдбылызы ныхмæ хорз фæлæууыдысты, æмæ хæрзцыбыр рæстæгмæ уавæр æрцыд нывылгонд. Фæлæ махæн нæ хæс у ахæм цаутæ не ‘руадзын. Уый тыххæй уавæрмæ хъæуы иудадзыг дæр цæст дарын, донивылдтытæй чи бахъахъхъæндзæн, ахæм бæлвырд пълан саразын æмæ уымæ гæсгæ кусын, цæмæй, цы фарстатæ сæвзæры, уыдон æнæкъуылымпыйæ æмæ тагъд лыггонд цæуой,» — загъта Хицауады Сæрдар.

Ацы хатт сæрды мæйтæ сæхи цы хуызы равдисдзысты, æмæ, цавæр гидрометеоуавæртæм æнхъæлмæгæсæн ис ацы аз, уый тыххæй къамисы æмбырды раныхас кодта Цæгат Ирыстоны алфамбылай æрдзы мониторинг æмæ гидрометеорологийы центры сæргълæууæг Уалыты Людмилæ.

Куыд радзырдта, афтæмæй, æрæджы цы уарынтæ æрцыд, уыдоны фæстæ, Терчы дон æмæ Æрæфы донæй фæстæмæ, иннæ цæугæдæтты доны æмвæ- зад бирæ нæ фæуæлдæр — æмбæлгæ бæрæггæнæнæй дæр у ныллæгдæр. Уыимæ, хæхты уарынтимæ абаргæйæ, быдыры рауарыд дзæвгар фылдæр. Уыцы тыхджын уарынтæ æмæ их бахъыгдардтой Кировы, Рахизфарсы районты, стæй иуцасдæр Горæтгæрон районы, хъæууон хæдзарадæн та æрхастой зиантæ. Елхоты, Михайловскы æмæ Олгинскæйы æртæ — цыппар сахатмæ рауарыд мæйы нормæйы бæрц. Гидрометцентры бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хæстæгдæр 2 — 3 боны дæргъы боныхъæд ивдзæн, тæссаг уыдзæн тыхджын уарынтæ æмæ тæрккъæвдатæй. Уавæр куыд æвдисы, афтæмæй Ирыстонæн июнь у уарынты мæй. Æмæ, синоптикты ныхасмæ гæсгæ, мæйы дæргъы тæссаг уыдзæн, хæхты тыхджын уарынтæ куы рацæуа, æмæ цæугæдæттæ куы раивылой, уымæй.

Донивылдтыты ныхмæ архайæг республикæйы районты къамистимæ уæ куыст куыд арæзт у, зæгъгæ, Тускъаты Таймуразы ацы фарстæн дзуапп дæтгæйæ, Уалыты Людмилæ загъта, тæрккъæвдатæ æмæ уаддымгæ æрцæуынæй тæссаг рæстæг хъусынгæнинæгтæ афоныл æрвыст кæй цæуынц Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадмæ, Хицауадмæ æмæ районты къамистæм. Хицауады Сæрдар бафиппайдта, гидрометцентры куысты ахсджиагдзинад æмæ, районты къамистимæ сæ куыст фенгомдæр кæнын кæй хъæуы, уыцы хъуыддаг, цæмæй уыдон дæр сæ куыст аразой боныхъæды бæрæггæнæнтæм гæсгæ.

Тыхджын уарынтæ æмæ тæрккъæвдатæ æрцæуыны фæстæ дон æмбырд цæмæй ма кæна, фæлæ æнæкъуылымпыйæ уынгтæй цæуа, уый тыххæй цы куыст арæзт æрцыд æмæ донвылдтытимæ баст æнæнхъæлæджы цаутæ æрцæуыны ныхмæ ацы аз республикæ куыд цæттæ у, уый фæдыл æмбырды раныхас кодта æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министр Мамиаты Чермен. Куыд радзырдта, афтæмæй хъуыддаг у уыйбæрц ахсджиаг, æмæ фæстаг тыхджын уарынты фæстæ «æнæнхъæлæджы уавæр»-ы уаг æрфидар кæнын-иу бахъуыд Алагиры, Æрыдоны, Рахизфарсы æмæ Дыгуры районты. Уыимæ, Алагиры æмæ Дыгуры районты донивылдтытимæ баст уавæр ныридæгæн фæкарздæр. Мамиаты Чермен куыд загъта, афтæмæй алы районы дæр хъæуы бæстондæр æркæсын, æнæнхъæлæджы цауы æрцыдмæ куыд цæттæ у, уымæ. Нырма уал, министры ныхасмæ гæсгæ, уыцы куыст фылдæр цæуы формалон æгъдауæй. Хъуыддаг ис уый мидæг, æмæ алы район дæр бацæттæ кодта, донивылдтытæм куыд цæттæ у, цавæр техникон фæрæзтæ æмæ гæнæнтæ сæм ис, уый фæдыл документ. Фæлæ, уым цы бæрæггæнæнтæ амынд ис, уыдон æцæгдзинадæй бирæ хатт кæнынц хицæн. Горæты æмæ республикæйы æппæт районты дæр министрад сарæзта, донивылдтытæй бахъахъхъæныны мадзæлттыл ныхас кæм цыд, ахæм æмбырдтæ. Сбæлвырд кодтой, цæугæдæттæ раивылынæй тæссагдæр цы бынæттæн у, ахæмтæ. Уыдон сты: Æрыдоны районы хъæутæ Нарт, Красногор, Фыййаджыбыл æмæ Мичурины хъæу, Алагиры районы — Црауæн йæ хуссайраг фарс, Дыгуры районы — Хъарман-Сындзыхъæу æмæ Николаевскы станицæ, Æрæфы районы — Æхсæрысæр æмæ Лескен, Кировы районы — Змейкæ æмæ Ставд-Дуртæ, Мæздæджы районы — Павлодольскы, Луковскы æмæ Притеречныйы станицæтæ æмæ Винограднæйы хъæу, Рахизфарсы районы — Зилгæ, Фарныхъæу, Хуымæллæг, Горæтгæрон районы — Тарскæйы хъæу, Дзæуджыхъæуы — Реданты æмæ Бæлтайы донæвæрæнтæ. Министр куыд загъта, афтæмæй сыгъдæггонд æрцыдысты Алагиры, Æрыдоны æмæ Дыгуры районты цæугæдæттæн сæ донвæдтæ. Дзæуджыхъæуы къанауты уавæр нывыл кæй нæу, уымæ гæсгæ ныр дæр ма горæты иуæй-иу уынгтæн тæссаг у, тыхджын уарынты рæстæг доны бын куы фæуой, уымæй. Раныхасгæнæг йе ‘ргом аздæхта гидропостты куыстмæ дæр, цæмæй уыдон онлайн уавæры иудадзыгдæр цæст дарой цæугæдæтты доны æмвæзадмæ. Æнæнхъæлæджы цаутæ не ‘руадзыны æмæ сын сæ фæстиуджытæ аиуварс кæныны фæдыл къамисы раздæры æмбырды уынаффæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый фæдыд доклад скодта РЦИ-Аланийы Æнæнхъæлæджы уавæрты управленийы сæргълæууæджы хæдивæг Владимир Кулинский.

Горæт Дзæуджыхъæу, стæй республикæйы районтæ донивылдтытæм куыд цæттæ сты, уый фæдыл та дзырдтой районты бынæттон хиуынаффæйады администрациты сæргълæуджытæ. Къамисы æмбырдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, республикæйы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй, къамис цæй фæдыл арæзт æрцыд æмæ цы фарстайæн дзуапп дæтты, уый, азтæ куыд цыдысты, афтæ карзæй-карздæр кодта, æмæ, кæд афтæ у, æмæ æрдз дæр кæд йæхи закъонтæм гæсгæ цæры, уæддæр, уавæрыл дзуапдæттæг адæймæгтæн сæ хæс у æрдзы хивæнд миты ныхмæ техникон цæттæдзинад ноджы бæрзонддæр æмвæзадмæ сисын æмæ цыфæнды æнæнхъæлæджы уавæрмæ дæр алцæмæй дæр цæттæ уæвын.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here