Барадон æгъдау фидар кæнын адæмы æдасдзинадæн

0
573

 

Знон уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы барадон æгъдау фидар кæныны иудадзыгон координацион æмбырды æрбадт. Сæрдариуæг дзы кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав.

Æрбадты архайдтой Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Федерацийы Президенты æххæстбарджыны Аппараты федералон инспектор Цæгат Ирыстон-Аланийæ Сергей Гончаров, республикæйы барадхъахъхъæнæг æмæ тыхы структурæты разамонджытæ, стæй Дзæуджыхъæуы æмæ хъæууон районты сæргълæуджытæ.

Иумæйаг ахуырадон организациты рауагъдонты изæртæ аразыны æмæ 2018 азы сывæллæтты фæлладуадзыны æдасдзинады мадзæлттæ куыд арæзт цæудзысты, уый фæдыл æмбырды раныхас кодтой РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Иринæ Азимова, РЦИ-Аланийы фæллой æмæ социалон рæзты министры хæстæ æххæстгæнæг Хъесаты Игорь, Уæрæсейы Федерацийы граждайнаг хихъахъхъæнынады, æрдзон фыдбылызтæ æмæ æнæнхъæлæджы цаутæ иуварс кæныны министрады Цæгат Ирыстоны Сæйраг управленийы хицауы хæдивæг Дзанайты Павел, Цæгат Ирыстон- Аланийы мидхъуыддæгты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Дмитрий Гутыря.

Раныхасгæнджытæ куыд бацамыдтой, афтæмæй арæзт æрцæудзæн æппæт мадзæлттæ дæр, цæмæй скъолаты рауагъдонты изæртæ ацæуой æдас æмæ æнæ фыдбылызæй.

Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав иудадзыгон координацион æмбырды уæнгтæй, стæй районты сæргълæуджытæй æрдомдта, цæмæй бацархайой скъолайы рауагъдонты изæрты карз нозт хæстæг дæр куыд нæ уа, ууыл, цæмæй республикæйы сывæллæтты фæлладуадзæн бынæттæ афойнадыл цæттæгонд æрцæуой æмæ сабитæ æнæкъуылымпыйæ, сæйрагдæр та, æдас æмæ æнæ фыдбылызæй суадзой сæ фæллад, цæмæй æнæнхъæлæджы цаутæ æмæ æрдзон фыдбылызтæ иуварс кæныны министрады Цæгат Ирыстоны Сæйраг управленийы минæвæрттæ æрмæст хъуагдзинæдтæ ссарыныл æмæ сывæллæтты фæлладуадзæн бынæттæ сæхгæныныл ма архайой, фæлæ фылдæр æххуыс кæной сæ аиуварс кæнынæн дæр.

Æмбырды архайджытæ ма æркастысты базарадон комплексы хиирхæфсæн центртæ, сывæллæтты фæлладуадзæн организацитæ, культурæ æмæ спорты, стæй бирæ адæм кæм вæййы, æндæр ахæм уагдæтты зынгсирвæзты æдасдзинады закъæттæ республикæйы куыд æххæстгонд цæуынц, уыцы хъуыддагмæ дæр. Ацы фарстаты фæдыл раныхас кодтой Уæрæсейы Федерацийы граждайнаг хихъахъхъæнынады, æнæнхъæлæджы цаутæ æмæ æрдзон фыдбылызты фæстиуджытæ иуварс кæныны министрады Цæгат Ирыстоны Сæйраг управленийы хицауы хæдивæг Дзанайты Павел æмæ Уæрæсейы Федерацийы национ гвардийы æфсады федералон службæйы Цæгат Ирыстон- Аланийы Управленийы хицауы хæдивæг Бигъаты Руслан.

Æмбырды архайджытæ бафæдзæхстой уыцы ведомствотæн, цæмæй æртæ мæйæ æртæ мæймæ базарадон центртæ, хиирхæфсæн бынæттæ, кинотеатртæ æмæ, адæм бирæ кæм вæййы, ахæм бынæтты аразой ахуыртæ, цæмæй сæ кусджытæ бæлвырд зоной, зынгсирвæзт, кæнæ æндæр исты æнæнхъæлæджы цауы рæстæг сæ куыд архайын хъæуы, уый.

Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав бафæдзæхста ведомствоты разамонджытæн, цæмæй республикæйы базарадон центртæ, хиирхæфсæн бынæттæ æмæ бирæ адæм кæм æмбырд кæны, æндæр ахæм бынæттæй æхгæнын фæнд кæй кæной, уыдоны тыххæй рагагъоммæ хъусын кæной, уымæн. Уайтагъд сæ сæхгæныныл ма кусой, фæлæ архайой фылдæр хъуагдзинæдтæ аиуварс кæныныл.

КАСАТЫ Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here