“Æппæт хабæрттæ дæр дыууæ республикæйы цæрджытæн æнæкъуылымпыйæ хъусын кæнæм”

0
465

Хуссар Ир æмæ Цæгат Ир кæрæдзийæн фидар ныфс æмæ æнцой сты. Кæд Хуссар Ирыстоны цæрджытæ царды бирæ зынтæ федтой, уæддæр хъысмæттæ уарæг бардуагмæ фыдæх зæрдæ нæ бадардтой… Цæгатæй сæм уазæг куы ныццæуы, уæд сæ зæрдæтæ хурварс абадынц, æмæ нын басгуыхынц ахъаззаджы рæдау фысымтæ.

Æрæджы Цæгат Ирыстоны дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæн Цхинвалмæ цы иумæйаг пресс-тур уыд, уый архайджытыл нæ хуссайраг æфсымæртæ сæмбæлдысты стыр æхсызгонæй. Уыцы бон цыма хур дæр нæ иумæйаг фембæлдыл цин кодта, раст афтæ рæдауæй йæ хъарм тынтæ æрвыста Хуссар Ирыстоны сойæвдылд зæхмæ. Пресс-тур саразыны хъæппæрис равдыстой дыууæ республикæйы дзыллон бастдзинæдты æмæ мыхуыры комитетты разамонджытæ. Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæ, республикон æмæ районты газетты сæйраг редактортæ. Фембæлды рæстæг РЦИ-Аланийы мыхуыры æмæ дзыллон бастдзинæдты комитеты сæрдар Фидараты Юри куыд загъта, афтæмæй ацы фембæлд комитет 2017 азы саразинаг уыдис. Æмæ æгайтдæрма ацы аз йæ саразын бафтыд нæ къухы. «Фæнды нæ, цæмæй, Хуссар Ирыстоны политикон, экономикон, ахуырадон, культурон царды æмæ æндæр къабæзты цы хабæрттæ цæуы, уый тыххæй дыууæ республикæйы цæрджытæн æнæкъуылымпыйæ хъусын кæнæм», — загъта йæ раныхасы Фидары- фырт.

Пресс-туры архайджытæ бабæрæг кодтой Цхинвалы дзидзайы куыстгæнæг комбинат «Растдон». Уый кусджытæ ныридæгæн уадзынц продукцийы 17 хуызы. Комбинаты куыстимæ сæ базонгæ кодта генералон директоры хæдивæг Томайты Вадим. Томайы-фырт куыд зæгъы, афтæмæй, продукци уадзгæйæ, хыгъд цæуынц фæлхасгæнджыты æппæт домæнтæ дæр. Уыдон та æнцой кæнынц, куыстуаты цы æгъдæуттæ ныффидар, уыдоныл. Йæ продукци адæмæн балхæнын сæ бон у Цхинвалы æмæ республикæйы районты дуканиты. Цæмæй дзидзайы куыстгæнæг комбинатæн ног кусæнгæрзтæ æлхæд æрцæуа, уый тыххæй бахардз кодтой 156 милуан сомы бæрц. Кредитæй кæй райстой, уыцы æхца. Ног кусæнгæрзтимæ куыд архайын хъæуы, ууыл та комбинаты кусджыты ахуыр кодтой компани «Евродон»-ы специалисттæ.

Пресс-туры архайджытæн мидисджын фембæлд уыд Хуссар Ирыстоны Тыбылты Алыксандры номыл университеты журналистикæйы факультеты ахуыргæнджытимæ æмæ студенттимæ. Факультеты студенттæн сæ ахуыртæ вæййынц, куыд ирон, афтæ уырыссаг æвзагыл. Университеты ректор Тедеты Вадим куыд зæгъы, афтæмæй фæсивæд журналисты дæсныйад райсыны тыххæй ахуыртæм æхсызгонæй цæуынц. Фæнды сæ мыхуырон дзырды æмæ ныхасы фæрцы адæмæн æхсызгондзинад хæссын, республикæйы иумæйаг хæрзæбоныл кусын. Ууыл та дзурæг у уый, æмæ, журналистикæйы факультеты студенттæ ахуыр нæма фæвæййынц, афтæмæй кусын райдайынц республикæйы радиойы, телеуынынады, газетты редакциты. Алы аз дæр университеты журналистикæйы факультетмæ райсынц 15 студенты. ХИПУ-йы журналистикæйы факультеты ахуыргæнджытæн фидар зонадон æмæ ахуырадон бастдзинæдтæ ис нæ бæстæйы уæлдæр ахуырады скъолаты журналистикæйы факультетты ахуыргæндтимæ æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттимæ.

Пресс-туры архайджытæн сæ балцы рæстæг фембæлд уыд РХИ-йы Парламенты Культурæйы, ахуырады, зонады æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты комитеты сæрдар Гæбæраты Юриимæ. Уый сæйрагдæр æрдзырдта, Хуссар Ирыстоны газеттæ æмæ журналтæ Цæгат Ирыстонмæ кæй нæ хæццæ кæнынц, афтæмæй та Цæгат Ирыстоны газеттæ æмæ журналтæ нæ хуссайраг æфсымæртæм кæй хæццæ кæнынц, ууыл. Хорз уаид, ацы фарстамæ куы ‘ркæсиккой æмæ йæ хорзæй куы алыг кæниккой дыууæ республикæйы мыхуыры æмæ дзыллон бастдзинæдты комитетты разамонджытæ.

Гæбæраты Юриимæ фембæлды рæстæг газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор, филологон наукæты кандидат Битарты Маринæ бахаста фæндон, цæмæй рæстæгæй-рæстæгмæ фембæлдтытæ арæзт цæуа дыууæ республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæн. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, уыдон хорзæй сахаддзысты нæ иумæйаг Ирыстоны фæрныгадыл, хæлардзинадыл æмæ æнгомдзинадыл. Фембæлды рæстæг ма хаст æрцыд уынаффæ, цæмæй рæхджы арæзт æрцæуа дыууæ республикæйы æрыгон журналистты ассоциаци. Уый та, фембæлды архайджыты хъуыдымæ гæсгæ, сахадид фæсивæды иумæйаг сфæлдыстадон хъуыдыкæнынады рæзтыл.

Пресс-туры фæлгæты ма арæзт æрцыд цæлхæмбырд дæр. Амыдта йæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæргълæууæг Хъотайты Мария. Цæлхæмбырды архайджытæ æрныхас кодтой Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн иумæйаг информацион тыгъдад саразыныл, æмæ афтæмæй национ журналистикæйы рæзтыл кусыныл, Цæгат Ирыстоны газетты, журналты, радио æмæ телеуынынады редакцитæм, хистæр фæлтæры уацхæсджыты сфæлдыстадон куысты сусæгдзинæдтимæ базонгæ уæвыны нысанæн, Хуссар Ирыстонæй æрыгон журналистты æрвитыны хъуыддæгтыл.

РЦИ-Аланийы мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдары хæдивæг Гæбæлаты Мæдинæ цæлхæмбырды архайджытæн радзырдта, комитет национ мыхуыры æмæ ирон чиныг уадзыны хъуыддагыл куыд ауды, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, комитеты хъæппæрисæй æрæджы Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд чингуыты армукъа «Книжный уголок», газет «Рæстдзинад»-ы фыццаг номыры рацыдыл 95 азы кæй сæххæст, уый кадæн та редакци æмæ Республикæйы Национ ахастдзинæдты фæдыл министрадимæ арæзт æрцыд дунеон наукон конференци «Национ мыхуыры нырыккон уавæр æмæ йæ райрæзт». Рæхджы та комитет саразынвæнд кæны æрыгон журналистты форум «Алания-медиа-2018».

Пресс-туры архайджытæ ма сæ балцы рæстæг бабæрæг кодтой Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъолайы кæрты Иры хъæбатырты уæлмæрд, Цхинвалы районы чырыстон моладзандон æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры бæстыхай. Театры аивадон разамонæг, Хуссар Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг Дзуццаты Тамерлан куыд зæгъы афтæмæй театр æххæстæй дзуапп дæтты нырыккон техникон æмæ эстетикон домæнтæн. Йæ залы та ис 500 бадæн бынаты.

Пресс-туры архайджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй сæ балц рауад мидисджын. Дыууæ республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджыты æхсæн хъуыддаджы æмæ сфæлдыстадон æнгомдзинадыл кæй сахаддзæн, уый нæ уырны.

ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here