Математикæйы бæрзæндтæм тырнгæйæ

0
493

Дзæуджыхъæуы Советон Цæдисы Хъæбатыр Хъыбызты Алыксандры номыл 4- æм гимназы математикæ æмæ информати- кæйы ахуыргæнджытæ сæ ахуырдзаутимæ скодтой цæлхæмбырд математикæ æмæ информатикæйы гæнæнтæ æмæ æнтыстдзинæдты фæдыл. Мадзалы архайдтой РЦИ-Аланийы ахуырады кусджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн республикон институты математикæ æмæ информатикæйы кафедрæйы сæргълæууæг КЦОЙТЫ Ж.Н., хистæр ахуыргæнæг МЗОКТЫ Ф.П. Ӕмæ ахуыргæнæг ЧЕЛДЫТЫ Н.М. Цæлхæмбырдмæ Мæскуыйæ ссыдис Уæрæсейы егъаудæр Интернет-компанийы программист, мæскуыйаг ахуыргæнæг, ЦИПУ-йы математикæйы факультеты рауагъдон ГУЙТЫ Тимур. Уый бакаст цымыдисаг лекци. Лекцийы фæстæ нын йемæ рауад ахæм ныхас:

— Кæцы скъола каст фæдæ? Æмæ дæ математикæ йæхимæ афтæ тынг кæд аздæхта?

— Каст фæдæн Дзæуджыхъæуы 39-æм скъола. Математикæмæ мæм фыццаг хатт цымыдис фæзынд 9-æм къласы ахуыр кæнгæйæ. Мæ ахуыргæнæг мын бауайдзæф кодта, ды цæмæй æвзæрдæр дæ, хæдзармæ куыст кæмæй сфыссыс, уымæй, зæгъгæ. Тынг мæм бахъардта мæ ахуыргæнæджы уайдзæф æмæ мæхинымæр загътон: «Æнæсæрæндæр никæмæй дæн æмæ мæ царды хъуамæ исты хорз фæд уадзон». Уæдæй фæстæмæ райдыдтон мæхиуыл кусын, æмæ мын чысылгай æнтысгæ дæр кодта. Цы хъуыддаг дын уайа, уый дæ зæрдæмæ дæр цæудзæнис. Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны скъолаты сырæзт бирæ ахуыргæндтæ æмæ спортсментæ дæр, нæ Ирæн, нæ адæмæн кад чи скодта, нæ сæр бæрзонд кæмæй хæссæм, ахæмтæ. Уыдон нæ рæзгæ фæлтæрæн сæ царды сты фæзминаг.

— Иумæйаг паддзахадон фæлварæнæй профильмæ гæсгæ дæ бон цал баллы бацис райсын?

— 92 баллы, фæлæ мын дзы 2 фæстаг хынцинагæй айстой.

— Скъола каст куы фæдæ, уæд кæм адарддæр кодтай дæ ахуыр?

— Бацыдтæн Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты математикæйы факультетмæ æмæ дзы тынг райгондæй баззадтæн. Фæндзæм курс нæма фæдæн, афтæмæй ацыдтæн Мæскуымæ æмæ мæ ахуыр уым адарддæр кодтон. Кусынæн дæр мын фадат фæци. Ныртæккæ математикæйæ фыссын диссертаци Мæскуыйы уæлдæр ахуыргæнæндоны.

— Кæм кусыс ныртæккæ?

— Дæн математик, программист, кусын Компани Mail.ru Group-ы. Уый у Уæрæсейы Федерацийы стырдæр Интернет-компанитæй иу. Ис мын, адæмы компьютерон программæтыл кæм ахуыр кæнын, ахæм сæрмагонд хайад, ахуырдзауты цæттæ кæнын олимпиадæтæм, Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ математикæйæ. Ацы аз райдыдтон мæхи сæрмагонд проектыл кусын, кæцы ахъаз уыдзæн зонындзинæдтæ математикæйæ фæхуыздæр кæнынæн. Фæнды мæ, цæмæй ацы проект нæ республикæйы дæр райрæза. Уымæн æмæ нæм бирæ курдиатджын адæм ис. Фæлæ нæм, хъыгагæн, бирæ нæй, ацы хъуыддагмæ цымыдис чи кæны, ахæм ахуыргæнджытæ. Уымæн æмæ кæмæн рæстæг нæй, чи та йæ царды уавæртæм гæсгæ къуылымпыдзинад æййафы. Уымæ гæсгæ ахуырдзаутæ фаг цæттæдзинад нæ райсынц олимпиадæтæ æмæ фæлварæнтæм. Фæнды мæ, цы проектыл кусын, уый математикон ахуырады бæрзæнд Ирыстоны уæлвæз схиза. Ирыстоны бирæ курдиатджын кæстæртæ ис. Иннæ кавказаг адæмтимæ абаргæйæ, зæгъæн ис, ирон адæм сæ зондджындæртæ кæй сты, уый.

— Иууыл вазыгджындæр дæм цы кæсы дæ куысты?

— Цы бæрнон куысты разамонæг дæн, уым исты рæдыд куы æруадзон, уæд мæ хайады куыст æмткæй фæкъуылымпы уыдзæн. Алчидæр йæ куысты ауадзы цавæрдæр рæдыд, фæлæ, дæ рæдыд рæстæгыл куы бамбарай ,уæд йæ аиуварс кæнын æнцон у.

— Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ дын цавæр ахаст ис? Куыд дæм кæсы, уый руаджы хуыздæр раиртасæн ис ахуырдзауты зонындзинæдтæ?

 — Разы дзы дæн. Ацы фæлварæнмæ гæсгæ зæрдæбынæй райдыдтон математикæ ахуыр кæнын. Дæсæм къласы мæ размæ сæвæрдтон хæс, цæмæй райсон 100 баллы математикæйæ, æмæ мын уый дыууæ азы мæ зæрдæ тавта. Пайда уымæй у, æмæ Ирыстон æмæ æндæр ахæм регионты рауагъдонтæн ис Уæрæсейы сæйраг горæттæм ахуыр кæнынмæ ацæуыны фадат. Уый фæрцы мæнмæ ис Ирыстонæй ахæм ахуырдзаутæ: Габолаты Георги — Алагирæй, Нелли Хлюстова, Игорь Савельев — Дзæуджыхъæуæй. Ныртæккæ ахуыр кæнынц чи Мæскуыйы, чи Санкт-Петербурджы. Сæхи равдыстой тынг курдиатджын студенттæй. Иумæйаг паддзахадон фæлварæн куы нæ уыдаид, уæд, хъыгагæн, нæ горæтæй æддæдæр ахуыр кæнынмæ нæ ацыдаиккой, уымæн æмæ раздæр уæлдæр ахуыргæнæндæтты уыд сæхи фæлварæнтæ. Цæмæй цалдæр уæлдæр ахуыргæнæндонмæ дæ гæххæттытæ балæвæрдтаис, уый тыххæй алы хайадмæ дæр дæхи хъуамæ цæттæ кодтаис. Уый физикон æгъдауæй зын у. Кæй зæгъын æй хъæуы, Иумæйаг паддзахадон фæлварæнæн ис йæхи аиппытæ дæр. Зæгъæм, ис ахæм ахуырдзаутæ, кæцытæн сæ зонындзинæдтæ 100 баллы аргъ сты, фæлæ фыртыхстæй сæ хъуыдытæ æрбайсæфынц, чи та фæзæрдæсаст вæййы. Фæлæ фæлварæнмæ ахуырдзау зæрдæбынæй йæхи куы цæттæ кæна, уæд райсдзæн бирæ баллтæ.

— Дæ царды кæй фæзмыс? Кæй æнтыстдзинæдтæ дæ сразæнгард кодтой фылдæр базонынмæ?

— Хорз фарст у (худы). Мæскуыйы ис тынг хорз адæймаг — Радислав Гандапас. У бизнес-тренер, оратор, амоны, амалхъомад куыд аразын хъæуы, уый. Йæ видеоинтервьюмæ йын куы бакастæн, уæд мæ йæ цард дисы бафтыдта. 30- аздзыдæй Одессæйæ æрбацыд Мæскуымæ. Скъолайы куыста фыццаг уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæгæй. Фæстæдæр йæ зонд æмæ йæ хъаруйы руаджы йæхиуыл бæрзонд схæцыд. Ныллæууыд амалхъомады фæндагыл æмæ архайы адæмæн хæрзаудæн хъуыддæгтæ аразыныл. Уæд æз дæр сфæнд кодтон Мæскуымæ ацæуын. Ацыдтæн, фæлæ мын райдайæны тынг зын уыд, уымæн æмæ мын дзы нæ хæстæг уыд нæ зонгæ. Æрфысым кодтон æмдзæрæны. Фæстæдæр базонгæ дæн Радиславимæ, æмæ мын радзырдта, йæ царды сæйрагдæр бæллиц цы уыд, æмæ йæ бон куыд баци йæ сæххæст кæнын, уыдæтты тыххæй. Алы адæймаг дæр йæхицæн царды равзары дæнцæгæн, удварны миниуджытæй æххæст чи у, ахæм адæймаджы. Мæнæн та ахæм адæймаг у Радислав Гандапас.

— Сывæллоны куы бафæнда йæхиуыл кусын, уæд йæ къухы бафтдзæн æнтыстдзинад?

— Æнæмæнг, зæгъæм, æз æппынæдзух скъолайы истон «æртæ»-тæ, фæлæ мæ размæ хæс сæвæрд- тон, цæмæй мæ царды исты хорзæрдæм фæивон, мæ уд раттон ахуырмæ, æмæ мæ къухы бафтыд æнтыстдзинæдтæ. Мæ ахуырдзау Габолаты Георги дæр нæ уарзта ахуыр кӕнын, фæлæ куы бамбæрста ахуыргонд адæймаджы бынат царды, уæд йæ хъарутыл нал ауæрста.

— Дæ математикæйы ахуыргæнæг Валентинæ Алексейы чызг Чукаева дæ цæмæн хоны дыккаг Ломоносов?

— Ацы фарст ын йæхимæ раттын хъæуы (худы). Иттæг хорз нæ зонын Ломоносовы биографи, фæлæ йæ куыд бахъуыды кодтон, афтæмæй уый дæр Мæскуымæ ацыд хæрз æрыгонæй — 19-аздзыдæй. Æз дæр Мæскуымæ ацыдтæн 20-аздзыдæй æнæ искæй æххуысæй. Æвæццæгæн, ам стæм æнгæстæ. Мæ бинонтæ сты рæстæмбис цæрæг адæм. Искæй æххуысмæ та æнхъæлмæ нæ кастæн. Адæймаг хъуамæ архайа, йæ хъару куыд амоны, афтæ. Искæй æххуыс рæстæгмæ у. Хъуамæ адæймаг царды фæзилæнты йæхæдæг зилдух кæна, уæд бамбардзæн цард, уæд ын бантысдзæн фылдæр.

— Спортмæ дæм цавæр цæстæнгас ис? Куыд дæм кæсы, зондджын уæвын хуыздæр у æви æнæниздзинад?

— Спорт адæймаджы æнæниздзинад фидар кæны. Æнæниз адæймаджы хъару ахуырмæ фылдæр у. Скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уæд уыдтæн тыппыртæ, мæ уæз уыд 90 кг. Спортæй куы райдыдтон архайын, уæд мæ уæз фæкъаддæр 30 кг. Ныр къуыри фондз хатты цæуын спортивон залмæ, алы райсом дæр доны ленк кæнын æмæ уæнгрогæй ацæуын мæ куыстмæ.

— Цавæр у дæ царды нысан?

— Æрвылбон дæр цавæрдæр ногдзинад базонын. Мæ мадæн куы загътон, мæ ахуыр адарддæр кæнын мæ фæнды аспирантурæйы ,уæд мын загъта: дзæгъæлы бахардз кæндзынæ дæ рæстæг. Фæлæ æз тырнын мæ бæллицтæ сæххæст кæнынмæ. Мæ сæйрагдæр бæллиц у зонындзинæдтæй ме ‘ххормаг басæттын.

— Дæ арфæтæ 2018 азы рауагъдонтæн.

— 2018 азы рауагъдонтæн царды фыццаг зындзинæдтæй сæ иу у Иумæйаг паддзахадон фæлварæн. Уый, æнæмæнг, бафæлварын хъæуы. Мæ зæрдæ сын зæгъы, сæ размæ цы хæстæ æвæрынц, уыдон æнтыстджынæй сæххæст кæнын. Дарддæр ахуырады фæндагыл зындæр цæуæн уыдзæн. Чи сæ цы дæсныйад равзæрста, уым ссарæд йæхи. Æмæ-иу зонады къæпхæнтыл æнтыстджынæй, æнæниз æмæ зæрдæрухсæй уæлæмæ хизæнт! Сæ фæндтæ сæ къухы бафтæнт! Стыр бузныг зæгъын Дзæуджыхъæуы 4-æм гимназы администраци æмæ ахуыргæнджытæн, кæй мын радтой фадат сæ цæлхæмбырды 9-æм æмæ 11-æм кълæсты ахуырдзаутимæ фембæлынæн.

— Бузныг дæуæн дæр нæ фембæлды тыххæй.

 

Ныхас ныффыста 4-æм гимназы 11-æм къласы ахуырдзау

ТОМАЙТЫ Батрадз

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here