Пушкины бонтæ Ирыстоны

0
322

Æрвылаз дæр, 6 июны, нæ бæстæйы бæрæг кæнынц уырыссаг æвзаджы æмæ номдзыд поэт Александр Пушкины райгуырæн бонтæ. Уый фæдыл Дзæуджыхъæуы поэты номыл скверы уыдис кадджын мадзал. Бацæттæ йæ кодта РЦИ-Аланийы Адæмты хæлардзинады хæдзар. Йæ сæргъы КОЧИТЫ Георги æмæ йæ хæдивæг ХЪАЙТЫХЪТЫ Тамарæ. Поэты цыртдзæвæны раз мадзалмæ æрбацæуæг адæм сæрыстырæй, зæрдæмæхъаргæ рæсугъд ныхæстæй ссардтой поэты рухс ном. Кастысты йын йе ‘мдзæвгæтæ, ныхас кодтой йæ цард æмæ сфæлдыстадыл.

Пушкины номарæн мадзалы архайдтой Дзæуджыхъæуы 5-æм гимназы ахуырдзаутæ, уырыссаг æхсæнадон- культурон организаци «Русь»-æй Юрий Бессонов, РЦИ- Аланийы Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг Скъодтаты Эльбрус, РЦИ-Аланийы культурæйы министры хæдивæг Дудайты Чермен, нæ республикæйы национ гвардийы 49-æм бригады æфсæддон оркестр, йæ разамонæг майор Алексей Крылатов æмæ оркестры солисттæ: Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг Остъаты Татьянæ æмæ Цæцæны Республикæйы сгуыхт артист Роман Савченко.

Уырыссаг æхсæнадон- культурон организаци «Русь»-æй Юрий Бессонов мадзалы архайджытæн радзырдта, абоны онг дæр Александр Пушкины сфæлдыстадæн æхсæна- дон царды стыр ахадындзинад кæй ис, уый фæдыл.

— Пушкины райгуырæн бон нæ бæстæйы бæрæгбæтты ‘хсæн æппæты ахсджиагдæр у. Уымæн æмæ поэт у нырыккон уырыссаг æвзаджы бындурæвæрæг. Пушкины сфæлдыстадыл схъомыл сты бирæ зындгонд фысджытæ. Æмæ бирæ классикты сфæлдыстады фенæн ис дуэлы æвирхъау фæстиуджытæ. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм Хетæгкаты Къостайы поэмæ «Фатимæ»-йы Дзамболат æмæ Ибрагимы быцæу. Æмæ ахæм цаутæ суанг дунейы классикты сфæлдыстады дæр ис. Ома, æз уый зæгъын, æмæ Александр Пушкины зонынц æмæ кæсынц зæххы къорийы алы адæмтæ дæр, — загъта Юрий Бессонов.

Номарæн митинджы раныхас кодтой Скъодтаты Эльбрус æмæ Дудайты Чермен дæр. Национ гвардийы æфсæддон оркестры солисттæ азарыдысты зарджытæ: «Это ты Россия», «Березы». Дзæуджыхъæуы Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледжы баянистты къорд та акодта Пушкины иллюстрацигонд уацмыс «Метель»-æй, «Тройка», зæгъгæ, скъуыддзаг.

Уый фæстæ мадзалы архайджытæ иууылдæр поэты цыртдзæвæны раз сæвæрдтой дидинджытæ.

САУТÆТЫ Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here