«Æнæ арæнтæй»

0
630

Амæй размæ куыд хъусын кодтам, афтæмæй 1-5 июны Республикæйы сывæллæтты реабилитацион центр «Тæмисчъы» цыд Цæгат Кавказы дыккаг фæсивæдон-ахуырадон форум «Æнæ арæнтæй» («Без границ»). Форуммæ Цæгат Ирыстонæй æмæ сыхаг республикæтæй чи æрбацыд, уыцы низæфхæрд æрыгон чызджытæ æмæ лæппутæн фондз боны дæргъы профес- сионалон эксперттæ кастысты ахуырадон лек- цитæ, кодтой сын алыхуызон хиирхæфсæн мадзæлттæ.

Фыццаг бон форум байгом кæныны мадзæлттæм архайджытæ æмæ бархи- онты фарсмæ æрбалæууыдысты æмæ сæ арфæйы ныхæстæ загътой нæ республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министр Хъесаты Игорь, нæ республикæйы Сæргълæууæджы æххуысгæнæг Таучелаты Константин æмæ æндæр ведомствоты минæвæрттæ.

Мадзал гом кæнгæйæ Хъесаты Игорь загъта:

— «Ныр нын дыккаг хатт ис фадат нæ реабилитацион центрмæ æрбамбырд кæнын ахæм зæрдæргъæвд æмæ цардбæллон фæсивæд. Мæ зæрдæ дарын, æмæ хæрзаудæн фонд «Быть добру»-имæ цы куыст райдыдтам, уый дарддæр дæр кæй хæццæ кæндзыстæм. Фарон нæ размæ цы хæстæ сæвæрдтам, уыдон иууылдæр æххæстгонд æрцыдысты. Республикон форум ссис федералон. Уый та у иттæг хорз, уымæн æмæ мах ныфсхаст фæндтæ арынц бынат сыхаг республикæты дæр. Уæлдай æхсызгон та уый у, æмæ ацы æппæт хъуыддæгтæ кæй цæуынц нæ республикæйы фæсивæдæй… Æгайтма сæ бон у размæ уæндон къахдзæфтæ кæнын. Бантысæд сын.

Хъесайы-фырт форумы архайы дыккаг хатт, æмæ йын йæ куыст биноныгæй зоны. Йæ хъус дары алы фезмæлдмæ дæр. Æппынæдзух фæсивæды фæфæрсы куыст куыд цæуы, уымæй, æмæ цы цæлхдуртæ æвзæры сæ размæ. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт мадзæлттæ дæр кæны уымæн, цæмæй куыст иунæг уысм дæр ма къуылымпы кæна.

Таучелаты Константин та дзы уыд фыццаг хатт. Уый загъта:

— Абон æз ам фæсивæды ‘хсæн кæрæдзимæ цы ахастытæ федтон, уыдонæн аргъ нæй. Сæ кæрæдзийæ æппындæр нæ хицæн кæнынц. Сæ æнувыддзинад сæ уыйас разæнгард кæны, æмæ иунæг бакастæй дæр æмбарынц сæ кæрæдзи. Ам цы гыццыл рæстæг арвыстон семæ, уый фæлгæты иуæй дæр нæ фехъуыстон, цæмæй сæ иу иннæйы схона «инвалид» кæнæ «рынчын». Уый та, фыццаджыдæр, дзурæг у ууыл, æмæ форум чи сарæзта, уыдон кæй сты стыр уарзæгой зæрдæты хицæуттæ. Ахæмты та мæ бон фидарæй æмæ уæндонæй схонын у нæ Ирыстоны рухс фидæн, нæ ныфс. Сæ хæрзаудæн куыст хъуамæ дæнцæг уа æрмæст æрыгæттæн нæ, фæлæ бирæ хистæртæн дæр.

Форумы фыццаг бон кæд йæ архайджытæ сæхи уæгъдибар дардтой, кæрæдзиимæ зонгæ кодтой, уæд сын дыккаг бон ахæм фадат нал уыд. Уымæн æмæ сын кæсын райдыдтой ахуырадон лекцитæ. Фæсаходæн семæ ныхас кодтой ЦИПУ-йы инклюзивон ахуырады кафедрæйы сæргълæууæг Рæмонты Аленæ æмæ æхсæнадон архайæг Такъæты Сослан. Адон сын радзырдтой, куыд хъуамæ цæуа иумæйаг куыст, цæмæй кæрæдзи æмбарой æмæ сын фæстæдæр цы лекцитæ кæсдзысты, уыдон дзæгъæлы ма фæуой, фæлæ сæ сæ бон бауа хъæугæ хатдзæгтæ скæнын. Уый фæстæ сын Самарæйы фæсивæды регио- налон æхсæнадон организаци «Хæрзаудджыты инклюзивон клуб»-ы директор Алексей Транцев радзырдта, низæфхæрд фæсивæды куыд кæнын хъæуы алыхуызон проекттæ, цæмæй уый фæстæ царды сæндидзой. Фæлæ йын, йæ ныхæстæм гæсгæ, уый æппæты стырдæр цæлхдур нæу, цæмæй куса æмæ адæмæн пайда хæсса.

Алексеимæ форуммæ ссыд сæ инклюзивон клубы бындурæвæрæг, журналист Сергей Круглов. Ацы дыууæ адæймаджы фæсивæдæн инклюзивон проекты тыххæй лекцитæ куы бакастысты, уæд сæ фæхуыдтой, низæфхæрд фæсивæдæн фæстаг азты уарзон чи сси, уыцы форум «Иволга»-йы архайынмæ.

Дыккаг боны лекцитæ каст куы фесты, уæд фæсивæдимæ фембæлынмæ æмæ сын арфæ ракæнынмæ æрцыдысты нæ республикæйы пысылмæтты муфти Гуæцæлты Хадзымурат æмæ чырыстон аргъуаны динамонæг иерей Хестанты Дмитри.

Уыцы бон фæсивæды цардмæ тынг сразæнгард кодтой паратхеквандойæ дунейы чемпион Гæззаты Спартак æмæ спорты ацы хуызы Европæйы чемпион Виталий Назаренко. Куыд фарон, афтæ сын ацы аз дæр зæрдиагæй радзырдтой, цæмæй низæй æфхæрд чи у, уыдон æппындæр мацæмæй тæрсой, сæхи иннæтæй дæлдæр ма æвæрой, фæлæ тырной размæ æнтыстытæм!

Изæрæй сæ лекцитæ каст куы фесты, уæд форумы архайджытæн нæ республикæйы спортивон скъола «Стимул»-ы разамонæг Гаглойты Валерийы фæрцы сæ бон уыд сæхи аирхæфсын алыхуызон хъæзтыты.

Æртыккаг бон фæсивæдæн фембæлд уыд Андрей Клугловимæ. Уый сын радзырдта, дзыллон хабархæссæг фæрæзты фæрцы сæ проекттæн куыд ис спонсортæ ссарæн. Уæрæсейы Президенты гранты фонды эсперт Еленæ Козак та сын бацамыдта, куыд растдæр уыдзæн проект скæнын, æмæ сын ЦИППИ-йы ректоры хæдивæг Анжеликæ Вареницаимæ бакаст, низæфхæрд фæсивæд сæхи иннæтæй цæмæй ма хицæн кæной, уый тыххæй лекци.

Цыппæрæм бон форумы архайджытæн рауад, иннæ бонтимæ абаргæйæ, æппæты дзаджджындæр. Райсомы аходæны фæстæ алкæй дæр хъуыд радзурын, цы проект хъуамæ скодтаид, уый тыххæй. Хъуамæ йæ радзырдтаид афтæ, цæмæй йæм цы экперттæ хъуыстой, уыдон баууæндыдаиккой йæ ахсджиагдзинадыл. Æмæ сын бантыст. Æппæт куыстытæй сæйраг эксперт фæбæрæг кодта 10 куысты æмæ сын загъта, цæмæй сыл ноджы бæстондæр бакусой æмæ йæм сæ барвитой.

Форумы архайджытæ фæссихор фембæлдысты нæ республикæйы иуæй-иу кусæндæтты æмæ ведомствоты æмæ политикон партиты разамонджытимæ. Уырыссаг театры артисттæ та сын равдыстой, сахат æмæ æрдæг чи цыд, ахæм спектакль.

Изæры форумы æппæт архайджытæм дæр æнхъæлмæ каст зæрдылдарæн изæр — зарджытæ, кафджытæ æмæ арты фарсмæ фембæлд.

«Ирыстонмæ мæ рагæй дæр тынг фæндын, фæлæ мын- иу æфсон нæ уыд. Ныр æрцыдтæн форумы архайынмæ. Раст зæгъгæйæ, æнхъæлдтон, исты хуымæтæг хиæппæлæн форум уыдзæн. Фæлæ афтæ нæу. Алцыдæр дзы конд уыд ахæм бæрзонд æмвæзадыл, æмæ сыл дис кодтон. Цæимæ йæ абарон, уый мын ис. Вæййын бирæ æндæр форумты дæр. Ирыстон хъуамæ сæрыстыр уа, ахæм кæстæртæ сæм кæй ис, уымæй. Чи зоны, æмæ ацы форум йæ саразджытæм хуымæтæг кæсы, фæлæ, цы хъуыддаг скодтой, уый у стыр аргъы аккаг. Абоны царды Кавказы фæсивæд хъуамæ кæрæдзиуыл æнгом хæцой, уæлдайдæр та, низ кæй бафхæрдта, ахæмтæ», — загъта форумы архайæг Дагестанæй, йæ къæхтæ кæмæн нæ кусынц æмæ коляскæйы чи бады, ахæм адæмы физкультурон-спортивон клуб «Скала»-йы президент Карим Шахсаидов.

КАСАТЫ Аслæнбег

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here