Олгинскæйы театр та базмæлыд

0
493

Олгинскæйы хъæубæстæ театралон аивадимæ баст у XIX æнусы кæронæй фæстæмæ.

Ам 1904 азы ирон фыццаг профессионалон актер, Ирон театры бындурæвæрджытæй иу — Тотраты Бесæ фæсивæды къордимæ сæвæрдта Брытъиаты Елбыздыхъойы дыууæ пьесæйы: «Худинаджы бæсты — мæлæт» æмæ «Уæрæседзау». Спектакльтæ æвдыстой Карсанаты Газийы сарайы. Æхсæрдæсаздзыд, фидæны фыццаг сылгоймаг-драматург Кочысаты Розæ уыцы спектакльтæ куы федта, уæд æм хардзау æркаст, сылгоймæгтæ дзы кæй нæ архайы, уый. Бавдæлд æмæ ныффыста дыууæактон комеди «Гæды лæг, кæнæ Нæ пъырыстыф сæрра». Сарæзта сылгоймæгты драмон къорд æмæ бавдæлдысты спектакль цæттæ кæнынмæ. Нæлгоймæгты рольты дæр дзы архайдтой сылгоймæгтæ. Репетицитæ кодтой Æлдаттаты Татинайы сарайы.

Афтæ 1905 азы Ирыстоны фæзынд адæмон театр. Бирæ рæстæг рацыд уæдæй нырмæ. Ирыстоны алы хъæуты драмон къордтæ кодтой фылдæрæй-фылдæр, фæзынд нæм профессионалон театртæ, фæлæ хъæуты аивадуарзджытæ уæддæр сæ театралон арæхстдзинад архайынц хъæууон клубты æвдисыныл. Советон рæстæг хуыздæр драмон къордтæн лæвæрдтой адæмон театры ном. Олгинскæйы драмон къордæн дæр 1964 азы лæвæрд æрцыд адæмон театры кадджын ном. Алы азты ацы драмон къордæн разамынд лæвæрдтой Хуырымты Уырызмæг, Бекъойты Розæ, Мæзлуаты Хъазыбег, Томайты Хъазыбег, Кочысаты Регинæ.

1986 азы драмон къорды адæмон театры ном хъуыдис ногæй бахъахъхъæнын. Уыцы рæстæг ын разамынд лæвæрдта Теместы Умар. Хæд- ахуыр артисттимæ иу азмæ Умар сæвæрдта цалдæр спектаклы, уыдонимæ Магкæты Арсены «Æгæр цæхджын дойны кæны», Мамсыраты Дæбейы «Æфхæрдты Хæсанæ», Темыраты Дауыты «Мухтар», Хæмыцаты Цæрайы «Уарзæтты кадæг».

Адæмон театрæн радтой сæ хъæуккаг фыццаг профессионалон актер, режиссер, Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг Тотраты Бесæйы ном.

Олгинскæйы адæмон театры архайджыты дæсныдзинадимæ базонгæ сты республикæйы хъæуты бирæ аивадуарзджытæ. Фæлæ сæм Кочысаты Регинæйы фæстæ иу азы бæрц фæзынд къуылымпытæ. Иуæй Культурæйы хæдзары зымæгон хъармгæнæнтæ нал куыстой, иннæмæй — сæ режиссер ацыд.

Культурæйы хæдзары директор Алыккаты Ларисæ Беслæны Культурæйы хæдзары уæды директор Скъаты Маратæн йæ сагъæстæ куы радзырдта режиссеры тыххæй, уæд ын уый йæ хъуыды загъта республикæйы сгуыхт артист, Ирон драмон театры актер Бæцæзаты Индирæимæ баныхас кæнын æмæ Олгинскæйы театр ногæй базмæлыд.

Хæрзцыбыр рæстæгмæ адæмон театры артисттæ Бæцæзаты Индирæйы разамындæй бацæттæ кодтой Айларты Асæхмæты комеди «Ханты цагъд». Индирæйæн йæ бон баци хæдахуыр артисттæ Кочысаты Сослан, Суджаты Тамилæ, Мамыхъаты Фатимæ, Алыккаты Ларисæ æмæ Дзулаты Зæлинæ- имæ сценæйы комедийы фæрæзтæй дæсны спайда кæнгæйæ, авторы хъуыды театрдзаутæм фæхæццæ кæнын. Режиссер-æвæрæг ссардта фæндаг алы хæдахуыр артисты миддунемæ дæр æмæ сæ ракодта иу фæндагмæ, авторы хъуыды арфæй æмæ ирдæй равдисынмæ. Индирæйæн кæд йæ фыццаг режиссерон фæлварæн уыд, уæддæр рауад тынг хорз. Уымæн та æвдисæн уыдысты спектаклы рæстæг театрдзаутæ æмæ артистты ‘хсæн райдайæнæй кæронмæ цы фидар бастдзинæдтæ уыд æмæ сæ театрдзаутæ тыхджын къухæмдзæдæй кæй фидар кодтой, уыдон. Уæдæ адæмон театрты æркасты къамисы сæрдар, республикæйы Адæмон сфæлдыстады хæдзары директор Цæриаты Валери, къамисы иннæ уæнгтæ Битарты Маринæ, Абайты Азæ æмæ Цориты Мæдинæ дæр стыр аргъ кæй скодтой Олгинскæйы хæдахуыр артистты архайдæн, режиссер-æвæрæг Бæцæзаты Индирæйы куыстæн, ууыл дзурæг у адæмон театры ном бахъахъхъæныны тыххæй сын зæрдиаг арфæтæ кæй фæкодтой, уый дæр. Къуырийы фæстæ та хæдахуыр артисттæ сæ арæхстдзинад æвдыстой хъæуы цæрджытæн. Спектакль фенынмæ сæрмагондæй æрцыд республикæйы культурæйы министр Милдзыхты Руслан. Уый дæр разыйæ баззад режиссер æмæ артистты архайдæй. Зæрдæ бавæрдта Культурæйы хæдзары цалцæгмæ фылдæр æргом аздахынæй.

 

КАСАТЫ Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here