Уæрæсейы боны кадæн

0
557

 

Хицауады хæрзиуджытæ

Уæрæсейы боны кадæн нæ республикæйы бирæ кадджын æмæ цымыдисаг мадзæлттæ ацыд.

Куыд алы аз, афтæ ныр дæр паддзахадон æмæ республикон хæрзиуджытæй хорзæхджынгонд æрцыдысты канд Ирыстоны нæ, фæлæ нæ бæстæйы кад бæрзонддæр сисыныл чи архайы, намысджын фæллойы сæ рæсугъд хъуыддæгтæ бæрæг кæмæн дарынц, уыцы адæймæгтæ. Æмæ, кæд хæрзиуæг лæггæнæг нæу, уæддæр алкæмæндæр æхсызгон у æрхъуыдыдзинад. Уæлдай æхсызгондæр та хæрзиуæг нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы зæрдиаг арфæтимæ райсын.

— Ахæм цытджын бæрæгбон мæнæн тынг æхсызгон у, канд республикон нæ, фæлæ нæ бæстæйы Президенты хæрзиуджытæ радтын ме ‘мбæстæгтæн. Президенты хæрзиуæг сæрыстыр- дзинад æфтауы Ирыстоны кадыл. Дарддæр дæр нæ хъус дардзыстæм, сыгъдæг æмæ рæстудæй чи фæллой кæны куыстуæтты алы къабæзты, уыцы раззагдæрты размæ кæныныл. Уымæй уæлдай ма уын хъусын кæнын æхсызгон хабар. Ацы аз сног кæндзыстæм «Ирыстоны Фæллойы Хъæбатыры» ном. Ацы хæрзиуæг лæвæрд кæмæн цæуа, уыдонæн-иу уыдзæн уæлæмхасæн фиддонтæ, æфтыд цæудзæн сæ пенситæм дæр, абон та зæрдиагæй сæххæст кæндзынæн бæрæгбоны сæйраг хæс, — загъта Битарты Вячеслав.

Уæрæсейы Федерацийы Президенты Указмæ гæсгæ фыдыбæстаг культурæ æмæ аивады бирæ азты намысджын фæллойы тыххæй «За заслуги перед отечеством» Ордены II къæпхæны майданæй хорзæхджынгонд æрцыд Дзæуджыхъæуы, Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг академион театры артисткæ Наталья Уварова; Уæрæсейы Федерацийы «Культурæйы сгуыхт кусæджы» ном лæвæрд æрцыд, РЦИ-Аланийы Национ наукон библиоте- кæйы директор Хайманты Иринæйæн. Уæрæсейы Федерацийы Президенты Кады гæххæтт та райстой Уæрæсейы спорты сгуыхт мастер Хуыгаты Хъазыбег æмæ РЦИ-Аланийы фæсивæды комитеты инновацион политикæйы хайады консультант Абайты Аленæ.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указмæ гæсгæ, кадджын ном «РЦИ-Аланийы наукæты сгуыхт архайæг» лæвæрд æрцыд Цæгат Кавказы технологион университеты кафедрæйы сæргълæууæг Кокойты Луизæйæн æмæ Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл университеты фæсарæйнаг æвзæгты факультеты профессор Татьянæ Тамерьянæн.

«РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæг» сси Рахизфарсы районы Санайы-фырты номыл колхозы сæйраг бухгалтер Санаты Жаннæ, нæ республикæйы Сæргълæууæджы Кады гæххæтт та райста газет «Терские ведомости»-йы литературон кусæг, журналист Тамарæ Бунтури.

“Ирыстоны кад бæрзæндты чи хаста, уыцы хистæр фæлтæры фæзмут”

Битарты Вячеслав фембæлд нæ республикæйы æвзонг фæсивæдимæ, ахуыры, алыхуызон конкурстæ æмæ олимпиадæты æнтыстдзинæдтæ ныридæгæн йæ къухы кæмæн бафтыд, уыцы 14-аздзыд скъоладзаутимæ.

Фыццаг хатт сын сæ къухтæм Уæрæсейы гражданины паспорттæ алкæмæндæр радта Битарты Вячеслав. Сывæллæтты рухс цæсгæмттыл циндзинады тынтæ хъазыдысты. Нæ республикæйы Сæргълæууæг сын рæсугъд арфæтæ ракодта æмæ сын фæдзæхста, Уæрæсейы гражданин суæвын æнцон у, фæлæ йыл бирæ хæстæ æвæрд кæй ис, уый тыххæй.

— Уæрæсейы гражданины паспортимæ уæм бирæ бартæ хауы, фæлæ бæрнондзинад та ноджы фылдæр домы. Уæ алы къахдзæф, алы хъуыддаг дæр барст цæуынц æхсæнады æмæ уæ уый рох ма уæд. Ирыстоны кад бæрзæндты чи хаста, уыцы хистæр фæлтæры фæзмут æмæ уæ рауайдзæн хорз фæлтæр, — загъта Битары-фырт. Паспорттæ уыдысты цармæй конд цъæртты мидæг. Уыцы цъæрттæ сæхи къухтæй аразынц, фæсивæдон форум «Машук»-ы йæхи проектимæ чи архайдта, ахæм фæсивæд. Уæд райдыдтой сæ хъуыддагыл кусын æмæ абон æнтыстджынæй архайынц сæ гæнæнтæ æмæ фадæттæй пайда кæныныл.

Æргом ныхас журналисттимæ

Битарты Вячеслав сæрмагонд пресс-конференцийы рæстæг журналисттæн радзырдта, æрæджы Мæскуыйы кусæг балцы уæвгæйæ, нæ бæстæйы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведевимæ цы фарстатыл ныхас кодтой, уыдоны фæдыл.

— Æрвылазон фембæлдтыты Цæгат Кавказы æппæт субъектты сæргълæуджытæ дзуаппон док- ладтæ скæнынц сæ регионты социалон-экономикон царды уавæрты тыххæй, куыд æххæстгонд цæ- уынц федералон нысанмæарæзт проекттæ æмæ программæтæ. Мах, ивгъуыд 2017 азы сæххæст кодтам уыцы хæстæ афоныл. Уыдонмæ хаст цæуынц, кæлæддзаг хæдзæрттæй ног бæстыхæйттæм раивыны проект. Ног скъолатæ, сывæллæтты рæвдауæндæттæ æмæ Культурæйы галуанты арæзтæдтæ, социалон сферæйы иннæ объекттæ. Социалон-экономикон рæзты фарстатыл биноныг ныхасы фæстæ мæ Дмитрий Медведев бафарста, цавæр æххуыс хъæуы ацы аз республикæйы?

Бирæ лыггæнинаг фарстатæ нæм ис, нæхи хъарутæй саразын нæ бон кæмæн нæу, ахæмтæ. Уыдонæй иу, стадион «Спартачы» реконструкци. Трибунæтæ цы уысм ныккæлдзысты, уый бæрæг нæй. Стадион историон объект у æмæ нын йæ фесафыны бар нæу. Цыдис ма ныхас, нæ республикæйы сæрмагонд программæйы нысантыл, социалон сферæйы ног арæзтад чи домы, реконструкцигæнинаг чи у, ахæм 58 объектыл дæр. Уыдон сты поликлиникæтæ, сывæллæтты рæвдауæндæттæ, амбулаторитæ. Фæлæ æхца дихгонд не ‘рцыд æмæ уымæ гæсгæ фæкъуылымпы стæм иучысыл. Фембæлды æз ногæй систон ацы фарста.

УФ-йы Хицауады Сæрдар бафыста иу миллиард сомы æхца ацы аз нæ республикæйæн радих кæныны фæдыл. Æрыдоны рынчындоны реконструкцийæн 300 милуан сомы, Мæздæджы поликлиникæйы реконструкцийæн бахъæудзæн — 100 милуан сомы. Уымæй уæлдай Тарскæ æмæ Сунжæйы арæзт æрцæудзысты амбулаторитæ, Мæздæджы та сывæллæтты рæвдауæндон. Ныхас кодтам, нæ республикæйы сывæллæтты тарнизы диспансер саразыны фарстайыл дæр. Ацы аз кæронмæ арæзт фæуыдзæн Тарнизы рынчындон поселок Хуссайраджы. Фидæны 2019 азы та райдайдзыстæм аразын тарниз дзæбæхгæнæн сывæллæтты диспансер. Цæттæ кæнæм проект.

Проект «Мамысон» кæронмæ ахæццæ кæныныл дæр æнæмæнг ныхас кодтам. Инвесторы æргом ацы хъуыддагмæ æрбаздахын нын ахсджиаг у, цæмæй туризм нæ республикæйы райрæзын кæнæм æмæ афтæмæй бюджетмæ æхцайы æфтиæгтæ цæуой, — загъта Битарты Вячеслав.

САУТÆТЫ Тамилæ

Къам систа ЦÆГÆРАТЫ Дауыт

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here